Карелы районы, нæ хъæуы скъолайы фарсмæ колхозы къæнцъылары уыдис радио. Адæм-иу ног хабæрттæ базонынмæ уырдæм къордтæй æмбырд  кодтой. 1941 азы 22 июны дæр хур бæстыл атылд. Адæм та худгæйæ, хъæлдзæгæй атындзыдтой уырдæм, цæмæй ног хабæрттæм байхъусой. Уалынмæ райхъуыст Левитаны  цæнгæт хъæлæс. Уый фехъусын кодта, Германы æфсæдтæ æнæнхъæлæджы кæй æрбабырстой Советон Цæдисмæ. Адæм æмхуызонæй ны-хъус сты, худын нæ, фæлæ цыма байгомыг сты, афтæ сыбыртт никæцæйуал хъуыст. Уый фæстæ райхъуыст катайы ныхæстæ. Кæрæдзи фарстой: «Цы бакæнæм? Куыд уыдзысты нæ хъæбултæ, нæ фæсивæд?..».

Æвзонг лæппутæ сæ бинонты дæр нæ бафарстой, афтæ-мæй атындзыдтой хъæусовет-мæ, цæмæй сæ бархионтæй ар-витой фронтмæ, Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Фæстæдæр хъæуы нæлгоймаг нал баззад, ацæргæты йедтæ-мæ.

Мæ фыд дæр ацæргæтæм хаудта, стæй йе ‘нæниздзинад дæр нал уыдис уагыл æмæ ма æрмæстдæр хъæдгæсæй куыста. Мæ хистæр æфсымæр Сергей та скъолайы директор уыд æмæ йæ нæ кодтой фронтмæ, фæсчъылдым дæр, дам, исчи хъуамæ баззайа, цæмæй хъæу æгæр ма фæтыхса, уый тых-хæй, фæлæ уый йæ сæрмæ не схаста, хъæуы, дам, нæлгоймаг нал ис æмæ, дам, мæм уыцы æнкъард сылгоймæгтæн сæ цурты ахизын дæр худинаг фæкæ-сы.

О, фæлæ йе ‘нахъом хотæ æмæ æфсымæрты фондзæй, йæ рынчын фыд Антоны кæй бæрны бакодтаид, уый нæ уыд æмæ йæ ахуыргæнджытæй сæ хуыздæр чызджы усæн æрдавта, цæмæй хæдзар бынтон æн-æркæсæгæй ма баззадаид. Сергей æртæ къуырийы фæстæ йæхи фæндонæй хæсты тæ-мæнмæ атындзыдта.

Чындз диссаджы хорз адæй-маг разынд æмæ цыма йæ ма-дызæнæгтæ уыдыстæм, афтæ нæ айста, гыццылæй, стырæй нын лæггад кодта.

Сергей фронтæй арæх æр-выста фыстæджытæ. Йæ фыс-тæджыты фыста ныфсы ны-хæстæ, зæгъгæ, «хæст мах рамбулдзыстæм, знаджы бабын кæндзыстæм æмæ уæлахиздзаутæй æрыздæхдзыстæм, уæдмæ мын фидар фæлæуут».

Рæстæг цыдис, нæхи сабыр кодтам, æндæр нын цы гæнæн уыдис.

Постхæссæгæн йæ фæндаг нæ хæдзары рæзты уыд æмæ нæм-иу цингæнгæ Сергейы фыстæджытæ æрбадавта… Ис-ты æвзæр хабар, искæйы сау гæххæтт-иу æм куы уыд, уæд-иу катай кодта, мæ фыдимæ-иу тæрхон кодтой, сау гæххæтт куыд равдисой бинонтæн, уый тыххæй.

Гаглойты Арчилæн 3 лæппу уыд, æртæ дæр ацыдысты фронтмæ, дыууæйæ фæмардысты хъæбатырæй, сæ кæс-тæр æфсымæр та рæуджыты низимæ æрыздæхт æмæ ам амард.

Иу рæстæджы Сергейæ ни-цыуал бæрæг хъуыст, постхæс-сæг йæ цæст махæй  хизын райдыдта, нал-иу нæм æрбахъæр кодта: «мæнæ уын фыстæг», зæгъгæ.

Мæ мад нырхæндæг, йæ уад-ултæ æдзухдæр уыдысты хуылыдз, арæх-иу сдзырдта: «Мæ хъæбул!» æмæ та-иу йæ цæс-сыгтæ рустыл æрызгъордтой.

Мæ фыд та мадзурайæ, фы-рæнкъардæй, æруатон. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы уæззау уавæр мæныл дæр йæ уæз æруагъта, фæлæ цы уыд мæ бон?

Ахæм уавæрмæ кæсын мæ бон нал уыд, сбадтæн æмæ райдыдтон фыстæг фыссын, фæ-фыстон нæ царды уæззаудзи-нæдтæ, æнæ Сергейæ цауд уа-вæрмæ кæй æрхаудта нæ къона. Фæстагмæ дзы ныффыстон ахæм ныхæстæ: «Ацы фыстæг кæд Сергеймæ нæ бафта, уæд кæй къухы ис, уый нын дзуапп рырвитæд».

 Бауырнæд уæ, фыстæг иронау фыстон, фæлæ кæйдæр зæрдæмæ бахъардтой мæ лæгъстæтæ, нæ царды уæззау уавæр, æмæ нæм уыцы карз рæстæг, бæстыл арт куы  ир-вæзт, уыцы рæстæджы мæ фыстæгимæ иумæ, Сталины къухфыстæй æрцыди дзуапп: «Он жив, скоро вернется».

Хъæубæсты адæм дис кодтой, Сталины, дам, гъеныр уы-дæттæм æвдæлы? Æмæ фыс-тæджы адæм къухæй-къухмæ раскъæф-баскъæф кодтой, кæ-рæдзийæн æй æвдыстой. Сталины къухфыст ыл кæй уыд, уый сын цыдæр ныфс бауагъта сæ царды.

Куыд ма йæ загътон, афтæ-мæй хъæуы цæрджытæй хæст-хъом чи уыд, уыдон фронты тох кодтой знаджы ныхмæ. Хъæуы ма баззадысты сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ зæрæдтæ. Сылгоймæгтæ-иу æхсæвба-дæнтæ кодтой, чи æлвисгæ кодта, чи цъында быдта, чи – æрм-къухтæ, чи – къуымбилæй хæ-дæттæ, æмæ-иу куы сбирæ сты, уæд-иу сæ хъæусоветмæ ныххастой æмæ сæ уырдыгæй фронтмæ æрвыстой. Æз кæд гыццыл уыдтæн, уæддæр би-йынмæ хорз арæхстæн, æмæ-иу куы цъында быдтон, куы та – æлвисгæ.

Хъæуы цæрджытæ æрмæст дарæсæй не ‘ххуыс кодтой фронтæн, фæлæ ма сæрды та дыргътæ хус кодтой, æмæ сæ фронтмæ æрвыстой. Хуыйы фыдæй дæр арæзтой сала æмæ уый дæр æрвыстой фронтмæ. Хатт-иу кæмæдæрты бузныджы фыстæгджытæ дæр æрцыд хæсты быдырæй. Афтæмæй нæ чысыл хъæу дæр йе ‘ххуысы хай зæрдæхæларæй бахаста Стыр Уæлахиз æрæввахс кæнынмæ.

Сергей хайад иста Хъырымы тохты. Уый цалдæр хатты уæззау цæфтæ фæцис, бахауд-иу госпиталмæ, фæлæ-иу куы фæдзæбæхдæр, уæд-иу йæ тох адарддæр кодта. Хæсты фæудмæ ма чысыл рæстæг баззад, афтæмæй иу тохы рæстæджы Сергейæн йæ къах фæцæф. Нæмыг фæкъæдзгæнæны  ныффидар æмæ йæ сисын дохтыртæн сæ бон нæ бацис, йæ къахыл лæууын йæ бон нæ уыдис, æмæ 1945 азы 20 марты æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Бирæ рæстæг къуылых кодта, фæстагмæ слæууыд йæ къахыл, нæмыг, йæхиуыл фыд кæй сæвæрдта, уый руаджы.

Сергей куы фæдзæбæхдæр, уæд куыстагур бацыд хъæусоветмæ. Уый ахуыргæнæгæй ку-сын фæндыд, фæлæ йæм хъæусоветы сæрдар бахатыд, цæмæй баххуыс кæна  æдзæллаг уавæрмæ æрцæуæг колхозы йæ къахыл слæууын кæнынæн, уый фæстæ, дам, скъола дæр ам уыдзæн.

Сергей хъæусоветы сæрдары куырдиатыл сразы æмæ цалдæр азы фæкуысты колхозы сæрдарæй. Колхоз куы сæндидзыдта, уæд та скъолайы райдыдта кусын æмæ пенсийы ацыдмæ куыста ахуыргæнæгæй.

Сергейæн уыдис зæнæг, зæнæджы зæнæг. Фæлæ йын 1995 азы йæ хистæр фырты гуырдзиаг фашисттæ амардтой. Уыцы маст не сфæрæзта Сергей æмæ 95-аздзыдæй йæ цардæй ахи-цæн. Знаджы нæмыг мæрдтæм дæр йемæ ахаста ме ‘фсымæр.

  ДЖИДЖДЖОЙТЫ Сурæт 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.