17 февралы бындур æвæрд æрцыд Сырх Дзуары Комитетæн

 Тыхст адæймагмæ къух фæдаргъ кæнын, уæззау рæстæджы йе ‘нцой балæууын æмæ йæ ногæй царды раст фæндагыл бафтауын йæ хæс у. Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитетæн æмæ йæ æнтысгæйæ æххæст кæны нæ республикæйы территорийыл дæр.

Хуссар Ирыстоны адæмы цард гуырдзыйы агрессийы фæстиуæгæн фæстæмæ куы алæууыд, нæ экономикæ раууатмæ куы ‘рцыд, уæд нæм йæ архайд райдыдта ацы дунеон организаци дæр.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Комитеты фыццаградон хæс кæй у, æбæрæгæй фесæфæг адæймæгты хъысмæт рабæрæг кæнын æмæ сæ бинонты æнцой балæууын. Уыцы нысанæн æрæмбырд кодтой зонæнтæ уыдоны тыххæй. Уымæй дарддæр ма  тæрхондоны эксперттæ паддзахадон университеты агъуысты ауагътой тренинг студенттæ-волонтертæ æмæ Комитеты кусджыты хайадистæй, æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы æмбæстæгтæй фылдæр зонæнтæ базоныны тыххæй. Комитет гуманитарон æххуыс бакæны æвæрæз цæрджытæн. Баххуыс сын кæнынц хæлцадон продукттæй, хъæууонхæдзарадон æмæ æндæр техникæйæ, байуарынц сын алыгъуызон халсæртты садзæнтæ, зымæгмæ сæ сифтонг кæнынц сугæй… Уыдонæй дарддæр ма ортопедион æххуыс бакодтой хицæн тыхст адæймæгтæн, уымæй дарддæр ма æндæр æмæ æндæр рынчынтæн радтой инвалидон цæуæнтæ, иууыл тыхстдæр рынчынтæн та баххуыс кæнынц республикæйæн æддейæ медицинон уагдæттæм аласынæн.

Иудзырдæй, Комитет нæ республикæйы йæ архайды райдианæй фæстæмæ цæстуарзон æххуыс кæны царды алыхуызон зын уавæрты бахауæг æмбæстæгтæн æмæ уыцы хъуыддагыл кусы дарддæр дæр.

                                                                      ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.