Хъаныхъуаты Иналы райгуырдыл сæххæст 170 азы

Уый дæр уыд, ирон адæмæй курдиаты ныхыфыст чи рахаста, Ирыстон æмæ ирон адæмы хъысмæт зæрдиагæй æмæ мæлæты бонмæ кæй æндæвтой, нæ уыцы разагъды лæгтæй. Иронау кæй нæ фыста, уый махæн бар нæ дæтты, цæмæй йын ма аргъ кæнæм, куыд æм æмбæлы, афтæ. Уырыссагау кæй фыста, уый нæ нысан кæны æмæ йæ мадæлон æвзаг нæ зыдта кæнæ нæ уарзта. Уый дæр йæ ныхыфысты уыд, йæ хъысмæты сæйраг хай. Инал уыд фыссæг æмæ рухстауæг, йæ рæстæджы уыд Ирыстоны раззагдæр æхсæнадон архайджыты рæнхъы. Уый зынгæ бавæрæн бахаста ирон адæмы этнографи, истори æмæ культурæ ахуыр кæныны хъуыддагмæ. Йе ппæт тыхтæй дæр архайдта, цæмæй Ирыстоны бастдзинад Уæрæсеимæ æнгомдæр кæна.

Хъаныхъуаты Дудары фырт Инал райгуырд 1851 азы, Хъаныхъуаты хъæуы (ныры Джызæл) бонджын æлдары хæдзары. 1959 азы йæ ахуыр кæнынмæ радтой Стъараполы гимназы цæттæгæнæн къласмæ. Фæлæ йæ фыд Дудар Куындыхаты инæлар Муссæйы амындæй сфæнд кодта Туркмæ лидзын. Йæ фарастаздзыд лæппуйы гимназæй ракодта æмæ йæ бинонтимæ иннæ хохаг адæмтимæ араст дард æмæ уæззау фæндагыл. Ирон адæмы уыцы сайдвæстаг фæндаджы райда-йæны тыххæй Инал фæстæдæр афтæ фыста:

«Имам Шамилы уацары куы акодтой, уæд Кавказы цæрæг адæмтæн сæ ныфс асаст, сæ зæрдæтæ бамæгуыр сты, банкъардтой, сæ райгуырæн бæстæ сын цæрынæн кæй суынгæг, уый. Ныр бæлвырдæй сæхи цæстæй федтой, туджы аргъæй кæй балхæдтой, афтæ хъæбатырæй знагимæ цы сæрибары сæрвæлтау тох кодтой, уымæн кæрон кæй æрцыд. Ноджы стырдæр мæты бацыдысты хохæгтæ, се ‘хсæн, уæ цоты уын салдæттæй кæндзысты, зæгъгæ, ахæм ныхæстæ куы апырх сты, уæд. Гъе, ацы хабар фехъусгæйæ хохæгтæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, ныууадзæм нæ райгуырæн бæстæ, тæккæ æрæджы дæр ма нæ туг кæуыл калдтам, уыцы зæхх æмæ æдас бынатагур фæлидзæм Стамбулмæ, уæд афтæ хуыдтой Турчы бæстæ. Уым нæхицæн сæрибарæй цæрдзыстæм, нæ цот та хызт уыдзысты салдаты фыдæбойнаг цардæй». 

Фæлæ Иналы фыд Дудар тагъд бамбæрста, Турчы цард тынг зын кæй уыдзæн, æрмæст дзы дыууæ къуырийы ацардысты æмæ сыздæхтысты Ирыстонмæ. Æлдар йæ бинонтимæ æрцард Бруты хъæуы. Инал фæстæмæ ахуыр кæнын райдыдта Стъараполы гимназы, 1872 азы йæ каст фæци æмæ райста аттестат. Уыцы аз, сентябры Инал ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы æфсæддон-артиллеристон училищемæ æмæ йæ 1874 азы каст фæци поручикы цины. Уырыссаг æфсады службæ кæнгæйæ, архайдта 1877-1878 азты уырыссаг-туркаг хæсты.

Дарддæр 18 азы арвыста Сыбыры, Дард Скæсæны, Уссурийскы, 1844 азмæ уыд æфсæддон службæйы. Отставкæйы куы рацыд, уæд æрцард Владивостокы. Афæдз акуыста ахуыргæнæгæй, уыд горæты управæйы нымæрдар, архайдта периодикон мыхуыры куысты. Йæ фыдыбæстæйæ дард уæвгæйæ, Инал нæ рох кодта Кавказ, йæ былыцъæрттæ хордта фæстæмæ сыздæхынмæ. Æмæ мæнæ 1897 азы, 23 январы рараст Владивостокæй Ирыстонмæ науыл. Йæ фæндаг рауад тынг дæргъвæтин: нау Одессæмæ бахæццæ 2 мæйы фæстæ. Йæ фæндаг уыд Нагасаки æмæ Сингапурыл, Цейлон æмæ Коломбойыл, Порт-Саид æмæ Константинополыл… Уыцы бæстæты цы федта, уыдон фыста йæ фæндаггон боныджы. Ирыстонмæ схæццæ мартъийы кæрон кæнæ апрелы райдиан. Æрцард Бруты.

Инал тынг хорз зыдта ирон æвзаг, фæлæ уыцы заманы ирон газеттæ кæй нæма цыдысты, уымæ гæсгæ фыста уырыссагау. Фыссын райдыдта Стъараполы гимназы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йе сфæлдыстадон куысты фыццаг æмбисмæ хауынц 1870-1879 азты, Кавказы-ма куы уыд, уæд кæй ныффыста, уыцы уацмыстæ: очерктæ: «В осетинском ауле», «Горцы-переселенцы», «Кровный стол», радзырдтæ «Две смерти», «Воровстово – месть», публицистон уацтæ. Йе сфæлдыстады дыккаг æмбисмæ хауынц 1879 азы, Сыбыры æмæ Дард Скæсæны фыст æмдзæвгæтæ, уацтæ, фельетонтæ.

Хъаныхъуаты Иналы уацмысты сæ бынат ссардтой ирон адæмы истори, царды фæзындтæ, уæззау уавæртæ, Туркмæ алыгъды хабæрттæ æмæ афтæ дарддæр.

Иналы фыццаг сфæлдыстадон фæлварæн уыд очерк «Ирон хъæу» («В осетинском ауле»), ныффыста йæ 1870 азы гимназыма куы ахуыр кодта, уæд. 1875 азы мыхуыргонд æрцыд «Сборник сведений о кавказских горцах»-ы VIII рауагъды. Уацмысы æвдыст цæуы ирон хъæуы цард, хуымæтæг адæмы гæвзыкк уавæр, сæ царды фæтк, се ‘гъдæуттæ, сæ уырнынад, социалон ахастытæ зæхкусæг адæм æмæ «царды хицæутты» æхсæн… Фыссæг йæ очеркы карз тæрхон хæссы æрцæуæг æлдæрттæн, абырæгдзинадæн, зианхæссæг ирон æгъдæуттæн. Мæгуыр хохаг ирæтты æвдисы хъайтарон миниуджытимæ, патриоттæй. Ахæмтæ сты зæронд лæг Мосе æмæ слепцовскаг операциты хъæбатыр архайæг Хатæхцыхъо. Кæд иннæтау мæгуыр æмæ гæвзыкк у, уæддæр æнкъард нæ кæны, нæ сæтты йæ ныфс. Æууæнды фидæныл. Уæлдай æнкъарæнтæ фыссæгмæ гуырын кæны хохаг сылгоймаджы уæззау уавæр.

Йæ иннæ очерк «Хохаджы фыстытæ» æвдисы Туркмæ лидзæг адæмы трагедийы нывтæ. Уыцы темæйыл дзурæг у йæ уац «От Александрополя до Эрзерума» (1878), уым автор биноныгдæр æрдзырдта Туркмæ алыгъды аххосæгтыл. Уыцы уацмысты автор дзуры æлдæртты, буржуазон интеллигентты, чиновникты гадзрахатдзинадыл, æрмæст цинтæ æмæ исбоны тыххæй чи службæ кодта, уыдоныл. Ахæм æлхæд лæгтæ уыдысты ирон-æфсæддон зылды хицау, инæлар Куындыхаты Муссæ æмæ Иналы фыды æфсымæр капитан Хъаныхъуаты Елдзарыхъо. Уыдон 1861 азы мæгуыр хæххон адæмы акодтой рæдыд фæндагыл, ныууадзын сын кодтой сæ райгуырæн бæстæ, Турчы сын дзæнæты цардæй зæрдæ бавæргæйæ. Уымæн фыста Инал йæ зындгонд очеркы:

«Цымæ æмбарынц, цы ми кæнынц, уый, зонынц, кæдæм тырнынц, уый? Нæ, не ‘мбарынц, нæ зонынц. Уыдон æрмæстдæр зонынц уый, æмæ кæмдæр арвы кæрон ис иу бæстæ, æмæ йæ ном та хуыйны Стамбул. Ноджы зонынц, уыцы аргъæутты Стамбулы се ‘мдин æфсымæртæ кæй цæрынц, уый. Уыдон афтæ разæнгардæй уымæн тырнынц, æмæ сын сæ хæрзгæнджытæ зæрдæ бавæрдтой, уыцы дзæнæттон бæстæйы сæ цард хуыздæр кæй уыдзæн, уымæй. 

О, гæныстон æрбауой, кæй сайды фесты, уыдон! Куыд фæфыдæнхъæл сты æнамонд лигъдæттæ, æцæгдзинад куы бамбæрстой, уæд æмæ цы фыдæлгъыст кодтой, ацы хъизæмайраг фæндæгтыл сæ чи бафтыдта, уыдоны! Ныр, бамбæрстой, сæ уæлмонц бæллицтæ æцæгдзинады рагъыл кæй ныппырх сты, сæ рæуæууæнчы азар сæ кæй басыгъта, хорз цардæй сын зæрдæ чи æвæрдта уыцы аминдигæнджытыл куы баууæндыдысты, уæд. Æмæ мæнæ уыцы пысылмон дины æнувыд цагъарты аххосæй сæфты къахыл ныллæууыдысты». 

Йæ уацмысты хуыздæртæй иу – радзырд «Дыууæ мæлæты»-йы фыссæг равдыста фыдæлтыккон тугисыны æгъдауы зианхæссæг фæстиуджытæ. Уыцы æгъдауыл ма фыста йæ уацтæй цалдæры («К вопросу об уничтожении вредных обычаев среди кавказских горцев» æмæ æнд.)

Хъаныхъуаты Иналы сфæлдыстадон куысты дыккаг æмбис райдыдта йæ фыдыбæстæй дард, Сыбыры æмæ Дард Скæсæны, уым фæци 1879-1897 азты. Ам ныффыста 50 æмдзæвгæйæ фылдæр, тынг бирæ публицистон уацтæ æмæ рецензитæ, мыхуыры йын цыдысты дардскæсæйнаг газетты «Окраина» æмæ «Владивосток»-ы, тифлисаг газет «Кавказ»-ы. Йæ уацмыстæ-иу бафыста псевдонимтæй «И.Восточный», «Иронов» æмæ æндæртæй.

Æцæгæлон бæсты Инал фыста, сæ хæдзæрттæ æмæ хуымтæ кæмæн фæдæлдон сты, уыцы уырыссаг зæхкусджыты уæззау уавæрыл («В страдную пору»), мæгуыр къæрейæгтыл («На бухте»), йæ хæрæг кæмæн амард æмæ ууыл чи хъынцъым кæны, уыцы мæуыр ирон лæгыл («Горе Алибека») æ.а.д. Инал карз тæрхон кæны тугкалæн хæстæн («Кровь и слезы», «На батарее», «Апофеоз войны» æмæ æнд.)

Инал арæх йе ‘ргом здæхта сатирæйы жанрмæ дæр (фельетонтæ «Из летописей города Ориенвилля», «Рефлексы тротуара» æмæ æнд.)

Йæ бирæ тухæнтæ, хæтгæ царды уавæр-тæ, Фыдыбæстæйæ дард цард æнæфæ-зынгæ нæ фесты Иналы æнæниздзинадыл: 1899 азы ахицæн йæ цардæй. Ныгæд у Бруты хъæуы. Уый раджы уыд, æнусæй фылдæры размæ. Инал йæ сабибонты, йæ фыдыуæзæгæй хицæн кæнгæйæ цы рыст бавзæрста, уый дæр куыднæ бандæвтаид йе нæниздзинад æмæ йæ хъысмæтыл:

«Ныр дæр ма мæ хъустыл уайы, мæ мад нæ хæдзары къæсæрæй куы рацæйхызтис, уæд куыд ныббогъ-богъ кодта, уый, стæй цыма рох дæр никуы фæкæндзынæн уыцы зæрдæхалæн куыд, афтæ мæм кæсы. 

Æмæ мæнæ рацыдыстæм кæртмæ. Уæр-дæттæ фенкъуыстысты æмæ сабыргай араст сты. Мах цыдыстæм сæ фæдыл, цыма мæрддзыгойы адæм уыдыстæм, уыйау. Нæ фæндаджы фæйнæфарс лæууыдысты гæрзифтонг барджытæ. Сылгоймæгтæ сæм куы баввахс сты, уæд сæ бæхтæй æрхызтысты, æгъдаумæ гæсгæ, уæздан лæуд æркодтой æмæ нын фæндаг радтой?

Сылгоймæгтæ сæ размæ куы бахæццæ сты, уæд сæ кæуын фæурæдтой, æмæ, сæ цæстытæ бынмæ æруадзгæйæ, цыдысты æнæдзургæйæ. Уыцы барджытæ уыдысты нæ хæстæджытæ æмæ нæ зонгæтæ. Ардæм æрбацыдысты махæн фæндараст зæгъын-мæ. 

Хъæуæй иуцасдæр куы адард стæм, уæд нæ уæрдæттæ æрурæдтам, рахызтыстæм æмæ хæрзбон загътам, нæ фæдыл чи цыди, уыдонæн… Сбадтыстæм уæрдæтты æмæ… Уæрдæттæ ныхъхъыррыст кодтой, æмæ уыцы цъæхснаг хъыррысты хъуыстис нæ фæстаг хæрзбон. Куыдтам иууылдæр. Фæстæмæ ма иу каст фæкодтон æмæ федтон, сылгоймæгтæ цавддуртау куыд лæууыдысты æмæ нæ æнкъард цæстæнгасæй куыд фæндараст кодтой, уый.

Фыссæг Дзанайты Сергей Хъаныхъуаты Иналы тыххæй фыста: «… йе сфæлдыстадон бынтæн стыр аргъ ис. Уыдон ирон литературæ хъæздыг кæнынц ног хъомыладон æмæ зонадон документтæй. Фæзминаг сты Фыдыбæстæмæ йæ удуæлдай уарзондзинад æмæ иузæрдиондзинад, Фыдыбæстæйы сæрибары сæрвæлтау йæ царды фæстаг бонмæ кæй тох кодта, уый. Царды æмбыд æмæ фæстæзадæй цы уыд, уый ныхмæ тохгæнгæйæ, Инал адæмы æхсæн парахат кодта сæрибары, рухсы, рæстдзинады æмæ хæлардзинады идейæтæ; амыдта сын ног адæймаджы миниуджытæ: патриотизм, гуманизм, знæгтæм æгъатырдзинад, хи нацийæн аргъ кæ-ныны æнкъарæнтæ, рæстдзинад æмæ æмбардзинадæн аргъ кæнын æмæ æндæртæ».

Æппæт уыдæттæ Инал йæхæдæг хуыздæр æмæ зæрдæмæхъаргæдæрæй равдыста:

«Куыд ирд æмæ куыд æхсызгон у изæрыгон хæхты! Рог уддзæфы сатæг уæнгты хизы. Мæнæ хурыскæсæны ‘рдыгæй ферттывта иу гыццыл стъалы, уый бафæзмыдтой иннæтæ дæр, æмæ куыдфæстагмæ æгæрон цъæх арвы тыгъдады мин-мин стъалыйы, кæрæдзимæ сæ ирд цæстытæ ныкъулгæйæ, тæмæнтæ калынц.  

Куыд æхсызгонæй узæлы ирдгæ дымгæ фæллад уæнгтыл æмæ куыд æнцон у улæфын! Мæрдон фынæй бауин афтæ уæлгоммæ хуысгæйæ, фæлæ мын мæ рынчын хойы хъæрзын мæ хуыссæг фæсырдта. 

Цалхыдзаг мæйы рухсмæ зыны, мæ мад йæ чызджы нывæрзæн куыд бады æмæ куыд æрхæндæгæй кæсы йæ рынчын хъæбулмæ, уый. Æнхъæлдæн æмæ кæугæ кæны. Мæгуыр дæ бон, ныййарæг! Йæхицæн йæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси фæндаджы фыдтухитæй, дойныйæ хъырды кæны, фæлæ уæддæр бады йæ уарзон чызджы уæлхъус. Бæргæ, истæмæй йын куы феххуыс кæнид йæ хъизæмæрттæ фæрогдæр кæнынæн. Хуыцау – æвдисæн – йæ цард дæр раттид, фæлæ, хъыгагæн, уыцы бæллицтæн сæххæстгæнæн нæй. Æмæ æдзæмæй бады, йæ цæссыгæй йæхи æхсгæйæ, зæрдæтæ æвæры йæ рынчынæн.  

Æниу, сæдæгай азты адæмы хъыгтæ æмæ цинтæн æвдисæн чи у, уыцы тызмæг айнæг къæдзæхтæн цы уадиссаг у ацы ныв?.. Кæннод, адæймаджы царды алы фæзылдмæ дæр ирд цæстæй чи кæсы, уыцы æрттивгæ стъалыты уый мæт ис?!. Цы уæлдай у, дунейы равзæрдæй нырмæ йæ фæндагыл иугæндзонæй чи тындзы, уыцы мæйæн та? Нæ, æвæццæгæн, дæ алфамбылай цы æрдз ис, ууыл зæрдæ дарæн нæй æмæ, ныййарæг, ку, дæ бон цас у, уыйбæрц. Дæхицæн æнцондæр уыдзæн. Чи зоны, иунæг Стыр Хуыцау фена дæ судзгæ цæссыгтæ æмæ дын йе ‘ппæтхъом тыхæй баххуыс кæна».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.