Рагон ирон куывд

Хуыцау, баххуыс кæн,

Уастырджи, баахъаз кæн,

Хохы рухс дзуæрттæ,

Бæрзонд – уæ кувæндæттæ,

Рæстмæ дауджытæ,

Рæсугъд – уæ хъуыдытæ,

Чырыстимæ уазджытæ,

Не знæгтæ – уадзгуытæ,

Зруджы зæрин Майрæм,

Де ‘ххуыс дын куыднæ ‘мбарæм;

Цъæхилты Мыкалгабыр,

Зæдты æхсæн кадджындæр –

Дунемæ ныхасхæссæг,

Адæмæн æххуысгæнæг,

Ныхасы бæрзонд Уастырджи,

Хорзæй хъахъхъæн уазæджы,

Фæндагыл – нæ бæлццон,

Хæдзары – бынæттон,

Дæ фæдзæхст сæ бакæн,

Дæ рын дын бахæрон!

Ирон хæс

Иу сылгоймаг идæдзæй баззад йæ иунæг лæппуимæ. Схъомыл æй кодта. Æстдæс азы йыл куы сæххæст, уæд ын мад дзуры:

– Æстдæс азы дæ фæхастон, мæ бон куыд уыд, афтæ. Ныр дын хъуамæ зæгъон, æстдæс азы дæ цы зæгъинаг æмбæхстон, уый: æстдæс азы размæ дын дæ фыды амардта иу лæг. Уыцы лæг райсом дыууадæс сахатыл æрцæйцæудзæн нæ уынгы æмæ дзы хъуамæ дæ фыды туг райсай, кæннод дын мæ риуы ‘хсыр, мæ лæггад хæлар нæ уыдзæн…

Цасдæры фæстæ сæм æрбацыд сæ сыхаг ус æмæ лæппуйæн дзуры:

– Дæ уарзон чызджы дын чи аскъæфта, уыдон райсом дыууадæс сахатыл нæ уынгы чындз æрцæйхæсдзысты æмæ сын хъуамæ сæ чындзы байсай, кæннод дын ацы хъæуы цæрæн нал уыдзæн.

Стæй та сæм æрбацыд сæ сыхаг зæронд лæг æмæ дзуры лæппуйæн:

– Райсом дæм дыууадæс сахатыл æрцæудзæн дæ фыды æрдхорд æфсымæр æмæ йæ хъуамæ суазæг кæнай, куыд æмбæлы, афтæ.

Лæппу ныкатай кодта, йæ сæрыл ныххæцыд. Уыцы рæстæджы мидæмæ æрбахызт йæ мад æмæ йæ лæппу фæрсы:

– Цы бакæнон, æртæ хъуыддаджы дæр иу рæстæджы, æртæ хъуыддаджы дæр кæнинаг æмæ куыд бакæнон, исты мын бацамон.

Уæд ын мад загъта:

– Цæй, дæ фыды марæг æстдæс азы кæм фæцард, уым ма иу бон фæцæрæд. Дæ уарзон чызджы дын чи аскъæфта, уыдон ма чындз æндæр хатт дæр хæсдзысты, нæ дын аирвæздзысты. Дæ фыды æрдхорд та дæм æрцæудзæн фыццаг хатт æмæ къæсæрæй куы аздæха, уæд дæм никуыуал æрбацæудзæн æмæ уал уыцы хъуыддаг бакæн.

Æрвадиуæггæнæг ирон мыггæгтæ хицæн таурæгътæм гæсгæ

*Мæхъитæ – Хъулгъартæ – Хæлитæ

*Мæлыкатæ – Цомайтæ – Хъæмæрзатæ – Хъæрæцатæ – Алдахътæ – Тихилтæ – Тæ-лынтæ

*Милдзыхтæ – Кацантæ – Коцойтæ – Гæлæбутæ

*Мулдартæ – Гуыбатæ – Бесатæ – Кобестæ – Сатхъотæ

*Мырзабегтæ – Майрæмсаутæ – Хъаныхъуатæ

*Мырзагантæ – Дзебысатæ

*Мыртазтæ – Отаратæ – Уазиатæ

*Нафитæ – Гацитæ – Тетцойтæ

*Олисатæ – Малтызтæ

*Перисатæ – Бибылтæ – Дзарастæ

*Плитæ – Саламтæ – Ардасентæ

*Плитæ – Гасситæ – Ардасентæ – Дзад-тиатæ

*Рæмонтæ – Добайтæ

*Рубайтæ – Къодзыртæ – Мамитæ – Къæ-бойтæ

*Сабайтæ – Гæмостæ – Саулатæ

*Сабантæ – Хуритæ – Гаджитæ

ОС-БÆГЪАТЫРЫ МÆЛÆТ

Æвæццæгæн нæй иу ахæм историон гоймаг дæр, йæ хъысмæт, йæ царды тыххæй алыгъуызон, ныхмæвæрд факттæ кæй тыххæй нæй. Ос-Бæгъатырæн йæ цард æмæ тохы хабæрттимæ абаргæйæ фылдæр варианттæ баззад йæ мæлæты тыххæй, кæд сæ фылдæр цæугæдоны ахизынимæ баст сты, уæддæр. Гуырдзыйæн сæхи фольклорон æрмæджыты ис ахæм вариант:

Вахтанг Горгасал загъта Ос-Бæгъатырæн, цæмæй ахиза Арагвийы цæугæдоны иннæ фарсмæ. Ос-Бæгъатыр ын загъта, цæмæй йын ард бахæра, цалынмæ доны иннæ фарсмæ ахиза, уæдмæ уый йе ‘нгуылдз дæр кæй нæ фезмæлын кæндзæн, уый тыххæй.

– Ард хæрын дзуарæй, – загъта Горгасал.

– Нæ, ард бахæр Хуыцауæй, боны æмæ æхсæвæй…

– Ард хæрын, – загъта Вахтанг.

Фæлæ Ос-Бæгъатыры бæх куыддæр доны астæумæ бахæццæ, афтæ йыл уылæнтæ тых кæнын райдыдтой. Барæг йæ цонг хæрдмæ куыд систа, цæмæй бæхы ехсæй æрцæва, афтæ йын Горгасал йæ дæларм фехста.

Уыцы хъуыддаг ын, æгæрыстæмæй, нæ ныббарстой йæ адæм сæхæдæг дæр æмæ йын йæ мæлæты фæстæ дæр стыр худинагæн дзырдтой йæ гадзрахаты хабар.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.