ИУ БӔРÆГБОНӔЙ ИННӔ БӔРӔГБОНМӔ  КУЫД  НЫМАД ЦЫДЫСТЫ  БОНТӔ

Мæйы уавæр цæстæй иртасыны руаджы незаманты базыдтой, бæрæгбонтæй бæрæгбонтæм чи куыд арæзт хъуамæ цæуа, уыдæттæ. Мæйы къæлиндары тыххæй къухы бафтыд æнæбары æрмæджытæ, уæвгæ та зонæм:  мæй дих кодта цыппар къуырийыл,  уыди дзы 28 боны æмæ 2 сахаты. Кæд ирон нымадмæ гæсгæ  афæдзы дæргъы  мæй 13 хатты сног вæййы, уæд 28 боны æмæ 2 сахаты 13-ыл куы хатт кæнæм, уæд афæдзы уыдзæн 365 боны æмæ 2 сахаты.

20 мартъийы 10 сахат æмæ 48 минутыл райдайы аст-рономон уалдзæг, уæд бон æмæ æхсæв свæййынц æмбæр-цытæ, хур арвы экваторыл ахизы æмæ арвы хуссайраг æрдæгдымбылæгæй бацæуы цæгаты æрдæгдымбылæгмæ. Зæххы цæгаты æрдæгдымбылæджы райдайы астрономион уалдзæг,  хуссары та – астрономион фæззæг. Базонæм, уалдзыгон мæй йæ цалхыдзаг цы бон баци, уый  æмæ  сбæлвырд кæнæм, Куадзæн  цы бон нысангонд æрцæудзæн – уый та вæййы, уалдзæджы мæй  цалхыдзаг куы бавæййы, уымæн йæ фыццаг хуыцаубоны.

Никейы стыр аргъуаны уыннаффæмæ гæсгæ æхсæв æмæ бон куы сæмбæрцытæ вæййынц, уый нысангæнæн бон у 21 мартъи. Уый фæахъаз ис, Куадзæны бæрæгбон кæд конд хъуамæ цæуа, уый бæрæггæнæг таблицæ аразынæн

Уæдæ-иу нæ фыдæлтæ та ацы бонтæ куыд сбæрæг кодтой? Къухы цы зонæнтæ ис, уыдонмæ гæсгæ æнæгуы-рысхойæ  зæгъæн ис: зыдтой сæ, мæй цы уавæры ис, уымæ гæсгæ. Зæгъæм, Комахсæн  бæрæг кодтой чырыстон Урсы къуырийы разæй æмæ Комбæттæнимæ иу рæстæг, зонгæ та-иу æй  бакодтой мæйы къæлиндармæ гæсгæ. Ногбонæй Комахсæнмæ-иу  куы фондз къуырийы уыди, куы – авд къуырийы.  Кæд-иу мæй Ногбонты сног ис, уæд-иу Комахсæн арæзтой авд къуырийы фæстæдæр, Ногбонæй-иу къуыри фæстæдæр куы сног ис мæй,  уæд та-иу уыцы бæрæгбон арæзтой фондз къуырийы фæстæ. Уыцы бонæй анымай-гæйæ-иу  базыдтой, уый фæстæйы бæрæгбонтæй  ма кæмæ цас баззади,  уыцы æмгъуыдтæ.

Ирæттæ афæдзы рæстæг хыгътой иу бæрæгбонæй иннæмæ нымайгæйæ:

Ногбонæй Комахсæнтæм  уыди 7 къуырийы.

Комахсæнтæй Куадзæнмæ – 7 къуырийы.

Куадзæнæй Зæрдæвæрæнтæм – 6 къуырийы.

Зæрдæвæрæнтæй Кæрдæгхæссæнмæ – 1 къуырийы.

Кæрдæгхæссæнæй Кæхцгæнæнмæ – 5 къуырийы.

 Кæхцгæнæнæй Атынæгмæ –  2 къуырийы.

Атынæгæй Майрæм Куадзæнмæ –  3/5 къуырийы.

Майрæмы Куадзæнæй Фыдуанимæ – 2 къуырийы.

Фыдуанийæ Ичъынамæ – 4 къуырийы.

Ичъынайæ Джиоргуыбамæ – 6 къуырийы.

Джиоргуыбайæ Цыппурсмæ – 6 къуырийы.

Цыппурсæй Ногбонмæ – 1 къуырийы.

Бафиппайын хъæуы, номхыгъды зындгонд  адæмон бæрæгбонтæ сегас кæй не сты, уый.  Уыцы бæрæгбонтæ сты бирæ фылдæр. Фæлæ ам  ныхас бæрæгбонтыл нæ цæуы. Ныхас цæуы, ирон адæмы азнымад куыд арæзт цыди, уый равдисын. Уымæн æмæ Юлийы чырыстон къæлиндар æмæ Григорийы адæмон къæлиндар кæрæдзийæ кæй хицæн кæнынц, æмæ уый нæ дæтты  бæрæгбонтæн бæлвырд æмгъуыдтæ  скæныны фадат.

Йæ рæстæджы академик В.Ф. Миллер бафиппайдта: “Ирæттæ афæдзы афонтæ афтæ нымайынц: 1.Зымæг; 2.Рагуалдзæг; 3. Уалдзæг æмæ сæрды фыццаг æмбис, ома, май æмæ июнь; 4. Фæззæг – сæрды хосгæрдæнтæй сыфтæр згъæлын афонмæ; 5. Ӕрæгвæззæг – фæззæджы халас æвæрын куы байдайы, уæдæй мит æруарынмæ. Растдæр нымадæй та афæдз кæнынц дыууæ дихы: хъарм рæстæг хонынц сæрд, уазал рæстæг – зымæг.”

Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдаив нымад у, уæвгæ та афæдз афонтыл дих кæнын баст уыди хъæууонхæдзарадон куыстытæ бæлвырд æмгъуыдты кæныны тыххæй фидар фæткимæ. Уæдæ алы бæрæгбонтæ æмæ афонтæн ис дыууæ къордыл фæдих кæнæн.  Фыццаг къордмæ хауынц, хорæрзадыл чи ауды, уыдон.  Дыккагмæ – тыллæг бахъахъ-хъæнын æмæ йæ бафснайыныл чи ауды, уыцы бæ-рæгбонтæ.

Уыцы къордтæн кæрæдзи фæдыл ис афтæ равæрæн: фыццаг – зымæгон къорд, баст сты уалдзæджы  быдырон куыстытæм хи бацæттæ кæнынимæ. Дыккаг –  уалдзыгон куыстытæ æрвитынимæ.  Ӕртыккаг – сæрд æмæ фæззæджы къорд, баст сты хортæ бахъахъхъæнын æмæ тыллæг бафс-найыны куыстытимæ.  Адæмон къæлиндармæ гæсгæ сын  лæвæрд цыди ахæм æмгъуыдтæ:  Фыццаг къордæн Цып-пурсæй Стыр Тутырты онг: Дыккагæн – Рæмон бонæй Кæрдæгхæссæнмæ: Ӕртыккагæн – Дауджытæй Цыппурсмæ.

Афæдзы къæлиндар афтæ дихгонд  цыди  хæдзарон  афæдзы куыстытæ кæныны æмгъуыдтæ хынцгæйæ. Фыццаг, зымæджы къорды куыстытæн лæвæрд цыди, мит зæхх дзæбæх куы æрæмбæрзы, уырдыгæй рагуалдзæгмæ,  уалдзыгон куыстытæм  цæттæ кæныны рæстæг.  Фæсхур-хæтæнты-иу  ивддзинæдтæ  куы æрцыди , уыцы афонимæ  йæ бастой.  Уæд-иу зæхкусæгæн ралæууыд ног куысты  афон.  Уалдзæджы-иу зæхмæ зылдысты , хортæ тыдтой, зылдысты æвзартæм.  Сæрды-фæззæджы циклы рæстæг та-иу ахаста хосгæрдæнтæй суанг æрæгвæззæгмæ. Уæд та-иу бафснайдтой хортæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.