Ивгъуыд къуыри Мыхуыр æмæ информацийы фæдыл комитетмæ хуынд æрцыд Хъæууон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Мæргъиты Алан. Уый æрдзырдта Хъæууон хæдзарады уавæрыл æмæ йæм дарддæр цы нывæзтытæ ис, уыдон тыххæй.

«Тауыны компани æмбæлон æмгъуыдты ауадзын æмæ ног техникæ йæ раст пайда кæнын – ацы фæдыздæхтæй уал райдайдзынæн кусын», – дзырдта пресс-конференцийы Мæргъиты Алан.

Мæргъиты Аланы снысан кодтой Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæгæй февралы райдианы. Уый размæ уый куыста Паддзахадон ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды комитеты сæрдарæй.

«Хъæууон хæдзарад зындгонд аххосæгтæм гæсгæ фæстæмæ алæууыд. Республикæйы разамынад  рагæй архайы, цæмæй йæ   фæстæмæ йæ къахыл слæууын кæна. Фермерон хæдзарадтæн лæвæрд цæуынц хатырон уавæрты кредиттæ, исынц æндæр хуызы æххуыстæ дæр, фæлæ уавæр уадиссаг не ‘ггуырсы йæ бынатæй, кæд хицæн фермертæн ис æнтыстытæ, уæддæр. Раздæр Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарад нымад цыд раззагондæрыл. Фосдард, халсаргуыст æмæ дыргъгуыст кодтой колхозтæ æмæ совхозтæ. Цæрджытæ цардысты нæхи æркæнгæ хæлцадон продукттæй. Фæлæ абон сæ разы цы цæлхдуртæ æвзæры, цæмæннæ æндидзы хъæууон хæдзарад, уый тыххæй мæ фæнды зонадон конференци сорганизаци кæнын», – дзырдта Мæргъиты Алан.

Ныртæккæ цы уавæрты ис хъæууон хæдзарад, уым та архайын куыд хъæуы, уыцы фарстатыл дзургæйæ министры хæстæ æххæстгæнæг зæгъы, зæгъгæ, халсар æмæ дыргъгуыст хъæууон хæдзарады иннæ къабæзтæй бирæ пайдадæр сты. Уымæн, дам, цæвиттон у УФ. Уым стырдæр хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ ахæм куыстытæм рахызтысты. Уыдон раздæр, сæйраджыдæр, нæмыгон культурæтæ тыдтой, ныр та фылдæр кæнынц дыргъгуыст. Махмæ та фермерон хæдзарадтæ байта-уынц мæнæу, уый фæстæ йæ цы фæкæной, уый нал фæзонынц. Хорз уаид, куы скусид хойрагисæн куыстуат æмæ уым куы ссиккой сæ мæнæу, уый стыр ахъаз уаид фермертæн.

Мæргъийы фырт ма хорзыл банымадта сæнæфсиры куыст, стæй ма хъæрмуатты халсартæ тауынмæ чи æрæвнæлдта, уыцы хæдзарадты архайд дæр. Фæлæ, зæгъгæ, æрмæст дыргъ æмæ халсаргуыстæй хи фæдарæн нæй. Хъæуы хойраг тауын дæр. Хъæздыг тыллæг та уымæн нæ исæм æмæ зæххытæ смæгуыр сты. Рагацау мæрæн хъæуы анализ аразын, цæмæй базонæм, цы культурæ дзы хуыздæр æрзайдзæнис, уый. «Мæ фæнд у ахæм: æрхонæм ахæм специалистты, кæцытæ сбæрæг кæндзысты халсарæн æмæ нæмыгон культурæты байтыдтытæн чи бабæззой, уыцы зæххытæ. Хъæууон хæдзарад райтынг кæнынæн æнæмæнгхъæуæг у техникæйæ ифтонгад, зæххытæн анализ саразын, æхсыры завод, дзидзагуыстгæнæн комбинат саразын». Æхсырæрдыгъд фæфылдæр кæныны тыххæй та загъта, зæгъгæ, раздæр уый уыдис рентабелон, уымæн æмæ фосæн уæд цæттæ цыдис сенаж, алыгъуызон холлæгтæ, цæхæра æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, æхсырдыгъд дæр уыд бæрзонддæр. Ныр та фермертæ куыд зæгъынц, афтæмæй фосæн бæргæ хæрын кæнынц комбихоллаг, фæлæ уым иууыл къаддæрæй хъуамæ уаид 7 компоненты æмæ дзы уыдон та не сты. Мæргъиты Алан куыд зæгъы, афтæмæй хицауады æрдыгæй арæзт æрцæудзæн планон системæ, цæмæй сæ ныфс уа, цы продукттæ æркæной, уый реализацийæн сын уавæртæ кæй уыдзæн. Фосдард райтынг кæнынæн та, йæ хъуыдымæ гæсгæ, хуыздæр бæстæйæн нæй скæнæн. Фæлæ хъæууон лæгæн уæддæр сæйраг у куырой. Уæд сын уыдзæн сæхи ссад, сæхи комбихоллæгтæ.

«Ирагросервис»-ы куыстыл дзургæйæ, министр хъæуæгыл банымадта техникæйæн алы районы дæр ангартæ саразын. Уымæн æмæ, зæгъгæ,  уыдон сæрдæй-зымæгæй сты гом арвы бын. Механизатортæ куыд зæгъынц, афтæмæй техникæйæн уый тынг зиан хæссы. Æрæджы Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй цы техникæйы цыппар иуæджы райста министрад, уыдон дæр æмбæлонæй куыннæ æрцæуой æфснайд, уæд тагъд фехæлдзысты. Комбайныл чи хъуамæ куса ахæм адæймаг арвыстам ахуыр кæнынмæ Ставрополмæ. Иннæтæм та специалист хуынд æрцыд нæхимæ, кæцы ацы бонты сахуыр кæндзæнис механизаторты компьютеризацигонд трактортыл», – зæгъы Мæргъиты Алан.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй нæмыгон культурæтæ хуыздæр зайы Знауыры район æмæ Цъинагары зонæйы, уыцы зæххыты уалдзыгон куыстытæм бавналдзысты, куыддæр нæуæг техникæйыл сахуыр уой механизатортæ кусын, афтæ. Нырмæ сæ къухы цы техникæ уыд, уыдон дæр бацалцæг кæндзысты, фæлæ уæддæр хъæууон хæдзарадæн министрад тырндзæнис, цæмæй техникæ фæфылдæр кæной. «Хъæууон цæрæг хъуамæ йе ‘ргом аздаха дыргъгуыстмæ. Æрласæггаг дыргъæй нæхи дыргъ хæрзгъæддæр у, дзырд дæр ыл нæй, уый тыххæй махæн нæ къух аразынц нæ климатон уавæртæ. Æрмæст 15 фермер куы уа республикæйы, уæддæр сæрибарæй ифтонг кæндзысты горæты цæрджыты. Дзулфыцæн комбинатимæ хъæуы рагацау бадзырд саразын, нæхи æркæнгæ мæнæуæй сæм ссад кæй дæтдзысты. Мæгуыраудæр сорт цы хойраг уа, уымæй та хъуамæ арæзт цæуа комбихоллаг, кæрчытæн та хицæн цæуа йæ цъæмæл. Уæд йæ реализаци кæнын зын нал уыдзæн, арендаторæн. Ацы фарстытæ куы аскъуыддзаг кæнæм, уæд бирæ хуыздæр уыдзæнис йæ сомбон хъæууон хæдзарадæн». Министр зæгъы, зæгъгæ уыдон æрмæст хъуыдытæ не сты, фæлæ, мæ куысты нывæзт, æмæ зæгъгæ, архайдзæн уыдон сæххæст кæныныл.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.