Культурæйы министрад кæй бакуыста, уыцы программæ «Хуссар Ирыстоны зынгæ гоймæгтæ»-йы фæлгæтты нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы 13 февралы уагъд æрцыд мысæн мадзал зынгæ инженер, публицист, æхсæнадон архайæг Гаглойты Рутены райгуырдыл 135 азы сæххæсты цытæн.

Мысæн мадзалы хайад райстой РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, Гаглойты Рутены хъæбулы хъæбул Гаглойты Бэлæ, фыссæг Остъаты Алан, историк Бежанты Æхсар, æхсæнадон архайæг Бететы Юри, нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы 11-æм æмæ 9-æм кълæсты ахуырдзаутæ сæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ æмæ Чилæхсаты Залинæйы сæргълæудæй, Ахуырад æмæ зонады министрады минæвар Цоциты Галинæ, Цхинвалы районы Централон библиотекæйы минæвæрттæ, ХИПУ-йы студенттæ æмæ æндæр уазджытæ.

Мысыдысты номдзыд инженеры

Мадзал байгом кодта Æвзæнгты республикон библиотекæйы директор Дриаты Нателæ. «Ацы аз библиотекон куысты форматы алыгъуызон мадзæлтты æмрæнхъ нæ уагдоны уагъд цæудзæн лекциты цикл. «Хуссар Ирыстоны зынгæ гоймæгты» программæйы фæлгæтты абон уадзæм фыццаг мадзал Гаглойты Рутены райгуырдыл 135 азы сæххæсты цытæн. Стыр ирон лæг, курдиатджын инженеры ном зындгонд у æрмæст дыууæ Ирыстоны нæ, фæлæ уымæн æддейæ дæр. Рутены кой кæнгæйæ, мах уайтагъддæр ахъуыды кæнæм Транскамы автомобилон фæндаджы тыххæй, кæцыйы фæрцы Хуссар Ирыстонæн бастдзинад ис куыд Цæгат Ирыстон, афтæ Уæрæсеимæ дæр», – банысан кодта Дриаты чызг.

Историк Бежанты Æхсар куыд радзырдта, афтæмæй раздæр Чъехы нарæг кæй хонæм, ууылты æдæрсгæйæ ацæуæнтæ кæй нæ уыд, уый æнцойад нæ лæвæрдта Гаглойы фыртæн. Ныр абон йæ фæрцы æдæрсгæйæ цæуæм ацы фæндагыл. 2018 азы йын йæ номыл та, зæгъгæ, схуыдтам Урс дзуары комы æнæном бæрзæнды».

Фыссæг Остъаты Алан банысан кодта: «Гаглойты Рутены тыххæй иууыл фылдæр ныффыста Бигъуылаты Иринæ. Æз хорз зыдтон Рутены цардæмбал Надяйы. Уый-иу арæх дзырдта Рутены, афтæ ма йын йæхи дæр куыд хъыгдардтой, уыдæтты тыххæй. Репресситы амæттæгтæй иууыл цæхæркалгæдæртæй иу уыд Рутен. Тынг хорз æй æмбæрста дыууæ Ирыстонæн æнæ баиу кæнгæ кæй нæй, уый. Æмæ уый тыххæй та хъуыд фæндаг саразын. Нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгтæ йæм хорз цæстæй кæцæй кастаиккой… Бæргæ ма куы фæцардаид, уæд ноджы фылдæр хæрзты бацыдаид йæ радтæг адæмæн».

Йæ раныхасы Бететы Юри дæр дзырдта Рутены стыр адæймагон миниуджытыл.

Йæ дадайы тыххæй зæрдæмæхъаргæ ныхас ракодта Гаглойты Бэлæ. Уый лæмбынæг æрдзырдта номдзыд инженеры царды хабæрттыл, йæ æхсæнадон æмæ сфæлдыстадон архайдыл. «Историйы хаххыл архайын мæ Дадайæ райдыдтон. Уый уыд курдиатджын инженер, революционер, поэт, æнувыд цардæмбал æмæ хæлар. Æгæрыстæмæй, архайдта спектаклты дæр. Университетмæ куы цыд, уæд дзы стыр конкурс уыд, иу бынатмæ 25 адæймаджы, фæлæ æнтыстджынæй радта бацæуæн фæлварæнтæ. 6-æм къласы куы ахуыр кодта уæд йе ‘мбалимæ ард бахордтой сæ Ирыстонæн пайдатæ æрхæссынæй».

Куыд банысан кодта, афтæмæй Сæйраг Кавказы рагъыл цыбырдæр фæндаг саразыны тыххæй уыд йæ новаторон куыст «Осетинская перевальная шоссейная дорога», кæцы мыхуыр æрцыд журнал «Фидиуæг»-ы 1929 азы. «Рутен æрæвæрдта бындур Ручъы фæндагæн. Сарæзта фæндаджы проектты цыппар версийы, Ручъы тунелы динамитæй фыццаг срæмыгъд дæр йæхæдæг сарæзта (ныртæккæ кæм ис уым нæ, фæлæ Рукъы хъæумæ æввахсдæр, цыран нæ уыдаид зæйтæ æрцæуыны тасдзинад). Фæндаджы арæзтады куыстытæ цыдысты æнтыстджынæй, фæлæ урæд æрцыдысты кæй йæ æрцахстой, уый аххосæй. 1937 азы Л.Берияйы бацамындмæ гæсгæ, Гаглойты Рутены фехстой Тбилисы куыд «адæмы знаг», афтæ. Хуссар Ирыстонæн фыццаг картæ дæр Рутен сарæзта. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн фæндаг саразыны хъуыды йæ иунæг уысм дæ рох нæ уыд, æвæццæгæн, æхсæв йæ фынты дæр ацы фæндаджы уыдта», – дзырдта Гаглойты Бэлæ.

Бирæ ногдзинæдтæ, факттæ базыдтой мадзалмæ æрбамбырдуæвджытæ Рутены цардвæндаджы тыххæй. Рутены куы æрцахстой, уæд ын йæ цардæмбал Надяйы йæ чысыл сывæллонимæ уынгмæ раппæрстой, хæдзармæ йæ нал уагътой куыд «адæмы знаджы» æмкъай, афтæ. Сылгоймаг бахъуызыд йæ хæдзармæ æмæ дзаумæтты бæсты рахаста стъолыл ма Рутены документтæй, гæххæттытæй цы баззад, уыдоны.

Дзеранты Джульеттæ та загъта, зæгъгæ, мах буц стæм Рутенæй æмæ йын алыхатт дæр кад кæндзыстæм. Ахæм мадзæлттæ, зæгъгæ, сты ахсджиаг, сæ фæрцы рæзгæ фæлтæр зонгæ кæнынц ирон адæмы разагътайы гоймæгтимæ, ахъаз кæнынц патриотон хъомыладæн.

Библиотекæйы кусджытæ сæрмагондæй Гаглойты Рутены юбилейы цытæн бацæттæ кодтой сæрмагонд къуым, цыран равæрд æрцыдысты зынгæ инженеры тыххæй фыст уацтæ, чингуытæ, бинонты архивæй ист къамтæ.

Рутеныл фыст æмдзæвгæтæ бакастысты 6-æм астæуккаг скъолайы 11-æм къласы ахуыргæнинæгтæ.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.