Коцойты Арсен – 150 азы

 

Цӕмӕн афтӕ у, уый зын зӕгъӕн у – йӕ ныфс ничи бахӕсдзӕн ацы фарстӕн ӕмбӕлон дзуапп радтынмӕ, фӕлӕ ирон дзырдаивады классиктӕй адӕм Коцойты Арсенӕй фылдӕр кӕй никӕй уарзтой ӕмӕ уарзынц, ууыл дызӕрдыггӕнӕн нӕй. Уымӕн ӕй хуыдтой ӕмӕ хонынц ирон аив дзырды зæрингуырд.

Хуымӕтӕджы нӕ фыста номдзыд литературон критик Тыбылты Алыксандр 1927 азы: «Æвзонг ирон литературæйы мæсыгыл Коцойы-фырты радзырдтæ зынаргъ дур æрæвæрдтой… Уыцы радзырдты ирон хуымæтæг æвзаг рæсугъд амадæй равдыста йæ цæсгом, алырдæм дæр тасы, цыфæнды арф хъуыды радзурын дæр фæразы. Цы литературон æвзаг аразæм, уымæн Коцойы-фырты æлвæст æвзаг æмæ бæркадджын ныхас стыр æххуыс фæуыдзæн».

Коцойты Арсены (Габоцийы) дзырды аивдзинад дисы æфтыдта хуымӕтӕджы чиныгкӕсджыты дӕр ӕмӕ литературон критикты дæр, уымӕн ӕмӕ дæсны нывгæнæг уыд, йӕ рӕстӕджы Арсены позици ӕмӕ цӕстӕнгасы  ныхмæ сдзурын сæ бон нæ уыд цыфæнды карз критиктæн дæр. Фæлæ уæддæр арæх кодтой ӕнӕхъуаджы даутӕ Арсены сфæлдыстадыл.

Джыгкайты Шамил раст зӕгъы: «Фыццаджыдæр уымӕн, ӕмӕ советон критикæ фыссæгæй домдта революцион идеологи. Йе сфæлдыстадæн ын аргъ кодтой соцреализмы домæнтæй. Арсен нæ уыд революцион тохгæнæг, нæ йæм уыд марксистон зондахаст, йæ уацмыстæ нæ нывæста соцреализмы хуызæгыл. Уымæ гæсгæ йын фаудтой йæ метод, йæ хицæн уацмысты идейон мидис. Ахæм ахаст фадат нæ лæвæрдта Арсены сфæлдыстад бæстон сахуыр кæнынæн, йæ аивадон миниуджытæ арф раиртасынæн.

Царды фæзындтæн цас фылдæр хуызтæ уа, уыйас цард уыдзæн хъæздыгдæр æмæ фидауцджындæр. Афтæ у аивады хъуыддаг дæр. Нæй йын иу джиппы уадзæн. Фылдæр хуызтæ – фылдæр хæрзтæ. Алы курдиат дæр хъуамæ уа йæхи хуызæн, хъуамæ нæ дисы æфтауа, чи нæма уыд, ахæм миниуджытæй. Ахæм у Арсены сфæлдыстад, æмæ аргъ кæнын хъæуы, цы дзы ис, уымæн; цы дзы нæй, уый домын та уыдзæн стайы цæргæсау куыд тæхын кæнай, ахæм тыхми. Тыхми та аивадæн йæ фыддæр марæг у».

Коцойты Арсены сфӕлдыстадмӕ ӕндӕр цӕстӕй куы æркæсӕм, уӕд ӕй фендзыстӕм сыгъдæг этикон æмæ эстетикон принциптæм гæсгæ.

Арсены сфӕлдыстад рухсмӕ фӕзынд вазыгджын историон рæстæджы. ХIХ-æм æнусы 90-æм азты ивта ирон адæмы цард: æрбанхъæвзтой йæм капитализмы уылæнтæ, хæлд патриархалон цардæвæрд. Райгуырд ахуырад, æмæ зонд тох кæнын райдыдта талынг æгъдæутты ныхмæ. Æлдарад æмæ дин сæ бартæ хъахъхъæдтой карзæй, ӕмӕ адæмы социалон уавæр кодта уæззауæй уæззаудæр. Коцойы-фырт ӕрыййӕфта æмæ бавзæрста æртæ революцийы, Японы хæст, мидхæст, дыууæ дунеон хæсты. Арсены заманы æрцыдысты историйы æппæты зынгæдæр цаутæ. Уыдон æххæстæй равдисын нырма нæ бантыст æмæ нæ бантынсдзæн ӕнӕхъӕн дунеон литературæйæн дæр. Арсен дæр дзы равдыста æрмæст хицæн эпизодтæ ӕмӕ нывтæ, хуыздæр цы зыдта, йæ зæрдæмæ арфдæр цы хъардта, уыцы хабæрттæ.

Йӕ уавæр уӕззау уыд паддзахы заманы дæр æмæ уый фæстæ дæр. Арсены  заманы фысджытæ рæстæг æмæ сæ тыхтæ фылдæр хардз кодтой сфæлдыстадыл нæ, фæлæ царды фæрæзтæ агурыныл. Фадат сын нæ уыд афоныл ахуырад райсынæн, нæ сын уыд, курдиат кæм рæзы, зондахаст кæм уæрæх кæны, ахæм куыст. Нæ уыдтой дунейы диссæгтæ, нæ сын уыд сæрибарæй улæфæн, къуындæг уыдысты сæ авналæнтæ, ныллæг – сæ фæлгæсæнтæ.

Арсен гуыргӕ Джызæлы ракодта, 1872 азы. Уыд цардӕфхӕрд, рынчын хаста, афтæмæй ахуыр кодта хъæууон скъолайы. Ницы федта сабийы цинтæй,  скъоладзаутæ æййæфтой над, æфхæрд. Фылдæр ахуыр кодтой дины чингуытæ, уыдон та сын хорзæй ницы лæвæрдтой, афтæмæй ахуырад сабитæн уыдис æхсызгондзинад нæ, фæлæ удхар. Уæддæр Арсен уарзта чингуытæ кæсын, уыдис зæрдæргъæвд, тырныдта дунейы диссæгтæ зонынмæ.

Ахуыр кодта Æрыдоны семинары. Ам зæрдиагæй каст аив литературæ, фæцалх уацмыстæ фыссыныл. Фæлæ йæ низ уæгъд нæ уагъта, æмæ рынчын лæппу семинар каст нæ фæци. Йӕхӕдӕг афтӕ фыста йӕхи тыххӕй: «Æрцардтæн Джызæлы, куы фæдзæбæх уон, уæд дарддæр исты фæндтæ кæндзынæн. Адаргъ мыл сты удхары азтæ».

Уæдæй фæстæмæ Арсены сæ разæй хастой царды тымыгътæ, тардтой йæ иу ранӕй-иннӕмæ. Куыста ахуыргæнæгæй Хъæдгæроны, Дæргъæвсы, Уыналы. Скъолатæ уыдысты аргъуаны дæлбар. Уырдæм дины кусджытæ æмгæрон нæ уагътой сæрибар хъуыдытæ æмæ зонады рухс. Арсен та сабиты ифтонг кодта уыдонæй. Уыцы куыст нæ цыд сауджынты зæрдæмæ, уыйадыл æрыгон ахуыргæнæг æгуыстæй баззади. Æмӕ уӕд бынтондæр схауæггаг ис. Афтыд Хуссар Ирмæ. Куыста ахуыргæнæгæй Чысангомы хъæуты. Фыста уацхъуыдтæ газеттæм. Фæлæ йыл цард нæ хæцыди.

«Авзарон, загътон, мæ тыхтæ, цард фыцгæ кæм кæны, уым», – фыста Арсен йæ авто-биографийы, 1902 азы Петырбухмӕ куы ахауд, уӕд. Стыр сахар бирæ бæллицтæ басыгъта, бирæты цард дзы фехæлд. Ахӕм уавӕры бахауд Арсен дӕр. Уымӕн фыста: «Кæм службæ, кæм – фысгæ, афтæмæй дзы ацардтæн иу къорд азтæ. Куыд æнхъæл уыдтæн, афтæ нæ ацыдысты мæ фæндтæ, æмæ та фæстæмæ Калачы балæууыдтæн. Куы куыстджын, куы – æгуыст, куы стонг, куы – æфсæст, афтæмæй та дзы ацардтæн цасдæр рæстæг».

Æркӕсӕм ма, 1909 азы Арсен цы фыста, уымӕ: «Цыппар мæйы размæ «Тифлисский листок»-ы кусын куы байдыдтон, уæд æй æз прогрессивон газет æнхъæлдтон. Фæлæ уайтагъд фыдæнхъæл фæдæн. Мæ уацхъуыдтæй судзаг чи нæ у, уыдон æхсызгонæй мыхуыр кæнынц… Фæлæ чысыл нæ рæстæджы риссаг фарстытæм кæм февналын, уыцы уацтæ æвзæрыл банымайынц. Æркæсын газеты иннæ кусджыты фыстытæм – æнæпайда æмæ æнæсæрфат дзæнгæда…».

Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр, ома, 1910-æм азы Калачы цæуын райдыдта ирон журнал «Æфсир». Редакторæй йын равзæрстой Арсены. Уым равдыста стыр хъару. Уыди журналæн аивадон фæлгонцгæнæг. Мыхуыр дзы кодта йæ карикатурæтæ, цыбыр юморескæтæ, уацтæ, радзырдтæ. Ам Арсены курдиат зыны æппæтвæрсыгæй. «Æфсир»-ӕй рацыд бӕрцӕй 14 номыры, стæй йын фæрæзтæ нал уыд æмæ æхгæд æрцыди. Арсен та ногæй схауæггаг. Ацыд та Петырбухмæ. Куыста редакциты корректорæй, уыимæ газет «Правда»-йы дæр, 1912 азы.

Коцойты Арсены сфæлдыстад у ирон культурæйы зынгæдæр æнтыстытæй. Тыбылты Алыксандр фыста: «Коцойы-фырты размæ ирон прозæ нæ уыди. Фыццаджыдæр уый радзырдтæй фехъуыстам прозаикон ныхас ирон æвзагыл». Фӕлӕ ацы хатдзæг дзырддаг у. Арсен йæ фыццаг фæлварæнтæ фыста уырыссагау. Иронау йæ радзырдтæ фæзындысты æрмæстдæр 1910 азы, журнал «Æфсир»-ы. Уæдмæ газет «Ног цард»-ы, 1907 азы мыхуыр ӕрцыдысты Гаглойты Рутены, Темырханты Сосланы, Датиты Исламы æмæ æндæрты радзырдтæ, уыдонимæ Брытъиаты Елбыздыхъойы таурæгъ «Цад» дæр. Уыцы аз журнал «Зонд» ныммыхуыр кодта Секъайы классикон уацмыс «Азау». Арсены сфæлдыстадон сгуыхт кӕд райдыдта, уымæй нæ рæзы, фæлæ йæ аивадæй, уымӕн ӕмӕ стыр ахъаз фæци ирон радзырды рæзтæн, реалистон традицитæ æрæвæрынæн. Арсен у радзырды дæсны, зыдта цардæй ахсджиаг  цау райсын. В.Г. Белинский фыста, зæгъгæ, ис, драмæ кæнæ романы фаг чи нæ у, ахæм ахсджиаг цаутæ; фæлæ сæ мидис вæййы арф æмæ ахадгæ; радзырд сæ рацахсы æмæ сæ бавæры йæ къуындæг фæлгæтты: «Йæ формæйы бавæрæн ис цыфæнды дæр – æгъдæутты гæзæмæ афыст, адæймаг æмæ æхсæнады хъæнтыл худын, уды арф æмбæхст сусæгтæ, монцты тызмæг хъазт…». Уыдӕттӕ ирдӕй зынынц Арсены радзырдты, уыдон сты царды скъуыддзæгтæ, царды истори.

Фыссæг æмхуызон арæхстджынæй æвдисы трагикон быцæутæ æмæ комедион цаутæ, йæ бон у цæссыг калгæ æмæ худгæйæ дзурын, мæсты кæнын æмæ тæригъæд кæнын. Фæлæ цыфæнды хъуыддагыл куы дзура, уæддæр йæ ныхасы сæр вæййы гуманистон хъуыды, вæййы хорз æмæ рæстдзинады сæраппонд.  Ирон адæмы цард Арсены рæстæджы уыд вазыгджын, схæццæ сты зæронд æмæ ног æгъдæуттæ, патриархалон цардæвæрд æмæ капитализм. Арсен сæм каст лæмбынæг æмæ сæ кодта нывæфтыд.  Уый уыд царды трагизмы нывгæнæг. Трагикон сты йæ хъайтарты хъысмæттæ дӕр, хуымæтæджы сæ не схуыдта «фыдæлты æгъдæутты нывæндтæ». Уӕлдайдӕр тугисын, мæнгуырнынад æмæ ирæд.

Уӕддӕр цард ивы, йемæ ивынц æгъдæуттæ дæр. Царды уавæртимæ ивта тугисыны æгъдау дæр. Арсены заманы хӕлын райдыдта мыггагон цардæвæрд, йæ бынат ын ахста капиталистон цардарæзт. Уыимæ фæзындысты паддзахадон барадон оргæнтæ, ног закъонтæ. Уыцы уавæрты туг исын сси фæстæзад æмæ зианхæссæг æгъдау. Арсен ын уыдта йæ фыдбылызтæ æмæ сæ æвдыста реалистон фæрæзтæй – «Сæумæрайсом», «Фынддæс азы»…

Арсен уыди гуманист. Йæ алы уацмыс дæр æвзæры адæймаг уарзынæй, адæмы хъысмæтыл сагъæстæй. «Нæ фыдбылызты фыддæр» – афтæ схуыдта  ирæд, йӕ фæстиуджытæ йын равдыста йæ уацты, йæ карикатурæты, йæ радзырдты. Йæ фесафыны тыххæй æмдзыхæй дзырдтой иры ахуыргонд лæгтæ.

Арсен тыхст йæ адæмыл, сæ абон æмæ сæ фидæныл. Уымӕн фыста: «Ирæды тыххæй бирæ сабыр лæппутæ бафтынц давыныл æмæ сæфынц, кæнынц худинаджы митæ – скъæфынц чызджыты. Фæлæ уымæй фылдæр сты ирæды фыдбылызтæ. Ирæды тыххæй бирæ лæппутæ æмæ чызджытæ афоныл хъуыддаг нæ бакæнынц. Афтæмæй аивгъуыйы фæсивæдæн сæ тæккæ хъаруджын афон… Сæ хъару куы асæтты, сæ туг куы фехæлы, уæд нæм курынц лæппутæ ус, уæд нæм цæуынц чызджытæ чындзы. Афтæмæй цы сывæллæттæ гуыры, уыдон сæ мады гуыбынæй рынчынæй æмæ удхъуагæй цæуынц…» Ахæм уавæр адæмы кæны фыдвæд æмæ æвæд. Уымæ гæсгæ гуманист фыссæг йæ тыхтæ сарæзта уыцы фыдæгъдауы ныхмæ – «Цы фæци Асæхмæты ирæд», «Афтæ дæр вæййы»…

Коцойты Арсены сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы дины проблемæ. Мæнгуырнынад æвзæрд мæгуыр æмæ талынг цардæй. Хуыснæг пайда кæны æхсæвы тарæй, политиктæ æмæ фæлитойтæ – адæмы тыхст æмæ æнæбондзинадæй. Дин уыд æмæ у хицауады идейон хотых, æлдарады бындуртæ хъахъхъæнæг.

Дин æмæ йæ кусджыты митæ парахатæй æвдыст цæуынц ирон фольклор æмæ литературæйы. Дæсныты мæнгард митæ æвдыстой Къоста (поэмæ «Кæуæг айнæг»), Секъа («Дæсны Госæма»), Хъороты Дауыт (пьесæ «Дæсны»). Уыцы сфæлдыстадон хъуыддаг Арсен скодта традицион – «Дадолты мæт», «Гигойы куадзæн»…

Арсен йӕ прозӕйы ирдӕй равдыста  ӕлдарад æмæ хицауады фыдæгъдæуттӕ. Æнусты дæргъы адæмы зын уавæрты æвæрдтой æлдарад æмæ хицауад. Сæ сæйраг хотыхтæ уыдысты талынг дин æмæ гуымир тых, уыдоны фæрцы дæлдзиныг кодтой адæмы, дардтой сæ цагъарады æфсондзы бынмӕ – «Цуанонтæ», «Æмбæлттæ», «Тохы бон»…

Арсены сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы ахуырдзау фæсивæды хъысмæт. Йæ заманы Иры кæстæртæ зæрдиагæй тырныдтой ахуыр кæнынмæ, фæндыд сæ ахуырады фæрцы сæ цард аразын, адæмæн рухс хæссын. Уыцы уавæр уыд ирон царды иу хуыз æмæ рохуаты нæ баззад курдиатджын фыссæгæй.

Зын уыд ахуырдзау фæсивæды цардвæндаг, уæззау уыд сæ хъысмæт. Ахуырæн хъæуы фадат æмæ фæрæзтæ. Уыдонæй хъуаг уыдысты ирон адæм, уæлдайдæр та мæгуыртæ. Къазнайы хардзæй ахуыр кодтой иугæйттæ – бонджынты фырттæ. Иннæ ахуырдзаутæн сæ цард уыди хъизæмар, сæ ахуыр цыди тухæнтæй. Ахуырдзауты хъысмæт æвдисгæйæ, фыссæг æргом кæны æхсæнады хъæнтæ, адæмы ахастытæ, сæ зонд æмæ сæ удыхъæд – «Цыппар æмæ ссæдз боны», «Æнæном радзырд», «Царды зилдухæнты», «Тазырæт»…

Коцойты Арсены сфæлдыстады нывæфтыд æрцыдысты мидхæсты цаутæ дӕр – «Æнхъæл нæ уыдысты», «Æхцайы чырын», «Саломи»…

Арсены аивад у æлутонау. Фыццаг æркастæй йæ радзырдтæ зынынц хуымæтæг нæ, фæлæ æгæр хуымæтæг. Фæлæ сын сæ мидисы æрфытæ сгарын куы райдайæм, уæд разынынц æнæбын. Сæ сюжеттæ, се ‘рмæг, сæ фæлгонцтæ ист сты цардæй æмæ сæ зынынц царды хуызтæ. Идейон тых сын дæтты æнæлаз рæстдзинад: сæ нывты, сæ архайды, сæ хъуыдыты ис царды æцæгдзинӕдтæ.

Арсены аивад хион у æппæт замантæн, абон дæр у æвидигæ æмæ актуалон. Царды дæр æмæ аивады дæр вæййы: хуымæтæг, сыгъдæг, бæрцбарст; уый нæ быхсы уæлдай ахорæнтæ. Афтæ у Арсены аивады рæсугъддзинад – хуымæтæг æмæ ирд. Уымæ гæсгæ нын фыссæджы ныхас у æхцон, уый нæм хæссы рæстдзинады рухс, гуманизмы идейæтæ, бæрзонд сагъæстæ.

Арсен «Ханиффæйы мæлæт»-ы фыста: «Стыр зонды скъола у ивгъуыд рæстæг, – фæкæсын æм-иу хъæуы хаттæй-хатт фæстæмæ». Стыр зонды скъола у Арсены сфæлдыстад дæр. Уый у нæ адæмы исбонады иу ахъаззаг хай.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.