Цы дзурæм, уымæй зæрдæ уыйас нæ фæриссы, цы риссаг ныхæстæ фæзæгъæм, уымæй куыд фæриссы, афтæ. Зæгъæм, нæлгоймаг фылдæр хатт йæ хъусдард аздахы æрмæстдæр йæхи сæрмагонд рæстдзинадмæ, æппæт йæ концентраци радты йæхи «раст» хъуыдымæ æмæ йæ ферох вæййы, хъау-гъайы рæстæджы кæй фæхъæуы хиуыл фæхæцын æмæ ныха-сæмбалæн дæр дзырды бар радтын, байхъусын ын йæ хъуыдымæ.

Адæймаг, кæцы иннæ ныхасгæнæгæн ныхасы бар нæ фæдæтты, уый фæнды, нæлгоймаг уа æви сылгоймаг (ныры рæстæджы сылгоймæгтæ фæфыддæр сты нæлгоймæгтæй) автоматикон æгъдауæй йæ ныхасыгъæд фæивы, ома, ныха-сæн фесæфы йæ аудаг æмæ ныфсæвæрæн уаг.

Ахæм адæймагæн йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ вæййы, куыд бирæ æвæлмас дзырдтæ вæййы йæ ныхасы, уый, æмæ куыд арф бацагайынц, куыд тынг фæриссын кæнынц иннæ ныхасгæнæджы зæрдæ.

Уыцы рæстæджы æппæты хуымæтæг æнæразыдзинад дæр гæнæн ис æмæ фæкæса тынг агрессивон, куырдиат та – бардзырды хуызæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм ахаст иннæ адæймагмæ фæзынын кæны ныхмæлæуд, кæд æмæ йæ фæфæнда хылкъахаг адæймагимæ сразы уæвын, уæддæр.

Ныхасгæнджытæй иу æнæрхъуыдыйæ фæриссын кæны иннæ ныхасгæнæджы зæрдæйы йæ дæрзæг ныхасы уагæй, стæй йæ фæстæдæр куы бамбары, уæд райдайы æмбарын кæнын, кæй нæ хъæуы нуæрттæ халын ахæм æнæрхъуыды ныхæстыл.

Хыл чи ракъахы, уыцы адæймаг дзуапп нæ дæтты, хыл комкоммæдæр уый кæй райдайы: уымæ афтæ фæкæсы, цыма йæ ныхмæлæууæг райдыдта хъаугъа кæнын. Сæ иу хъахъхъæны йæхи сæрмагонд хъуыды, аннæ ахæм та иннæ ныхасгæнæг йæхи бахъахъхъæнынмæ хъавы йæ дæрзæг, æнæхъола ныхæстæй, кæцытæ йын арф йæ зæрдæйы скъахынц.

Бирæ адæймаг ахæм у, æмæ йын уæлдай у, кæмæндæр йæ ныхæстæй йæ зæрдæ фæрисдзæн æви нæ, æрмæстдæр йæ ныхæстæ зæгъа æмæ сæ «скала», уый йедтæмæ. Ахæм адæймагæн зын бамбарæн у æмæ йын исты æмбарын кæнын дæр ницы пайда у – уæддæр ахæмтæ  сты дурзæрдæ æмæ æнæуд.

Дзургæ-дзурын æй гæнæн ис æмæ ма дæр æмбара, цас рæдийы, цы дзуры, цас дзуры æмæ сæ куыд дæрзæгæй дзуры йæ ныхæстæ, уый.

Ахæм уагахаст уынгæйæ, иннæ дзурæг дæр уымæ гæсгæ адарддæр кæны хъаугъайы, фæтынгдæр æй кæны, уый дæр йæ ныхæстæ зæгъы, равдисы йе ‘ппæрццаг ахаст æмæ фæдæтты алыгъуызон уынаффæтæ (кæд æмæ йæ ничи куырдта уыцы уынаффæты, уæддæр).

Зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ алы хыл райдайынæн дæр кæй хъæуы дыууæ адæймаджы, фæлæ цæмæй уыцы хъаугъа цæхгæр лыг æрцæуа, уый тыххæй фаг у æрмæстдæр иу адæймаг. Æппæты хуыздæр у, цæмæй алы хъаугъа, алы хыл дæр йæ рæстæджы лыг æрцæуа, ома йын йæ сæрæй фæндаг ма радтын, цæмæй дарддæр ма ацæуа.

Райсут уæхимæ ахæм бæрндзинад, цæмæй ссарат ахæм момент, æнæразыдзинад куы фæхъавы хылмæ рахизынмæ. Уыцы рæстæджы æрлæууын кæнут уæ ныхас æмæ райсут уæхицæн тайм-аут, æрулæфут æмæ ахъуыды кæнут алыварсыгæй дæр, цæмæй уæ ныхас дарддæр мауал ахиза хъаугъамæ.

Цасдæр рæстæджы фæстæ æрбаздæхут фæстæмæ дзурæгмæ æмæ адарддæр кæнут уæ ныхас, фæлæ æрмæстдæр хæлар æмæ æнгом ныхасы уагимæ. Тайм-аут, ома, æрулæфыны рæстæг нын фадат дæтты, цæмæй æруазал уæм, ма фæрæдийæм æмæ æндæр цæстæнгасæй акæсæм нæ разылæууæг проблемæмæ. Уый фæстæ ахæм ахъуыдыгонд цæстæнгасимæ уæ бон у дарддæр дæр æндæр  къахдзæф саразын, цæмæй сног кæнат уæ ахастытæ кæрæдзиимæ.

 

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта

 ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.