Дыууæ Ирыстоны дарддæр æмбырд кæнынц æхцайы фæрæзтæ чысыл Бæдуаты Зæринæйæн. Сабийæн ис стæм генетикон низ. Цæмæй Зæринæ сæнæниз уа, уый тыххæй хъæуы, йæ аргъ дыууæ милуан доллары кæмæн у, ахæм хос. Цæуынц алыгъуызон хæрзаудæн акцитæ, республикæйы дуканиты æвæрд æрцыдысты æхцайы урнатæ.

Чъылдымы хæцъæфты атрофия кæй хонынц, уыцы низæй рынчын сывæллæтты 2021-æм азы 1-æм январæй фæстæмæ дзæбæх кæндзысты паддзахады хардзæй. Ахæм уынаффæ рахаста Владимир Путин. Уæззау низтæ дзæбæх кæныныл  иннæ аз хъуамæ хардзгонд æрцæуа 61 миллиард сомы. 25 мин сывæл-лоны райсдзысты æххуыс. Се ‘хсæн  Бæдуаты Зæринæ дæр. Уæвгæ, нæ бæстæйы бирæ сывæллæттæ æнхъæлмæ кæсынц ацы низы ныхмæ хосмæ.

Персаты Арнеллæ æмæ Алихан дарддæр цæуынц реабилитацион курс. Ахсджиаг препарат «Золгенсма» райстой дыууæ мæйы размæ, баххуыс сын кодтой зæрдæхæлар адæм.

Ныртæккæ Бæдуаты Зæринæйæн йæ цардыл тох кæнынц йæ ныййарджытæ. Зæринæйыл 8 мæйы куы цыд, уæд ын иу хатт скодтой препарат «Спинраза»-йы фыццаг инъекци. Рæстæгмæ йæ бон у низ бауромын. Фыццаг аз уыцы хосæн хъæуы 48 милуан сомы, иннæ азтæн та 24 милуаны. Спинраза дзæбæх нæ кæны. Уавæр гыццыл фæрогдæр кæны.

Иу судзин саразынæн хъæуы 8 милуан сомы. Фыццаг афæдз скæнын хъæуы 6.

Абоны онг Бæдуаты Зæринæйæн æрæмбырд кодтой 83 милуан сомæй чысыл фылдæр. Хъæугæ та кæны 155 милуаны. Препарат хъæуы скæнын цалынмæ йыл 2 азы нæ сæххæст, уæдмæ. 4-æм ноябры гыццыл чызгыл сæххæст афæдз æмæ иу мæй.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутаттæ рахæцыдысты, генетикон низ чи дзæбæх кæны, уыцы хос æнæмæнг хъæугæ хосты номхыгъдмæ бахæссыны тыххæй закъоны фарс. Уæд уыцы хосæн уыдзæнис æлхæнæн паддзахады хардзæй. Фæлæ рæстæг цæуы, æмæ Бæдуаты Зæринæйæн баххуыс кæныны фæнд кæмæ ис, уыдоны хъæуы телефоны цыбыр номыр 7522-мæ арвитын ныхас «ДОБРО15».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.