Хъаныхъуаты Иналы райгуырдыл сæххæст 170 азы.

Поэт, прозаик æмæ публицист Хъаныхъуаты Дауыты фырт Инал райгуырд 1851 азы Цæгат Ирыстоны Джызæлы хъæуы. Йæ бинонтæ рæстæмбис цард кæй кодтой, уый йын фадæттæ сарæзта, цæмæй каст фæуыдаид Стъараполы фыццæгæм гимназ, уый фæстæ та – æфсæддон-артиллерион ахуыргæнæндон. Афицеры цин райсыны фæстæ Инал æрвыст æрцыдис уырыссаг-туркаг хæстмæ. Уым йæ хъæбатырдзинæдтæ æвдыста дыууæ азмæ æввахс æмæ уый фæстæ æрвыст æрцыдис Скæсæн-Сыбыраг артиллерион бригадæмæ. Æфсæддон службæйæ фондз азы фæстæ куы ссæрибар, уæд ацыд горæт Владивостокмæ. Уым Инал куыста ахуыргæнæгæй, горæты администрацийы, бынæттон мыхуыры органты. Кæд йæ хъарутæ æмæ зонындзинæдтыл нæ ауæрста, алы куыстуаты дæр йæ хæстæ æххæст кодта зæрдæхæларæй, уæддæр æдзух хъуыды кодта Ирыстонмæ æрыздæхыныл.

Инал сфæлдыстадон куыст рагæй кодта, æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, очерктæ фыссын райдыдта, Стъараполы гимназийы ма куы ахуыр кодта, уæд, фæлæ сæ никæмæн уынын кодта æмæ мыхуыры фæрстыл дæр нæ зындысты. Райдианы рæвдздæр уыдис очерктæ фыссынмæ. Сæйраджыдæр сæ æвдыста, уыцы азты ирон адæмы царды цы зынгæдæр цаутæ уыдис, уыдон. Кавказаг адæмты историйы трагикон цау, пысылмон дингæнджыты иу хай Туркмæ куыд алыгъдысты æмæ сæм уым цы фыдæбæттæ æнхъæлмæ каст, ууыл фыст у йæ очерк «Хохæгтæ-лигъдæттæ». Туркмæ алидзæг пысылмонтимæ уыдысты Иналы бинонтæ дæр, фæлæ сайды кæй фесты уый тагъд бамбæрстой æмæ фæстæмæ æрбаздæхтысты Ирыстонмæ.

Инал йе ‘мдзæвгæты фылдæр хай ныффыста, Скæ-сæны ма куы уыд, уæд. Сæ фылдæры автор дзуры æмæ æргом кæны йæ патриотикон æнкъарæнтæ. Æвдисы ма сæ, йæхиау адæмты рухс æмæ сабыр цардмæ чи тырны, фæлæ сæ разы стыр ныхдуртæ кæмæн ис, уыдон раст хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ дæр. Йе ‘мдзæвгæ «Фæллад бæлццонмæ» райдыдта ахæм дзырдтæй:

 

Уый та ногæй уæларв у дæ размæ хъуынтъыз,

Мигъ та хурæн æрлæууыд йæ разы.

Æмæ нал зыны хур, барæй сау мигъты тъыст…

Арв ныннæрыдис…къæвда дзыназы.

Ацы рæнхъыты автор кæд йæ хъуыдытæ æвдисы æрдзон фæзындты фæрцы, уæддæр сæ бындур та у, адæмты цард зæрдæмæдзæугæ кæй нæу, уый. О, фæлæ ма уыимæ хорз хаты, æрвылбон дæр цы зындзинæдтæ уыны, уыдон рæстæгмæ кæй сты, уый æмæ уый та æвдисы йæ ацы æмдзæвгæйы кæройнаг рæнхъыты.

 

Къæвда банцайдзæн тагъд, ног та сирд уыдзæн бон;

Зон æй, арв дæр рæстæгмæ кæй ныссау,-

Уæд зæрдæрухсæй ды ног цæудзынæ уæндон

Æмæ дардæй уындзынæ дæ нысан.

Иналы поэзимæ чи æркæса, уый æнæрахатгæ нæ фæуыдзæнис, йæ поэзийы стыр бынат кæй ахсы, цы къуымы райгуырд, цæуын, дзурын кæм базыдта, уый. Скæсæны йæхи сæрмагонд цард æмæ хъуыддæгтæ кæд уыдысты йæ зæрдæйы фæндиаг, уæддæр растыл нæ нымадта, йæ адæмы фарсмæ кæй нæй, йæ адæм дзы цас æмбæлы, уыйбæрц лæггад кæй нæ исынц, уый æмæ-иу арæх йæ сагъæстæ æргом дæр ракодта. Йе ‘мдзæвгæ «Мæ зонгæимæ ныхас»-ы иу ран афтæ зæгъы:

 

Уым хæхтæ урс æмæ нæртонæй

Фæлгæсынц, дардæй мæм кæсынц,

Мæ сæнттæ ‘хсæвæй-бонæй

Мæн уырдæм, уыдонмæ хæссынц.

Бирæ рæстæг нæ рацыд, Инал ацы рæнхъытæ куы ныффыста, уæдæй. Ирыстонмæ куы ‘рыздæхт, уæд та йæ уыцы æнкъарæнтæ равдыста æмдзæвгæ «Ногæй Ирыстоны».

 

Ирыстон, куыд рагæй бæллыдтæн дæ хæхтæм,

Куыд бирæ фæцардтæн Сыбыры тыхстæй!..

Куыд-иу хæлæг кодтон рæубазыр æврæгътæм!..

Мæ уынгæг фынты дыл, хъæбулау тыхстæн.

Инал Сыбыры афтæ бирæ рæстæг дæр нæ баззад, фæлæ йæм æппынæдзух Ирыстон, йæ адæммæ æрыздæхыны хъуыдытæ кæй уыд, уый тыххæй йæм фæкаст бирæ.

Инал хорз зæрдæ æрмæст йæ бæстæ æмæ адæммæ нæ дардта, фæлæ ма йын цы æмгæрттæ уыдис, уыдонмæ дæр. Уый сæ фæфылдæр кæныныл никуы архайдта, фæлæ йын æмгары бынаты чи уыд, уыдон уыдысты, хорз æй чи æмбæрста, æнувыддæр кæимæ уыд, ахæмтæ. Инал искæй циныл цин кæнын зыдта, сæ зындзинæдтыл та сагъæс æмæ йæ уыцы хорз миниуджыты фæрцы йæ алыварс уыдысты, адæймагдзинад бирæ кæмæ уыд, ахæмтæ.

Уæды рæстæджы Инал йæ адæмты цардуагон уавæртæй райгонд кæй нæ уыд, фылдæр æм хæрамдзинады æнкъарæнтæ кæй æвзæрын кодтой, уый аххосæй-иу цардæй чи ацыд, ахæмтæм тæхуды дæр бакодта. Ацы хъуыды равдыста йе ‘мдзæвгæ «Ме ‘мбалы ингæны уæлхъус»-ы дæр.

 

Нæ, ма раст, мæ хур, хуысс дæлсыджыт фæлтау,

Хуысс, æвæлмæст, æнæхъыг, æдыхстæй,

Хуысс, цы цæуы уæлæуыл æвирхъау фынтау,

Уыцы ‘наккаг гуылмызтæй сæрхызтæй.

Инал хауд, удыхъæдæй фидар чи уыд, цард æнæхъæнæй дæр чи æмбæрста, рæсугъд æмæ фæрныг цардмæ чи тырныдта, растдæр ахæм адæймæгты къордмæ. Йæ ацы хъуыдытæ, уавæр цахæмфæнды карз æмæ мæгуырау ма уыдаид, сау мигътæ йæ алыварс куыдфæнды ма æмбырд кодтаиккой, æмæ-иу ахæм цаутæ дæр уыдис, уæддæр иу йæ раст хъуыдытæ дзырдта æмæ рæгъмæ хаста ныфсджынæй. Сау æмæ уæззау хъуыдытæ æрмæст йæ-хицæй нæ сырдта, фæлæ ма йæ алыварс чи уыд, кæимæ æмбæлд, уыдонæй дæр. Йе ‘мдзæвгæ «Фæндон»-ы иу ран афтæ зæгъы:

 

Зæрдæсаст, æссæст чи у цардæй,

Æз уыдонæн стыр ныфс дæттин

Æмæ сæ мæ ныхас мæ зардæй

Рæстдзинады тохмæ кæнин.

Иналы поэзийы кæд стырдæр бынат ахсынц рæстдзинад æмæ патриотикон æнкъарæнтæ, уæддæр дзы рох нæу æмæ йе ‘мдзæвгæты фембæлæн ис уарзтыл кæм фыссы, ахæм хъуыдытæ дæр. Уыдонæй сæ иу æмдзæвгæ «Фæуырны мæн»-ы афтæ зæгъы.

 

Фæуырны мæн, – кæсы æнхъæлмæ

Мæнмæ мæ уарзон чызг кæмдæр,

Рæсугъд у уарзт æмæ  æфсæрмæй –

Æмæ цы хъæуы мæн æндæр!

Банысан ма хъæуы уый дæр, æмæ Инал кæй фыста уырыссагау. Ирон æвзагмæ йын йæ уацмыстæ чи раивта, уыдоны ‘хсæн та сты, ирон литературæйы рæзтмæ стыр хайбавæрд чи бахаста, ахæмтæ – Калоты Гиуæрги, Букуылты Алыкси, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Джыккайты Шамил, Джусойты Нафи æмæ æндæртæ.

Иналмæ бирæ фæндтæ æмæ хъуыдытæ уыдис, фæлæ йын фескъуыдысты 48-аздзыдæй. Амард 1899 азы, ныгæд æрцыдис Бруты хъæуы уæлмæрды.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.