Ныхасы Уастырджи

Ирон адæм ма ныры рæстæджы, уæлдайдæр Ирыстонæн йæ хуссар хайы, фылдæрбæрцæй кувынц æртæ Уастырджимæ: бынаты, къæсæры æмæ фæндаджы. Нæ рагфыдæлтæ та ахсджиагыл нымадтой Ныхасы Уастырджимæ кувын. Сæ нымадмæ гæсгæ фынгыл цыдæриддæр куывдтытæ ис, уыдон сты дзырдтæй, ныхæстæй æмæ уыцы ныхæсты хъуамæ уа фарн æмæ бæркад. Стæй æрмæст кувгæйæ нæ, фæлæ сæ цардуаг, сæ царды хабæрттыл дæр фæуынаффæ кæнынц дзырды, ныхасы фæрцы. Æдзух балцыты, стæрты кæй цыдысты, уымæ гæсгæ кæддæриддæр табу кодтой фæндаджы Уастырджийæн. Ныхасы фарнæн стыр аргъ кæй кодтой, уый тыххæй сæм бæрзонд бынаты æвæрд уыд Ныхасы Уастырджи дæр. Фынджы хистæр-иу æнæмæнг хъуамæ скуывтаид:

«Табу дæхицæн, Ныхасы Уастырджи! Нæ ракуывдты ныхæсты фарн æмæ амонд куыд уа! Нæ ныхæстæ Стыр Хуыцау, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæм фарнимæ куыд хъуысой, ахæм ахъаз нын бакæн! Æвзæргæнджытæн сæ ных куыд сæттой, ахæм арфæ нын дæ цæст бауарзæд!».

Ныхасы Уастырджийы кувæндон ис Уæлладжыры ком-мæ бахизæны, Тæмискъы, йæ кувæн бон вæййы сæрды æмбисы.

Удæгасæй – кæуинаг

Иу фæсхохаг лæг быдираг хъæуы уынгты æрцæйцыд. Фæллад уыд, æххормаг, фæлæ йын мидæмæ рацу зæгъæг ничи дзуры. Уæдмæ кæсы, æмæ иу кæрты дуармæ мæрддзыгой адæм лæууынц.

«Ам æнæмæнг хæрнæг уыдзæн æмæ мæ кæд ацы æххормагæй хорз фениккой, цæй, æмæ сæм кæугæ бацæуон», – ахъуыды кодта йæхинымæр.

Æввахсдæр куы бацыд, уæд кæсы, æмæ дыууæ сыхаджы ‘хсæн нæй кау быд æмæ нæ зоны, мард дзы кæцы хæдзары ис, кæцымæ бацæуа кæугæ… Цас хъуамæ дывæнд кодтаид æмæ кæугæ бараст уæллаг хæдзармæ. Уæллаг хæдзарæн сæ чындз йæ размæ фæци æмæ йæм дзуры:

– Махмæ нæ, махмæ, дæллаг хæдзармæ хъæуы кæугæ бацæуын.

Фæсхохаг фæтыхст, фæлæ фæцарæхст:

– Æз нырма сымахыл кæуын, сымахыл. Йæ хæдзарæй йæ сыхаджы ‘хсæн кау сбийын кæй бон нæу, уыдон кæуинагдæр сты, стæй уыдонмæ дæр бахæццæ уыдзынæн…

Джусойты зарæг

Ивгъуыд æнусы æртынæм азты Ирыстоны хуссар хайы, Къуыдаргомы, æрцыд стыр æнамонддзинад: Джусойты мыггаджы фæласта митзæй. Уый уыд, Ирыстон æмæ ирон адæмыл цы стырдæр æнамонддзинæдтæ æрцыд, уыдонæй сæ иу. Ацы стыр фыдбæллæхыл ирон адæм скодтой зарæг. Бирæтæ йæ хъусгæ дæр никуы фæкодтой. Кæд ма йæ исчи зары, уæддæр, алчи – йæхирдыгонау, фæлæ зарæгæн баззад йæ фыццаг вариант:

Сау хæхтæ рацæуынц кæлгæ-кæлгæ,

Сау хотæ рацæуынц кæугæ-кæугæ.

Джусойты цары, дам, хус æрчъиаг,

Джусойты хъæу, дам, ус – æрдиаг.

Джусойты уæлхæдзар – дзедырæг,

Джусойты хъæу, дам, федзæрæг.

Джусойты цъынатæ рæнхъ-рæнхъ лæууынц,

Джусойты мæрдтæ, дам, рæнхъ-рæнхъ лæууынц.

Джусойты рудзгуытæ – донырдæм,

Зæй, дам, сæ фæласта бонырдæм.

Къостайы дзуапп – инæларæн

Хетæгкаты Къоста Лабæйы куы цард, уæд ыл иу бон фæндагыл амбæлд паддзахы инæлар æмæ йæм бартхъирæн кодта:

– Ды паддзах-батюшкæйы ныхмæ афтæ куы дзурай, уæд дæ æз фесафдзынæн!

Къоста йын сабырæй æмæ хиуылхæцгæйæ афтæ зæгъы:

– Дæ хорзæхæй, кæдæм мæ фесафдзынæ, уый дæр мын куы зæгъис?.. Кæд фыссæнгæрзтæ кæм нæй, ахæм ранмæ, уæд – хорз, кæннод, уыдон кæм сты, уым æз нæ фесæфдзынæн.

Ирон сылгоймаджы зæрдæлхæнæнтæ

*Дæ рынтæ бахæрон.

*Дæ фæхъхъау мæ Хуыцау фæкæна.

*Мæ уд дæ нывонд æрбауа.

*Нывонд дын фæуон.

*Урс уæрыккæй дын фæцæуон.

*Царды хос дын фестон.

Ирон сылгоймаджы сомытæ

*Абоныстæн!

*Ахсæвыстæн!

*Мæ мæрдтыстæн!

*Мæ фыды цæсгомыстæн!

*Цæрдтæ-мæрдтыстæн!

*Зæххардыстæн!

*Мæ мад-мæ фыдыстæн!

*Мæ хъæбулыстæн!

*Цъæхарвыстæн!

*Лæгты зæдыстæн!

ÆВЗÆРÆЙ – ХОРЗ КÆНÆГ

Аргъау

æг æмæ усæн уыдис иунæг чызг. Курджытæ йæм цыдысты алырдыгæй, фæлæ мой нæ кодта, кæд ыл иууыл хуыздæр усгуртæ дзырдтой, уæддæр. Мад æмæ йæм фыд мæсты кæнын райдыдтой. Чызг сын иу бон загъта:

– Хорз, смой кæндзынæн. Æрмæст æй зонут, мæн адæмы хуыздæртæ нæ хъæуынц. Хорзæй куы смой кæнон, уæд æй æз уæлдай хуыздæр нæ фæкæндзынæн, æмæ йын уæд цæмæй хъуамæ равдисон, цы хъом дæн, уый? Кæд уæ фæнды, смой кæнон, уæд мæ радтут, мæнæ нæ хъæуы сывæллæттæ дæр кæмæй хынджылæг кæнынц, уыцы æвзæр усгурæн. Кæннод æз мой нæ кæнын.

Мад æмæ фыдæн уый ноджы хъыгдæр уыди, фæлæ сæ бон зæгъын ницыуал баци.

Чызг йæ моймæ базылд, ныхсадта йæ, амыдта йын, йæхи адæмы ‘хсæн куыд дара, уыдæттæ. Æвзæр бонæй бон хуыздæр кæнын райдыдта, рацыд адæмы рæгъы, йæ ныхас, йæ хъуыды йын нымайын райдыдтой. Цыбыр рæстæгмæ нымад уыд адæмæй иууыл хуыздæрыл. Уæд иу бон йæ усимæ цæуылдæр фæбыцæу æмæ йын ус афтæ зæгъы:

– Рох дæ ма уæд, æз дæ кæй слæг кодтон, уый.

Лæг амæсты æмæ йын алывыд акалдта, куыд мæ слæг кодтай, зæгъгæ.

Ус æм нал касти, йæ хъус æм нал дардта, ауагъта та йæ йæхи бар æмæ та цыбыр рæстæгмæ лæг йæ фыццаг уагмæ æрхауд. Сывæллæттæ та дзы хынджылæг кæнын райдыдтой, адæм æй се ‘хсæнмæ нал уагътой. Уæд хæстæджытæ, хиуæттæ æрæмбырд сты æмæ усæн ныллæгъстæ кодтой, цæмæй та йæ ногæй слæг кæна. Ус бакаст сæ коммæ. Фæстæмæ та дзы лæг сарæзта, адæмы рæгъы та йæ ракодта. Ныр лæг базыдта йæ бон æмæ цæрын райдыдтой æмуд æмæ кæрæдзи æмбаргæйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.