Адæймагмæ уыйбæрц хъуыдытæ æрцæуы цыбыр рæстæгмæ æмæ бирæ хатт сæ мидæг схæццæ вæййы, нал æй фæхаты, раст куыд хъæуы саразын, цæмæй уæззау уавæрæй рахиза. Ахæм уавæрты бахауынц, карз нозт чи кæны, мæстыгæртæ, стрессон куыстуæтты чи кусы æмæ йæ нуæрттæ йæ уагыл кæмæн не сты, ахæмтæ. Уыцы рæстæджы тыхст адæймагæн фæхъæуы æххуыс, балæууын хъæуы йæ фарсмæ æмæ йын раттын хъæуы ныфс. Уыцы уысм тынг хорз уаид психологы æххуыс дæр, фæлæ махмæ ахæм практикæ нæма ис æмæ адæм ахуыр дæр не сты, цæмæй ахæм рæстæджы специалистмæ бахатой. Ӕмæ бирæ хæттыты ничи рахаты адæймаджы тыхст уавæр, ничи йæм фæцырд вæййы æмæ æрцæуы фыдбылыз. Ӕрцыдис ахæм цаутæ дæр æмæ-иу сæ цардыл сæ къух дæр систой.

Ӕрæджы нæ горæты æрцыдис иу цау, кæцы хæрзæввахс лæууыд трагедимæ. Мидхъуыддæгты министрады кусæг Дзанайты Александр, изæры 6 сахатмæ ‘ввахс, йæ машинæйыл фæцæйцыд æмæ зæронд хидыл хизгæйæ федта æрыгон нæлгоймаджы, кæцы асанчъех кодта хиды æнцойгæнæны сæрты доны ‘рдæм. Милицийы кусæг уайтагъд фæхатыд фыдбылыз, йæ машинæ фæурæдта æмæ йæм балыгъд. Уæдмæ уый йæ иннæ къах дæр айста цæугæдоны ‘рдæм, æмæ ма иу уысм – æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ. Райста йæ хиды æнцойгæнæнæй, кæд æмæ йын нæ куымдта, йæхи скъуыдта йæ къухтæй, уæддæр. Стæй фæдзырдта горæты милицийы хайадмæ æмæ йæ уыдон акодтой.

«Куыддæр æй федтон бетоныл хæрдмæ быргæ, афтæ йæ бамбæрстон, йæхи доны баппарынмæ кæй хъавы. Куы йæм балыгътæн, уæд ын йæ астæу æрцахстон æмæ йæ тыхæй райстон æнцойгæнæны сæрты. Йе сныхасæй йæ бамбæрстон, нозтджын кæй у. «Ме ‘мбæлттæ амардысты æмæ ма æз цæмæн цæрын», – ахæм ныхæстæ кæнгæ йæ акодтон хиды уæллаг фарсмæ», – зæгъы Дзанайты Александр.

Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг разынд нæ горæты 38-аздзыд цæрæг. Йæ цардыл йæ къух сисынмæ кæй æрхъавыд, уый та афтæ бамбарын кодта, ома, нозтджын уыдтæн æмæ йæ нæ хъуыды кæнын.

Ӕвæццæгæн, адæймаджы мæлæтæй фервæзын кæнынæй стырдæр лæггад бакæнæн нæй. Фæлæ йæхи чи мардта, уый разынд нозтылхæст æмæ ма кæны антиæхсæнадон цард дæр. Ахæмтæ сæ цардæн нал фæаргъ кæнынц, цы фæаразынц, уый дæр нал фембарынц, уымæн æмæ сæ алфæмблай дунемæ фæкæсынц æндæр цæстæй. Хуыцау зæгъæд æмæ нæм ахæм æмбæстæгтæ къаддæр уой.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.