Къостайы æххуыс хæххон адæмæн

Ирон адæмы æхсæн рагæй зындгонд у, Хетæгкаты Къоста Сатихъары хъæуы цæрджыты æлдары «зекъуцийæ» куыд фервæзын кодта, уыцы хабар. Æгæрстæмæй зындгонд сты, Къостамæ Дзæуджыхъæумæ хъæстмæ чи ныццыд, уыцы цалдæр лæджы нæмттæ æмæ мыггæгтæ дæр. Фæлæ ма ис æндæр историон хабар дæр, кæцы бынтон æнгæс у сатихъайрæгты хабаримæ, фæлæ ам Сатихъары кой нæй, стæй Къостамæ æххуысагур ацыдысты бынтон æндæр чидæртæ.

Цæвиттон Хуссар Ирыстоны иу æрыгон лæппу амардта æлдары фырты, йæ ногхаст усæй йын фæхынджылæг кæнынмæ кæй хъавыд, уый тыххæй. Лæппуйы æрцахстой, хъæубæсты фæивар кодтой æртæ мин сомæй, ивары уæлдай ма хъæуы æрбынат кодтой æфсæддонтæ æмæ хъæубæсты цæрджытæй домдтой, цæмæй сын лæгкад кодтаиккой, сæ бæхтæм сын зылдаиккой. Хъæубæстæн сæ бон куы нал уыд, уæд ма сæ сæрæн уый зыдтой, æмæ сфæнд кодтой Къостамæ æххуысагур бахатын. Мамиты Лекса дыууæ лæппуйы арвыста Дзæуджыхъæумæ йæ зонгæ лæг Гуыбаты Къорамæ, цæмæй сæ уый Къостаимæ фембæлын кодтаид. Лæппутыл рæстмæ уæлæдарæс кæй нæ уыд, уый тыххæй æфсæрмы кодтой Къостамæ бацæуын. Уæд сæм Къоста йæхæдæг рацыд æмæ сын афтæ зæгъы, æз дæр, дам, сымахау мæгуыр, хæххон лæппу дæн. Къоста сын сæ хабар куы базыдта, уæд алырдæм фыстæджытæ фыссын райдыдта. Ногусджыны ахæстонæй рауагътой, хъæубæсты ивар фидын нал бахъуыд, æфсад дæр хъæуæй æрвыст æрцыдысты.

 

Болайы уæздандзинад

Уацамонгæ

Бирæ цымыдисаг хабæрттæ баззад зындгонд ирон богал Хъаныхъуаты Болайы тыххæй. Цымыдисаг уый у, æмæ тыхгæнæг тых кæмæн нæ ардта, уыцы уæйыг-лæгæн йæ хъаруйы тыххæй уый бæрц хабæрттæ нæ баззад, йæ хæдæфсармдзинады тыххæй нæм цас хабæрттæ æрхæццæ.

Иухатт хъæдæй уæладзæнтæ сцæйласта. Хæрдвæндагыл галтæй иуæн йæ бон нал уыд, æрлæууыд æмæ размæ къахдзæф нал кодта. Бола галы тæбынгтæй феуæгъд кодта, æфсондзмæ йæ риу фæбыцæу кодта æмæ уæладзæнты иннæ галимæ сластой.

Йæ фыд куы базыдта уыцы хабар, уæд æм схыл кодта йæ «æдылы» миты тыххæй. Бола йын æфсæрмгъуызæй афтæ бакодта:

– Ма мæм хыл кæн, мæ фыд, гал нырма æрыгон у, æвæлтæрд, зын ын уыдис хæрды цæуын. Куы æрлæууыд æмæ мæм уыцы æххуысагур цæстытæй куы æрбакаст, уæд мæ бон нæ баци, ма йын баххуыс кодтаин…

Болайыл уæд 17 азы йедтæмæ нæ цыд. Йæ тыхы кой дардыл айхъуыстис. Алкæй дæр фæндыд йæхи цæстæй фенын, Бола стыр дур кæнæ æндæр исты уæз куы сисид, фæлæ Бола ахæмтыл никуы разы кодта, уымæн æмæ хи вдисын æфсæрмыйагыл нымадта.

 

Хидыхъусы халон

Ацы рагон хабар адæм алыгъуызæтты, æндæр æмæ æндæр хъæутæй  дзурынц, афтæмæй та у æцæг, бæлвырд бынаты – Хидыхъусы чи æрцыд, ахæм хабар.

Касутæ иууыл кадджындæр бæрæгбоныл нымадтой Хидыхъусы цæрджытæ. Къусбар-иу æрæмбырд кодтой æмæ-иу къуыри раздæр бæгæны бахсыстой. Уæд дын иу хатт, куыддæр сæ бæгæны æхсидын райдыдта, афтæ халон цæдджинаджы сæрмæ хъуахъ-хъуахъгæнгæ зилахар систа. Куы нал лæууыд, уæд хидыхъусæгтæ катæйттыл фесты, цыдæр æнамонды хабар хъусдзыстæм, фæлæ цы уыдзæн, зæгъгæ. Сæ бæгæны кæронмæ куы ныффыхт, уæд халон йæхи уырдыгмæ рауагъта æмæ фыцгæ цæдджинаджы смидæг. Бæгæныфыцджытæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ аг афæлдæхтой. Аджы разынд, чи фæфыхт, ахæм калмы стæгдар. Уæдæй фæстæмæ Касутæ хонын райдыдтой ирвæзынгæнæг дзуар.

 

Рагон уырнæнтæ æмæ мæнгуырнæнтæ цуанæтты тыххæй

*Цалынмæ цуанæттæ сырд амарой, уæдмæ цуанмæ цæуыны размæ дæр æмæ цуан кæныны рæстæджы дæр кæрæдзиимæ хъуамæ ныхас кæной, сусæг, æрмæстдæр цуанæттæ кæй æмбарынц, ахæм æвзагыл, кæннод сæм Æфсати фæфыдæх уыдзæн æмæ сæ къухы сырд амарын нæ бафтдзæн.

*Цуаноны сырд кусарт кæнгæ куы баййафай, уæд ын хъуамæ йæ кусартыл хус къæцæлтæ бакалай, æмæ йын арфæ ракæнай – уæд иннæ хатт рæстдзæвиндæр разындзæн.

*Алантæ-иу цуаны цæуынвæнд куы скодтой, уæд-иу сæ рæттыл æрцауыгътой арсы дзæмбытæ кæнæ дæндæгтæ, цæмæй æнæфыдбылыз уыдаиккой.

*Раджы заманы-иу цуанон цуанмæ цæуыны размæ изæр скæнын кодта æртæ чъирийы. Йемæ-иу сæ ахаста æмæ-иу йæ хæтæн бынатмæ куы схæццæ, уæдиу сæ скуывта Æфсатийы номыл, цæмæй йæ цуанамондæй фæхайджын кæна.

*Цуанæттæ цалфæнды ма уой, уæддæр сырд чи амара, æргæвдгæ дæр æй уый хъуамæ акæна.

 

Цæргæс æмæ сырддонцъиу

 

Сырддонцъиу æгæр бæрзонд стахт арвы тыгъдады. Йæ сæр разылд, йæ базыртæ йæ нал баурæдтой æмæ бынмæ хауын райдыдта. Уыцы рæстæджы цæргæс йæхи арвы бæрзæндмæ систа æмæ йæ зæрдæйы дзæбæхæн зилахар кæны. Сырддонцъиу цæргæсы уæлæ æрхауд æмæ йæ базырты æхсæн нынныгъуылд. Цæргæс æм йæ къубал сзылдта æмæ йæ тызмæгæй афарста:

– Ай æмæ цы дæ, ме рагъыл цы аразыс?

– Дæ развæдмæ кæс, науæд дæхи истæуыл скъуырдзынæ æмæ нæ дыууæ дæр бынсæфт фæуыдзыстæм, -дзуапп ын радта сырддонцъиу.

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

КУЫРОЙ – ÆНÆДОН БЫДЫРЫ

Зондаби Æррабийы æнæдон быдыры куырой аразгæ баййæфта. Фæйнæрдæм йæ цæст ахаста æмæ ахъуыды кодта, ам æввæхсты дон куы никуы ис, уæд ацы лæг йæхицæн æнæхъуаджы фыдæбон цæмæн кæны, зæгъгæ, фæлæ йын цы хъуамæ загътаид æмæ йæ фæндаг дарддæр акодта. Æрраби йæм фæстейæ хъæр кæны:

– «Байрай» мын цæуылнæ загътай, Зондаби?..

Зондаби æрлæууыд æмæ йæм дзуры:

– Куыднæ, загътон дын, фæлæ мæ ды доны хъæрæй нæ фехъуыстай…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.