ДЗЮДО

Хуссарирыстойнаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ дарддæр дæр  рухс кæны ирон спортуарзджыты зæрдæтæ. Уæрæсейы фæсивæды сæрдыгон Спартакиадæ рамбулыны фæстæ бæстæйы æмбырдгонд командæйы сконды атахт Италимæ. Уым та йын бантыст фæсивæды ‘хсæн Европæйы Кубокы уæлахиздзау суæвын. Ерыстæ уагъд цыдысты горæт Удинейы рог атлетикæйы аренæ «Ovidio Bernes»-ы. Ерысты хайад райстой 32 бæстæйæ 353 спортсмены. Аланæ та архайдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы. Уымæн та бантыст радон реванш райсын. Кæд Уæрæсейы Спартакиадайы фæуæлахиз Свердловскы минæвар Ольга Михеевайыл, уæд ныр та реванш райста Италийы минæвар Тавано Асяйæ. Уымæн Аланæ июлы мæйы фæхæрд фæсивæды ‘хсæн Европæйы чемпионаты. Ныр Европæйы Кубокы фембæлдысты финалон тохы. Ирон спортсменкæ татамимæ рахызт æрмæстдæр рамбулыны хъуыдыимæ. Æмæ йын бантыст йæ ныхмæлæууæджы рамбулын æмæ Европæйы Кубокы уæлахиздзау суæвын.

Аланæйы тренертæ сты Гæбæраты Автандил, Гæбæраты Витали æмæ Тъуриты Тенгиз.

 

ÆМХÆЦЦÆ ÆМБУАРХÆСТ

Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы рауагъдон Болататы Вадим ссис æмхæццæ æмбуархæстæй Хъыргъызтаны уагъдцæуæг дунеон турниры уæлахиздзау. 67 кг уæзы категорийы архайгæйæ, Вадим фыццаг тохы фæуæлахиз Таджикистаны минæварыл, фæстæдæр тыхджындæр уыд бынæттон спортсменæй æмæ финалы та рамбылдта казахстайнаг спортсмены.

 

СХОРЗÆХДЖЫН СÆ КÆНДЗЫСТЫ ÆХЦАЙЫ ПРЕМИТÆЙ

Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы уæнгтæй Олимпион хъæзтыты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ чи систы, уыдонæн УФ-йы спорты министрад бафиддзæн бафыстытæ. Уæлахиздзауæн лæвæрд æрцæудзæн 4 милуан сомы. Дыккаг бынат æрцахсæг спортсментæ райсдзысты фæйнæ 2,5 милуан сомы, æмæ бронзæйон призертæн та хицæн æрцæудзæн фæйнæ 1,7 милуан сомы. Æдæппæт 71 майданы тыххæй уæрæсейаг спортсментæ райсдзысты 409,9 милуан сомы. Иууыл фылдæр премитæ лæвæрд æрцæудзысты Виталина Бацарашкина (стрельба) æмæ Евгений Рылов (ленк кæнын). Уыдон дыууæ дæр рамбылдтой фæйнæ дыууæ сыгъзæрин æмæ иу æвзист майданы. Уый тыххæй сæ алкæцы дæр райсдзæн 10,5 милуан сомы.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уæрæсейаг спортсментæ æхцайы премитæ æрмæст Уæрæсейы спорты министрадæй кæй нæ райсдзысты, фæлæ ма цы регионы спортивон кад хъахъхъæнынц, уыдонæй дæр, афтæ ма сæ спорты хуызы федерацитæй. Бирæтæ ма сæ архайынц спортивон æхсæнадты æмæ сын уыдон дæр арæх рахицæн кæнынц æхцайы фæрæзтæ. Спортсментæй ма бирæтæ службæ кæнынц алыгъуызон ведомствоты, зæгъæм, полицийы, росгвардийы, æфсады æмæ афтæ дарддæр. Сæ рады, уыдон дæр  балæггад кæнынц се ‘мслужбæгæнæг олимпионтæн.

Зæгъæм, цæвиттонæн Бацаршкинайы куы сисæм, уæд уый архайы Омскы регионæй. Омскмæ æртæхгæйæ, уымæн губернатор радта 7,5 милуан сомы сертификат. Стæй ма службæ кæны Росгвардийы. Кæд Токиомæ атахт прапорщикы цины, уæд ын Олимпиадæйы рæстæджы лæвæрд æрцыд лейтенанты цин.

Дунейы бæстæтæй сыгъзæрин майданы тыххæй иууыл фылдæр бафидынмæ цæттæ уыдысты Сингапуры. Уым сæ спортсментæн сыгъзæрин майданы тыххæй баныфсæвæрдтой 737 мин доллары. Фæлæ сæ ничи райсдзæн, уымæн æмæ ацы бæстæ иу майдан дæр нæ рамбылдта. Æцæг Сингапур иунæг ахæм бæстæ нæу. Иу хатт дæр пьедесталмæ не схызтысты Олимпиадæйы архайæг 113 бæстæйы минæвæрттæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.