Фыдæлты хъæздыг æвæрæнтæ æндидзын кæныныл абоны фæлтæр куы тыхсой, æдзухдæр уыцы бынтæ хъахъхъæныныл куы аудой, уæд уый раппæлинаг у. Хорз зæгъын æмбæлы ирон адæмы фыдæлтæй, рæсугъд æмæ амондджын фидæны тыххæй æппæт сæ зонындзинæдтæ кæй не вгъау кодтой, хатт сæ тыхст уавæртæ ницæмæ даргæйæ, æппæт дæр кæй арæзтой фидæны фæлтæрæн хъæздыг æвæрæнтæ ныууадзыныл.

Уыдон æмбæрстой, мулчы хъæздыгдзинадæй уæлдæр кæй лæууы удварны, монон хъæздыгдзинад æмæ архайдтой уыдон абоны кæстæртæм радæттыныл. Нæ цæст куы ахæссæм, æрмæст сын алыгъуызон уадынгæрзтæ сфæлдисын цас бантыст, стæй ма семæ кодтой кадджытæ, зарджытæ, уæд нæ бон фидарæй зæгъын у, монон хъæздыгдзинадæй тынг æххæст кæй уыдысты. Ирон уадынгæрзтæ тынг раджы кæй фæзындысты, уый бæрæг у, Нарты кадджыты дæр кæй æмбæлынц. Зæгъæм, кадæджы иу ран дзырдæуы, зæгъгæ, Номæвæрæджы лæварæн Куырдалæгон радта Уæрхæгæн удæвдз йæ куырдадзы фæтыгæй, болат æндонæй арæзт. Удæвдз – диссаджы уадындз, йæхæдæг йæхи æгъдауæй алы зарджытæ чи кодта, ахæм.

Хъыгагæн, фыдæлты уыцы æвæджиау хуынтæ иурæстæджы рохуаты аззадысты, нал сæм уыд æмбæлон хъусдард. Уый хыгъд сæ айстой нæ сыхæгтæ æмæ сæ абон дæр пайда кæнынц, цыма сæхи æрæмысгæ музыкалон инструменттæ (уадынгæрзтæ) сты, афтæ сæ нымайынц.

Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, ирон композитортæй хицæн æмæ хицæн рæстæджыты ирон уадынгæрзтæ сæндидзын кæныныл куыд зæрдиагæй архайдтой, уыдон. Композитор Кокойты Тæтæрхъан ивгъуыд æнусы 20-30-æм азты ацы хъуыддаг æрбæстон кæныныл тынг архайдта. Уымæн композитор А. Поляниченкоимæ иумæ бантыст Мæскуыйы ирон национ уадынгæрзтæ аразæг ссарын æмæ уый фæрцы уыдон федтой рухс. Афтæмæй Цæгат Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль райдыдта уыдонæй пайда кæнын Кокойты Тæтæрхъаны къухдариуæгæй. Ацы инструменттæ уыдысты иттæг хорз сæ арæзт æмæ зæлынадæй. Ансамблы артисттæ сæ пайда кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты размæ, стæй аззадысты рохуаты. Кокойы фырт ма бæргæ бирæ фæфыдæбон кодта ирон уадынгæрзтæн ног цард радтыныл, фæлæ хъуыддаг ныннымæг. 1936 азы Цхинвалы Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы оркестры руаджы азæлыдысты дала-фæндыры зæлтæ. Ацы фæзындæн махмæ уыд стыр нысаниуæг рагон ирон уадынгæрзтæ пропагандæ кæныны хъуыддаджы. Фæлæ та ацы хъуыддаг йæ гæрзтæ æрæвæрдта 1991 азы бæрæг аххосæгтæм гæсгæ.

 Композитор, рухстауæг, æхсæнадон архайæг, ирон фольклор æмбырдгæнæг æмæ парахатгæнæг Галаты Барис Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы сæргъ куы слæууыд, уæд коллективы нымадæуыд 128 адæймаджы. Галайы фырт йæ мысинæгты фыссы, зæгъгæ, 6 мæйы фæстæ нæ ансамбль бацæттæ кодта йæ репертуар, уыдысты дзы адæмон зарджытæ, афтæ ма кæфтытæ адæмон инструментты тæнон оркестры хайадистæй. Хуссар Ирыстоны цæргæйæ, Галайы фырт бирæ æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæн бауарзын кодта ирон музыкалон инструменттыл цæгъдын. Галайы фырт Хуссар Ирыстоны сарæзта фыццаг музыкалон скъола, сарæзта фыццаг инструменталон оркестр дæр.

   Ирон музыкæйы зæрингуырд Æлборты Феликсæн егъау сты йæ лæггæдтæ ирон музыкалон аивады. Уый бирæ рæстæджы дæргъы куыста æмæ æмбырд кодта æрмæг ирон уадынгæрзты тыххæй æмæ сæ алкæуыл дæр æрдзырдта лæмбынæг йæ чиныг «Ирæтты музыкалон культурæ»-йы. Уыдон та сты уасæн, уадындз, удæвдз, лалым-уадындз, фидиуæг, хъисын-фæндыр, хъырнæг-фæндыр, дыууадæстæнон-фæндыр, дала-фæндыр, гуымсæг, дала, къæрцгæнæнтæ. Æрдзырдта ма  сæ иуты арæзт, стæй сæ чи сарæзта, уыцы авторты  тыххæй дæр. Цæмæй кæстæртæн искæцы музыкалон инструмент бауарзын кæнай æмæ йыл ахуыр дæр кæной, уый тыххæй дæсны, йæ хъуыддаджы цæттæ ахуыргæнæгæй дарддæр хъæуы инструмент дæр. Ацы хъуыддаг сæндидзын кæныныл тынг батыхст чысыл къорд «Уадындз»-ы разамонæг Дзебысаты-Агънаты Земæ. Уый кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы сфæлдыстадон лицейы. Уыцы рæстæджы йæ амондæн дала-фæндыртæ аразын райдыдта Азæмæтты Андрей, йе ʻрмадз дæр уыдис уыцы лицейы. Земæйы фæрцы ногæй райхъал, бирæ азты дæргъы йæ мыртæ кæмæн нал хъуыстысты, уыцы дала-фæндыр. Земæйы æнгуылдзты змæлды фæрцы рантысы аив цагъд, уый канд дæсны цæгъдæг нæу, фæлæ ма иттæг хорз ахуыргæнæг дæр æмæ æнусы æмбисæй фылдæр æнæвгъау амоны рæзгæ фæлтæрæн йæ курдиат.

 Дзæвгар уыдысты, рагон уадынгæрзтыл чи цагъта кадджытимæ, уыцы курдиæттæ, уыцы нымæцы уыдысты дыууадæстæнон фæндырыл цæгъдæг Сланты Гаха. Гаха зындгонд уымæй уыд, æмæ бахъахъæдта ирон адæмы хæзна – Нарты кадджытæ. Уый сæ 1921 азы радзырдта зындгонд ахуыргæндтæн, ирон сфæлдыстад æмбырдгæнджытæн. Уадынгæрзтыл ма дæсны цагъд кодтой, æмæ сæ диссаджы кадджытæ махмæ æрхæццæ сты ахæмты фæрцы, куыд Дзодзыккаты Хадзымæт, Абайты Аслæнбег, Баликъоты Аслæнбег, Безанты Разден, Бæззаты Майрæм, Джусойты Кудза, Челæхсаты Пируз, Дзукъаты Садуллæ, Дзаттиаты Симон, Зыгъуыттаты Бибо, Таутиаты Дрис, Тугъанты Тæтæрхъан, Саулохты Гæбæц, Санахъоты Джио, Наниты Андро,Хъæрджынты Баджери, Хъалæгаты Иналдыхъо, Санаты Уари, Цопанаты Константин, Абайты Султанбег, Томайты Тымырдзи, Джыккайты Аким, Цæгæраты Елмырзæ, Кокойты Таймураз, Къæбулты Анатоли æмæ æндæртæ.

   Хъуыд, рагон ирон уадынгæрзтæ ногæй чи хъуамæ арæзтаид, ног цард сын чи хъуамæ радтаид, ахæм адæймаг. Фæзынд ахæм адæймаг дæр, уый та уыд Моурауты Сослан. Уый уæхскуæзæй æрæвнæлдта хъисын-фæндыр, дала-фæндыр æмæ дыууадæс-тæнон фæндыртæ аразынмæ æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Уымæй уæлдай ма уый йæхимæ иста, ацы хъуыддаг кæй зæрдæмæ цыд, ахæм фæсивæды æмæ сæ ахуыр кодта йæ дæсныйадыл. Цæвиттон, Илаты Тимур сахуыр кодта Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы вокалон хайады, кусы йæ дæсныйадыл. Фæлæ йын уарзон сси хъæддæсныйы куыст дæр æмæ сфæлдыста дыууадæстæнон фæндыр, Сланты Гаха цы фæндырыл цагъта, раст уый халдих. Сосланы ахуыргæнинæгтæй иу уыд Деметы Зауыр дæр. Уый дæр йæ зæрдæмæ арф айста ацы дæсныйад, Сосланы архайдмæ каст лæмбынæг æмæ тагъд рæстæджы фæхæст уадынгæрзтæ аразыныл. Сослан цардæй куы ахицæн, уæд Зауыр æрбатымбыл кодта, уымæй размæ йын цы кусæнгæрзтæ балæвар кодта, уыдон æмæ ныр æвдæм аз кусы уадынгæрзтæ аразыныл Тарскæйы скъолайы ахуыргæнинæгтимæ. Цæмæй ацы хъуыддаг сæндидза Хуссар Ирыстоны дæр, уый тыххæй рæстæгæй рæстæгмæ æрцæуы Цхинвалмæ. Ам та ацы куыстыл фæцалх Гаглойты Алан. Уый бацæттæ кодта проект ахæм номимæ «Ирон национ инструменттæ «Сырдон»-ы номæй æмæ йæ арвыста Уæрæсейы фæсивæдон форуммæ 2018 азы. Къамисы уæнгтæ хорз аргъ скодтой Гаглойы фырты куыстæн æмæ йын радтой æхца. Уыдонæй самал кодта кусæнгæрзтæ æмæ кæны йæ хæрзиуæгон архайд. Райдианы тынг тыхст бынатыл,уый тыххæй бахатыд æвзæнгты техникты станцы директор Къалаты Нариманмæ æмæ йын уый радих кодта кусæн хатæн. Райдианы алы чысыл хъуыддаг дæр æнцон нæ вæййы, фæлæ ацы дыууæ æвзонг лæппуйы архайынц зæрдиагæй, фæстæдæр исдзысты, ацы хъуыддаг йæ зæрдæмæ æввахс чи айса, ахæм лæппутæ æмæ чызджыты. Уыцы-иу рæстæджы уадынгæрзтæ аразыныл дæр цайдагъ кæндзысты, стæй ахуыр кæндзысты уыдоныл цæгъдын дæр. Бантысæд сын!

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.