Æфсымæры тугисæг

Æфсымæры тугисæг

Бирæ историон хабæрттæ баззад Уырыссаг-япойнаг хæстæй ирон адæмы хъæбатырдзинады фæдыл. Императорон æфсады ирæтты службæйы тыххæй цы архивон æрмæджытæ ис, уыдонæй иу у Гаматы дыууæ æфсымæры Дзахо æмæ Самæзайы хабар, ныффыста йæ хæстон уацхæссæг Козлов.

Гаматы дыууæ æфсымæрæй сæ иу – Дзахо фæмард размæбырсты рæстæджы. Хъуыддаг уыд афтæ: корейаг сахар Анжумæ куы ныббырстой, уæд сахары разынд япойнæгтæ æмæ уырыссаг хæстонты фæкодтой нæмгуыты ихуарды бын. Хæстонтæн сæ командæгæнæг Бодров бардзырд радта, цæмæй æд бæхтæ сæхи бафæсфæд кæной. Дыккаг хатт сыл куы нызгъæлстой, уæд командир мæлæтдзаг цæф фæцис, фæлæ ма йæ бон бацис, дарддæр куыд кæной, уый тыххæй бардзырд радтын.

Хæстонтæ сæ бæхты бафснайдтой æмæ иууылдæр дæлгоммæ ныххуыссыдысты зæххыл. Чидæриддæр йæ сæрыл схæцыдаид, ууыл уадидæгæн йæ дуне аталынг уыдаид. Ахæм уавæры хъуамæ уыдаиккой æмбисæхсæвмæ. Гаматы Дзахо дæлгоммæ хуыссыд паддзахы хъæбатыр æфсады инæлар Линевичы фырты фарсмæ æмæ кæрæдзийæн æмбарын кодтой, корейаджы кæнæ япойнаджы сæр кæцæй зыны… Инæлары лæппу дзуры Гамайы фыртæн: «Æз хъавын уартæ уымæ, ды та цæв уартæ иннæйы». Гамайы фырт не хсы, йæ сæр зæххмæ æруагъта æмæ хуыссы æнæзмæлгæйæ. Линевич æм лæмбынæг куы ркаст, уæд федта, Дзахойæн йæ къæмисæнæй туг куыд лæдæрст, уый…

Изæры дыууæ ныхмæлæууæг фарсы æмразыдзинадмæ гæсгæ бавнæлдтой мæрдты бабæстон кæнынмæ.. Самæза йе фсымæры мæлæт куы базыдта, уæд райдыдта бирæгъау ниуын. Уыцы ниуын æхсæвы тары афтæ тæссагæй хъуыст æмæ йе мхæстонтæ бандзыг сты, ницыуал сæ æндæвта, ницыуал сæм зынд уартæ сæхицæй фалдæр япойнæгтæ рухсгæнæнты рухсмæ сæ мæрдты æмæ цæфты куыд агурынц, уымæй дарддæр. Иу дыууæ сахаты барц афтæ фæниудта Гаматы кæстæр æфсымæр, стæй йæ хъама кæрддзæмæй сласта, æндæр ницы хæцæнгарз айста йæ къухы, афтæмæй æхсæвы тары аныгъуылд.

Йе мхæстонтæм фæзынд æрмæстдæр бонырдæм, сæрæй къæхтæм тугамæхстæй, афтæмæй æмæ загъта: «Ме фсымæры туг райстон, йæ сæрмæ дзы дыууадæсы амардтон».

Уыцы хабар афтæ тынг бандæвта уырыссаг æфсады хæстонтыл æмæ Дзахойы бавæрдтой хицæн ингæны.

Анахарсисы куырыхон ныхæстæй

Анахарсис скифтæ æмæ грекæгты кæрæдзийыл баргæйæ афтæ загъта:

«Скифтæ грекæгтæй цæрынц хуыздæр, уымæн æмæ скифтæн алцы дæр у иумæйаг, кæмæн цы ис, уый фагыл нымайы, ничи никæмæ хæлæг кæны. Сымахæн, та, грекæгтæ, æгæрыстæмæй уæ хуыцæуттæ дæр дуне кæридзыийл дих кæнынæй райдыдтой: иуæн – арв, иннæмæн – денджыз, æртыккагæн дæлзæхы паддзахад. Фæлæ уыдон дæр зæхх нæ ныдихтæ кодтой,: сымах æй уæхæдæг ныдихтæ кодтат æмæ уый тыххæй тох кæнут æнусты дæргъы».

Грекæгтæ худтысты скъифтыл, сымахæн, дам, хæдзæрттæ дæр нæй, æрмæстдæр цатыртæ; афтæмæй куыд ис гæнæн хæдзары фæткыл дзурæн, уæлдайдæр та – паддзахады!.. Анахарсис сын дзуапп радта:

«Æмæ хæдзар æрмæстдæр къултæ сты? Хæдзар – уый у адæм; æмæ уыдон хуыздæр кæм цæрынц, уый тыххæй нæ бон у быцæу кæнын дæр».

Грекæгты царды Анахарсис æппæтæй тынгдæр йæ хъус дардта денджызты цæуын æмæ æгæр нозтдзуан кæныны тасдзинад. Цæмæй адæймаг нозтуарзаг ма суа, уый тыххæй цы хъæуы, зæгъгæ, Анахарсисы куы бафарстой, уæд дзуапп радта:

 «Дæ цæстытыл æдзух уайын кæн расыг лæджы йе нагъæттаг митимæ, арæхдæр кæс расыг адæммæ».

Райгуырæн бæстæ ирон æмбисæндты

*Лæг хъуамæ йæхи уæзæгыл райгуыра æмæ йæ фæстаджы бон йæхи уæзæгыл бавæрой

*Нарт-иу, сæхи уæзæгыл чи нæ райгуырд, уый сæхицæй нæ хуыдтой

*Лæгæн йæ цæрæн Мысыры сыджыты ад кæны

*Æцæгæлонæй Аллон-биллоны тæф цæуы

*Йæ райгуырæн бæсты чи нæ цæры, уый царды ад нæ зоны

*Фыдыбæстæ ныййарæг мадау адджын хъуамæ уа

*Лæгæн дунейыл адджындæрæн цы баззайы: мад, хæдзар, райгуырæн бæстæ

*Райгуырæн бæстæн йе ’взæр дæр адджын у

*Уызын дæр йæхи къудзийы бынмæ лидзы

*Хи хуыггомы мыст дæр хъæбатыр у

*Алы сæтæлæг дæр йæхи цъассы лæзæры

*Райгуырæн бæстæ – мад, фыдау, искæй бæстæ – фыды фыртау

*Дæ цард дæ цæсты куы сæгад уа, уæд-иу æндæр бæстыл азил

*Æнахуыр бæсты æлдарæй дæр зын цæрæн у

*Искæй уæзæгыл мæ хуыцау æхсин дæр ма скæнæд!

*Мæ цырагъ кæйдæр бæсты басыгъд, мæ нæзы ма нæхи бæстæм схастон

*Дард бæлццон йæ райгуырæн бæстæм куы ’рыфты, уæд ног райгуырæгау вæййы

*Лæгæн йæ равзæрд цы зæххыл æрцыд, йæ мæлæт дæр уым хъуамæ æрцæуа

ХЪÆЛДЗÆГ ХАБÆРТТÆ

Хъæлдзæг хабæрттæ

Давæджы хъысмæт

Иу мæгуыр лæг давджыты цардмæ бабæллыд æмæ йæ исбон иууылдæр ауæй кодта. Балхæдта йæхицæн саргъ, бæх, топп æмæ араст къæрныхтимæ искæмæй исты байсынмæ.

Æмбисæхсæв иу хæдзармæ бацыдысты æмæ сæ хæдзары хицау топпæй рагæрах кодта. Нæмыг ног давæджы сæрыл сæмбæлд, йе мбæлттæ йæм фæлæбурдтой æмæ йæ хъæугæронмæ хæр-хæргæнгæ аластой. Сæ иу ын йæ цæфы бынаты йе нгуылдз атъыста æмæ фæрсы иннæты:

– Цымæ йын йæ магъз бахъыгдардтаид, йæ магъз?..

Уæд æм цæф лæг йæ удисгæ дзуры:

– Нæ, уым магъз куы уыдаид, уæд мæ быны-бындуртæ нæ ныууæй кодтаин æмæ æмбисæхсæв мæнæ ам, кæйдæр хъæугæрон куыдзы мард нæ кæнин…

Сасиргур

Иу сылгоймаг йæ сыхæгтæм сасиргур бауад. Фысымты зæронд лæг даргъ бандоныл хуыссыди æмæ цæмæй сылгоймаг ма фефсæрмы уа, уый тыххæй къулырдæм азылд æмæ фынæйæфсон скодта. Æфсин сыхæгты сылгоймагмæ сасир куы радта, уæд ын афтæ зæгъы:

– Иу арахъ нæм аназ.

– Нæ. Нæ мæ æвдæлы… Цæй, уæд та йæ æри…

Дыккаг хатт æм куы бахатыд, уæд дæр – афтæ…

Афтæмæй дзы «нæ мæ æвдæлы, нæ мæ æвдæлы» кæнгæ иу-фондз анызта.

Зæронд лæг сфæлмæцыд фынæйæфсон кæнынæй, фæсæррæт ласта æмæ уазæгмæ дзуры:

– Хорз ус, уагæры ма дæ æвдæлгæ куы кодтаид, уæд дзы цал анызтаис?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.