Лалисайы дзуар æмæ йæ рагон сусæгдзинæдтæ

Ирыстоны цы рагондæр æмæ табуйагдæр кувæндæттæ (дзуæрттæ) ис, уыдонæй иу у Лалисайы дзуар. Ис Залдайы хъæуы, у мыггаджы дзуар, ома, нысан æй кæны æрмæстдæр Гæбæрайы мыггаг. Тынг рагон кæй у, уый тыххæй фылдæр сты, абоны онг дæр æххæст дзуапп кæмæн не ссардæуыд, дзуаримæ баст уыцы цымыдисаг хабæрттæ. Кувæндонæн кæддæр стыр æмæ диссаджы архитектурон арæзтад кæй уыд, уый бæрæг у, абоны онг ма йæ агъуыстæй цы иу хай æрхæццæ, уымæй дæр. Стæй, цы бæрзонд къуылдымыл ис, уый иууылдæр æмæ хгæд у тобæгонд хъæдæй. Уыцы хъæд йемыдзаг у, дзуарæй фæйнæрдæм чи фæтылд æмæ сæ иу хай зæххы бын раджы кæмæн фæцис, ахæм дуртæй. Уыцы дуртæ, зæгъгæ, иууылдæр иу ранмæ æрæмбырд кæн, уæд сæ рауаид иу стыр галуан. Стыр диссагæн хæссинаг у, дойнаг дуры йедтæмæ æндæр дуры мыггагæн йæ кой дæр цы комбæсты нæй, уыцы комбæсты ахæм бæрзонд бынатмæ уый бæрц куыстгонд æмæ æнахуыр стыр дуртæ кæцæй æрхаудтой?.. Ис дзы ахæм егъау дуртæ, дыууæ цæды дæр кæй нæ аласдзысты.

Ацы уаз бынатмæ фыццаг хатт чи сыфты, уыдоны йæ арæзтады уæлдай стыр дисы ныппары, кувæндоны фæстæ цы дурæй арæзт сырды сæр ис, уый. Цыппæрдигъон амад егъау дуры бæстыастæу цыппæрдигъон къахт дзыхъхъы æвæрд ис, уыцы дуры мыггагæй арæзт сырды сæр. Фылдæрбæцæй йæ хуыдтой бирæгъы сæр, фæлæ арсы сæры хуызæн тынг-дæр у. Ныр цалдæр азы йæ иу хъус саст у. Бæрæг нæу, цы йыл æрцыд – чизоны, барæй, чизоны, искæмæн йæ къухæй æрхауд… Фæлæ уымæй йæ «традицион» миниуæг нæ сафы: хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ дзуармæ кувæн бон бæстæ хурмæ куы дзæгæрæг кæна, арвыл хæснагæн дæр иу мигъы къæм ссарæн куынæ уа, уæддæр, зæгъгæ, ацы сырды сæрмæ исчи февнæлдта, йæ бынатæй йæ фезмæлын кодта, уæд цалдæр уысммæ арв æбацасады æмæ ныккалы тæрккъæвда. Уый тыххæй-иу ын хъæуы хистæртæ хъуамæ йæ цуры искæй слæууын кодтаиккой, цæмæй йæм æнæзонгæ куывддзаутæй мачи фæцагайа, къæвда ма ныккала æмæ сын сæ куывды хъуыддæгтæ ма бахъыгдара.

РАГОН ИРОН УЫРНÆНТÆ ÆМÆ МÆНГУЫРНÆНТÆ

Базаргæнæгæн фыццаг æлхæнæг цы аргъ зæгъа, йæ базайраг уыцы аргъыл куы радта, уæд ын иннæтæ тагъд æрбауæй уыдзысты.

Хуыйæг йæ ног хъуымац хуыссæныл куы æрæвæра, уæд ын кæнæ æрæгмæ фæуыдзæн хуыд  кæнæ та дзы бынтондæр ницыуал бахуыйдзæн.

Цæмæй фыййауæн йæ фос хизæнуаты æнæхъæн æмæ æнæфыдбылыз уой, уый тыххæй хъуамæ йемæ ахæсса фæрæт æмæ йæ бæласы бындзæфхады ныссадза.

Кæсагахсæг цалынмæ ахст фæуа, уæдмæ йæ ахст кæсæгты нымайын куы райдайа, уæд ницыуал æрцахсдзæн.

Базаргæнæгæн йæ фыццаг æлхæнæг зæронд ус куы уа, уæд йæ хъуыддæгтæ рæстмæ нал ацæудзысты.

Уастырджийы лæвар

Иу мæгуыр лæг, æндæрты фæзмгæйæ, быдыры астæу йæхицæн уæтæр скодта, фосæй йæм уадиссаг ницы уыдис, уæд-дæр… Йæ алыварс ын дуртæй бырутæ самадта.

Уастырджи зæхмæ уазæгуаты æрцыд, бирæ фос кæмæ уыд, уыдонмæ-иу æрфысым кодта, фæлæ йын иу уæрыкк дæр ничи аргæвста æмæ йæ фысымтæн сæ фос иугай-дыгай мæлын райдыдтой. Стæй уæд мæгуыр лæгмæ æрфысым кодта. Мæгуыр лæг катæйттыл фæци:

«Мæ сæныкк аргæвдин æмæ мæ далыс иунæгæй куыд уыдзæн, мæ далыс аргæвдин æмæ мæ сæныкк иунæгæй куыд уыдзæн?».

Фæлæ, уазæг Хуыцауы уазæг у, зæгъгæ, загъта, æмæ йæ далыс аргæвста. Уастырджийы хорз федта. Цæуынвæнд скодта Уастырджи æмæ мæгуыр лæгмæ дзуры. Дæ дуар бакæн æмæ ацæуон. Мæгуыр лæг дуарыл архайы æмæ йын кæнын нæ комы.

– Æмæ мын куынæ комы…

Йæ бырутæ фосæй афтæ байдзаг сты, æмæ йæ дуар кæнын нал куымдта.

Æрвадиуæггæнæг ирон мыггæгтæ хицæн таурæгътæм гæсгæ

*Тогъуызатæ – Сацлайтæ – Хаситæ – Гуситæ – Багъæратæ

*Толпартæ – Магкотæ – Цæрæккатæ – Золойтæ – Цæрæктæ

*Томайтæ – Будзитæ – Къозонтæ

*Томайтæ – Гуыбатæ – Цæгæратæ – Гагуылатæ

*Торчынтæ – Хæбæлатæ – Дойатæ – Тотитæ – Пхалæгатæ

*Тотратæ – Дзебысатæ

*Туатæ – Уалытæ – Хацыртæ – Уазæгтæ – Задытæ

*Тыджытæ – Хæбæлатæ – Гуыбатæ

*Тыджытæ – Цъæхилтæ – Карсантæ

*Тъехтæ – Цыбыртæ – Тыбылтæ

*Тъуритæ – Габетæ – Мелыкатæ – Хъайтмазтæ – Хъæцмæзтæ

*Тхостатæ – Ногъайтæ – Плитæ – Сахъмантæ – Сырхаутæ

*Уырыгатæ – Саппиатæ

*Уырымтæ – Кæсæбитæ – Пагæтæ – Гозымтæ – Фардзинтæ

ÆМБИСОНДЫ ХАБÆРТТÆ

Дыууæ чъындыйы

Дыууæ лæгæн сæ чъындыйы кой адæмыл хъуыстгонд уыд. Иу æхсæв дзы иу иннæмæ æрфысым кодта. Бадынц, кæрæдзийæн сæ хъæстытæ кæнынц. Фысым дзуры:

– Гъеныр, нæ рухс цæмæн хъæуы, уæлдай фæлхас цы кæнæм?.. – æмæ цырагъ ахуыссын кодта.

 Уæд талынджы уазæг дæр сызмæлыд, цыдæр архайы.

– Цы ми кæныс, мæ буц уазæг? – фæрсы йæ фысым.

– Мæнæ мæ хæлаф ласын, талынджы мæ цæмæн хъæуы, æнæхъуаджы бандоныл цы ихсыйы æндæр… – загъта уазæг.

Быдираг хамбохъ

Иу дыгурон лæг хохæй быдырмæ уазæгуаты æрæфтыд. Иу хæдзары æрфысым кодта. Æхсæвæрафон куы ‘рхæццæ, уæд хæдзары æфсин уазæджы фæрсы:

– Цы ахæрдзынæ, уазæг, фыдызгъæл дын сфыцон æви хамбохъ?

Уазæг ахъуыдытæ кодта æмæ афтæ зæгъы:

– Фыдызгъæл нæхимæ дæр бахæрын, фæлæ хамбохъ никуы бахордтон æмæ йæ куы бафæлварин…

Уазæг æмæ фысым ныхæстæ кæнынц. Æфсин уæларт аджы дон сæвæрдта, ссад ыл азмæста æмæ йæ сфыхта.

– Уæхи фынгмæ хæстæгдæр æрбакæнут, – дзуры æфсин.

Фысым уыцы адджынæн райдыдта хæрын. Уазæг йæ къусæй иу хуыпп куы скодта, уæд джихæй аззад:

– Ай нæхемæ донбæл халтъамадон ку æй… – фестад фынгæй æмæ цæуынмæ фæци.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.