Æмбалты Цоцко – 150 азы

Кæмæндæриддæр Ирыстоны фарны лæг схонæн ис, уыдоны фыццæгтæй иу, æнæдызæрдыгæй, Æмбалты Цоцко у. Ирыстоны рухстауæг, ирон адæмы талынгæй рухсмæ ракæныныл иууыл зæрдиагдæр архайæг, дæсны тæлмацгæнæг æмæ историон хабæрттæ фыссæг. Раст уыдис Тыбылты Алыксандр, 1925 азы, Цоцкойы амæлæтæй 12 азы раздæр, афтæ кæй фыста, зæгъгæ, нæ фидæн нын чи иртаса, уыдон бæрзонд аргъ скæндзысты Цоцкойы сфæлдыстадон бынтæн æмæ нымад æрцæудзæн стыр гоймагыл.

Алыксандр Цоцкойы тыххæй фыста, Цоцко ма йæ тæккæ сфæлдыстадон куыст кæныныл куы уыд, уыцы рæстæджы. Фæстæдæр чи фыста Цоцкойы тыххæй (Содтиты Риммæ сæрмагонд чиныг дæр бацæттæ кодта Цоцкойы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй), уыдоны куыстытæ æмæ Алыксандры уацы ‘хсæн дзæвгар хицæндзинæдтæ ис. Æгæрстæмæй йæ райгуырды аз дæр алы æмæ алы гуырæнты æндæргъуызон у. Иуæй-иу рæтты у 1870 азы гуырд, æндæр æрмæджыты та – 1871 азы. Фæлæ, æвæццæгæн, фылдæрбæрцæй æууæндын хъæуы Алыксандрыл, уымæн æмæ уый Цоцкойы тыххæй алцы дæр ныффыста йæ удæгасæй, архивты æмæ йæ æндæр гуырæнты зонæнтæ агурыны сæр нæ хъуыд.

«Ирон чиныгæн, ирон литературæйæн Æмбалты Цоцко фæрныг куыст бакодта.  Сæрмагондæй ирон æвзагыл ницы ныффыста. Уый чингуытæ æндæр æвзæгтæй æрмæст ивгæ кодта ирон æвзагмæ.  Æмбалты Цоцко иттæг хорз зоны æндæр æвзæгты литературон хæзнатæ; зоны, куыд хъæуы æвзарын хорз чиныг æв-зæрæй; æмбары рæсугъд чиныджы ад. Уый æндæр æвзæгтæй ахæм чингуытæ ивы, нæ ирон адæм бæрзонд æмæ рæсугъд хъуыдытæ кæцæй райсой. Уый æрмæст ахæм чингуытæ ивы ирон æвзагмæ, сæрибар æмæ тохы тыххæй чи дзуры, æфхæрд адæймаджы сæрыл чи хæцы. Иунæг ахæм рæнхъ нæ раивта Æмбалты Цоцко, йæ хъуыды арф æмæ бæрзонд кæмæн нæу, ирон адæмæн пайда чи нæ æрхæсдзæнис».

Æмбалты Цоцко ирон æвзагмæ раивта Шиллеры чиныг «Вильгельм Телль». Кæцы чиныджы Шиллер бæрзонд систа рагон швейцариаг адæмы ном. Швейцарийы хæххон чысыл адæм сæрибары тыххæй сæ сæр мæлæтмæ радтой æмæ сæ бæстæй фæтардтой æцæгæлон æлдæртты.  Сæдæ азы дæргъы Шиллеры чиныг сæрибары фæндагыл аразы Германы фæсивæды.

Цымыдисаг уый у, æмæ Алыксандыр йæ уац кæй ныффыста Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй авд азы раздæр. Уымæ гæсгæ, фæстæдæр чи фыста Цоцкойы тæлмацты тыххæй, уыцы автортимæ абаргæйæ уæды рæстæджы Алыксандрæн бынтон æндæр цæстæнгас уыд немыцаг адæммæ æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæбандавгæ нæ уыдаид, Цоцко немыцаг литературæйæ кæй раивта, уыцы тæлмацгонд уацмыстæм дæр. Æмæ уый æмбæрстгонд у. Зæгъæм, гуырдзиаг фысджыты уацмыстæй ирон æвзагмæ тæлмац чи æрцыд, уыдонмæ советон дуджы бынтон æндæр ахаст уыдис ирон адæмæн, уæд кæрæдзийæ тæлмац кæнын нормалон хъуыддагыл нымад цыдис.  Фæлæ ма ныр исчи ба-фæлварæд гуырдзиаг фысджыты уацмыстæ тæлмац кæныныл!..

Уымæн фыссы ахæм зæрдæйыуагимæ Алыкcандр: «Ирон адæм дæр, швейцариаг мыггæгтау, хохы цъассыты цæрынц. Нæ цард æмæ не ‘гъдæуттæ швейцариаг адæмы рагон æгъдæуттæм æввахс сты. Мах дæр рагæй хæцыдыстæм æцæгæлон æлдæрттимæ. Шиллер йæ чиныджы цæуыл сагъæс кæны, уый арф бахъардзæни нæ фæсивæды зæрдæмæ. «Вильгельм Телль» нæ фæ-сивæдæн бацамондзæни, куыд хъæуы мæлын сæрибары тыххæй».

Уырыссаг фыссæг Короленкойы уацмыстæн сæ ахсджигадæр «Макары фын» у. Мæгуыр Макары æнтъæрдау-æнтъæрд кодтой хъæуыхицау æмæ иннæ æлдæрттæ; тардтой йæ сауджынтæ; домдтой йæ хъуагдзинад æмæ стонгдзинад, хъызт-уазал æмæ æнтæф, къæвда æмæ хус рæстæг, салд зæхх æмæ фыд-боны Тайга… Йæ цæргæцæрæнбонты мæгуыр Макар хаста æвирхъау уæззау уаргъ.  Революцийы агъоммæ нæ хъæууон кусæг адæм дæр цардысты Макары цардæй. Уымæ гæсгæ æнцон уыдаид ирон кусæг лæгæн Макары рис бамбарын. Уый охыл раивта Æмбалты Цоцко ирон æвзагмæ Короленкойы таурæгъ «Макары фын».

Иу рæсугъд аргъау ныффыста уырыссаг фыссæг Вересаев. Аргъауы ном хуыйны «Стъалы». Уыцы аргъауы сахъгуырдтæ уæларвмæ стъалытæ хæссынмæ цæуынц, цæмæй тар æмæ æнуд зæххыл цард ног æгъдæуттыл саразой. Æмбалты Цоцко уыцы аргъау дæр раивта ирон фæсивæдæн, цæмæй сæ бафтауа уæла-хизтæм тырнæг фæндагыл.

Тынг арф айста Æмбалты Цоцко йæ зæрдæмæ Андерсены аргъæуттæ. Андерсены фыстытæй Цоцко  ирон æв-загмæ раивта «Фыдуынд бабызы цъиу» æмæ «Булæмæргъ».  Тыхджын хъæздыг æвзагæй раивта Æмбалты Цоцко Хирьяковы «Стыр тох». Ацы чиныджы тыххæй Цоцко уæлдай арфæйаг у ирон адæмæн. Брытъиаты Елбыздыхъо йæ «Амыран» куы фыста, уæд æнæмæнгæй йæ зæрдыл дардта «Стыр тох», бирæ хъуыдытæ æмæ нывтæ систа уыцы чиныгæй.  Кæддæрты-иу Æмбалты Цоцко бафæлвæрдта стихтæ раивыныл дæр, æмæ йын уыдон дæр рæсугъд рауадысты. Уырыссаг поэт Языковы «Денджыз» Цоцкойы тæлмацæй йæ оригиналæй къаддæр нæу.

Иу дуджы Æмбалты Цоцко æндæр æвзæгтæй тæлмац кæныны куыст ныууагъта æмæ райдыдта кусын Нарты кадджытыл. Уыцы кадджытæй иу чысыл чиныг джиппы дæр рауагъта.  Тæлмацы фадыджы Цоцко стыр дæсныйад равдыста. Йæ раивгæ чингуытæ иттæг æввахс лæууынц сæ оригиналтæм, ницæмæй фесты уыдонæй æвзæрдæр.

Алы чиныгæн дæр сæрмагонд аивтæ, сæрмагонд ахастытæ вæййы. Цоцко, искæй чиныг тæлмацгæнгæйæ, оригиналы рæсугъд ахастытæй фæсте ницы уагъта, æрмæст сæм хаста ахæм ирон комулæфт, цыма се ппæтæн дæр сæ автортæ ирæттæ уыдысты.

«Къуымых æмæ гуылмызыл нымайæм мах нæ ирон æвзаг, къæзгæйæ дзурæм иронау. Фæлæ Цоцко куы байдайы дзурын ирон æвзагæй, уæд цыма æнæбын малæй исы рæсугъд æмæ арф ирон ныхæстæ. Афтæмæй йын бантыстис раивын «Вильгельм Телль» – Шиллер гермайнаг æвзаджы рæсугъддзинад æмæ тых æххæстæй кæм равдыста.

Ирон æвзаг гуырысхойаг кæмæн у, ирон æвзагыл фыссын æмæ дзурын кæй фæнды, уыдон æнувыдæй бакæсæнт Цоцкойы тæлмацгонд чингуытæ», – фыссы Алыксандр.

«Æмбалты Цоцко нырма йæ фæстаг ныхас нæ загъта. Нырма Цоцко цардбарæг лæг у, æмæ йæ тыхтæ йæхимæ сты. Æвзонг ирон литературæйы мæсыг амайджытæй сæ иу Цоцко уыдис. Æвæццæгæн, дарддæр афтæ нæ фæлæудзæнис, æмæ та уыцы мæсыгыл исты ног зынаргъ дур ма æрæвæра», – фыста Цоцкойы амæлæтæй дыууадæс азы размæ Тыбылты Алыксандр. Æмæ раст уыд. Æвæрдта дуртæ уыцы мæсыгыл, зы-наргъ дуртæ. Æмæ йæ уый тыххæй бабын кодтой, Ирыстонæн хорз кæй уыдис, уый тыххæй. Ирон фысджыты уацмысты чингуытæ кæй уагъта, уый тыххæй. Къостайы мæрдон буар Лабæйæ Ирыстонмæ æрхæссыныл кæй бацархайдта æмæ уыцы хъуыддаджы йæхæдæг дæр хайад кæй райста, уый тыххæй. 1906 азы «Ирон газет»-æн хур кæй фенын кодта, уый тыххæй. Газет «Ног цард» кæй уагъта, уый тыххæй. Ирон дзыхæйдзургæ сфæлдыстад æмбырд кæныныл йæ царды бонтæ кæй батыдта, уый тыххæй. Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат бацæттæ кæныны хъуыддаджы йæ комкоммæ хайбавæрды тыххæй.

Боныфæстагмæ, Ирыстон æмæ ирон адæмы йæ удæй фылдæр кæй уарзта æмæ сын æнувыдæй кæй лæггад кодта, уый тыххæй йæ агæрах кодтой 1937 азы…

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.