Ацы аз Сырх Дзуары Дунеон Комитет расидт журналистты ‘хсæн конкурс «Дорогами милосердия», зæгъгæ, ахæм номимæ. Конкурсмæ ист цыдысты дзыллон информацийы фæрæзты 2015-2016 азты ныммыхуыргонд æрмæджытæ æмæ ма сæрмагондæй ацы конкурсмæ бацæттæгонд æрмæджытæ дæр.

Сырх Дзуары Дунеон Комитеты æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл хайады сæргълæууæг Тедеты Маринæ нын куыд загъта, афтæмæй: «Куыстытæн аргъ кодтой Сырх Дзуары мæскуыйаг регионалон делегацийы æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл миссийы хайады кусджытæ æмæ хæдбар эксперт Цæгат Кавказæй. Аргъ лæвæрд цыд развæлгъау сфидаргонд схемæмæ гæсгæ (рейтинг уыд фыццаг къæпхæнæй дæсæм къæпхæнмæ). Ам сæйраг хъусдард здæхт цыд журналистон дæсныйад, конкурсы темæйы райхæлд æмæ æрмæджы социалон нысаниуæгмæ», – загъта Сырх Дзуары Комитеты пресс-секретарь.

Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы конкурсы хайад райстой Хуссар Ирыстоны журналисттæ цалдæрæй. Жюри бæрзонд аргъ скодта «Sputnik-Хуссар Ирыстон»-ы журналисттæ Козаты Дианæйы æрмæг «Рабæрæг 2008 азы æбæрæгæй фесæфæг хуссарирыстойнаг æмбæстаджы хъысмæт» æмæ Плиты Фатимæйы æрмæг «Цхинвалы фæстаг уираг»-æн.

«Жюрийы хъуыдымæ гæсгæ дыууæ æрмæджы дæр дзупп дæттой конкурс «Дороги милосердия»-йы домæнтæн. Конкурсы нысан уыд: æхсæнады искæцы сегменты, социалон æххуысхъуаг цæрджыты проблемæтæм хъусдард аздахын, Сырх Дзуары архайды фæдыл конкретон информаци апарахат кæнын», – зæгъы Сырх Дзуары миссийы æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл бæрнон кусæг.

Плиты Фатимæ йæ конкурсон æрмæг «Цхинвалы фæстаг уираг»-ы равдыста нæ горæты раздæры Уирæгты кварталы цæрæджы хъысмæт. Тельманы уынджы зыбыты иунæгæй, æрмæстдæр сыхæгты æмæ Сырх Дзуары Комитеты минæвæртты æвджид цы дзуттаг сылгоймаг цæры – Рибка (Роза) Мордехы чызг Джинджихашвили, уый хъысмæт.

Курдиатджын журналист Плиты Фати-мæ лæмбынæг бавнæлдта раздæры «Уирæгты кварталы» цард цæджджинагау куыд фыхт, ам цæрæг уирæгтæн сæ къухтæй диссæгтæ куыд цыд æмæ ныр ардæм æрбацæугæйæ, адæймагмæ афтæ куыд фæкæсы, ома, ивгъуыдмæ бакъахдзæф кодта, уыцы нывтæ. «Рагон хæдзæртты пырхæнтæ, хæццæ-мæццæ æвæрд уынгтæ, ранæй-рæтты нæй ссарæн уынджы кæрон æмæ райдианæн. Цæсты хауынц рагон цымыдисон архитектурон зæронд бæстыхæйттæ – рæстæг æмæ фæлтæры уазал ахасты амæттæгтæ», – фыссы Плиты Фатимæ. Ацы хъуыды кæсгæйæ, ирдæй зыны, журналисты хъуыды æмæ катай цæуыл у, уыцы «æмбæхст сагъæс». Уый уайдзæф кæны канд дугæн нæ, фæлæ ма, ацы квартал ахæм æдзæллаг уавæрмæ цы æнæзæрдæ хицæн адæймæгты аххосæй æрхауд, уыдонæн дæр. Дарддæр Плиты Фатимæ фыссы: «Фæстаг уираг Рибкайы  хæдзары цæрæнуатмæ бахизæн у уынгæг, иу къуымы цæры, иннæ хатæн нæ бæззы цæрынæн, нæй йæм бахизæн дæр, уымæн æмæ бахизæны ис æнæпайда, æнæхъуаджы мигæнæнтæ. Хатæны кæд змæлæн нæй, уæддæр Рибкайæн сæйраг у йæхи рæсугъддзинад – куыд æцæг сылгоймагæн, йæ айдæн æппынæдзух ис йæ разы. Сылгоймагæн æгас горæты нæй иунæг хæстæг дæр. Рибка дзуттæгтимæ бастдзинæдтæ раджы фесæфта. Йе ‘нцъылд цæсгомыл фæзыны цины тæлмæнтæ, йæ нывæрзæнæй куы сласы дзуттæгты къæлиндар, уæд. Бæллы гæрзтæ ‘хсæн машинæмæ æмæ Израилы йæ нацийы фæрныг цардмæ иу цæстæй бакæсынмæ», – фыссы Фатимæ.

Зæгъынц, зæгъгæ, жюрийы уæнгты зæрдæтæ тынг бацагайдтой ацы рæнхъытæ.

Иннæ курдиатджын журналист Козаты Дианæ та йæ уац «Рабæрæг 2008 азы æбæ-рæгæй сæфт хуссарирыстойнаг æмбæстаджы хъысмæт»-ы фехъусын кодта не ‘мбæстаг 28-аздзыд Тедеты Маиры трагикон хъысмæты тыххæй.

«Тедеты Маир фесæфт 2008 азы августы фондзбонон хæсты рæстæджы. Йе ‘фсымæр Махарбег куыд загъта, афтæмæй уыдон 9-æм августмæ уыдысты иумæ, фæлæ иу рæстæджы æхст æгæр куы сытынг, уæд æфсымæртæ кæрæдзийæ фæхицæн сты. Уæдæй нырмæ Махарбег агуырдта йæ кæстæр æфсымæры. Иу уысм дæр нæ дызæрдыг кодта, раджы уа æви æрæджы, уæддæр æй кæй ссардзæн. Агуырдтой æбæрæгæй сæфт лæппуйы, Сырх Дзуары Дунеон Комитет æмæ Хуссар Ирыстон – Гуырдзыстон – Уæрæсейы координацион механизмтæн цы æртæфарсон фембæлдтытæ вæййы, уый уæнгтæ дæр. Æмæ мæнæ 21 апрелы горæт Мæздæгæй æрыхъуыст æвирхъау цау: Тедеты Маир ивддзагæй ныгæд æрцыд Мæздæджы. Уымæн йæ мард буар фæивддзаг, 2008 азы Гуырдзыстоны уæлдæфон тыхтæ цы уырыссаг тæхæджы æрæппæрстой, уыимæ», – фыссы йæ уацы Козаты Дианæ.

Жюрийы уæнгты дисы баппæрстой Козаты Дианæйы зæрдæмæхъаргæ рæнхъытæ: «Хæсты райдианы уый ус куыд ракуырдта, 17 августы та йын хъуамæ уыдаид чындзæхсæв. Фæстæдæр Маирæн райгуырд фырт. Растдæр йæ авдаздзыд лæппуйæ сисгæ ДНК анализы фæрцы фæбæрæг Маиры экспертизæ. 21-æм апрелы эксгумаци арæзт æрцыд Ростовы æмæ Тедеты Маиры мард буар лæвæрд æрцыд йæ бинонтæн», – фыссы Дианæ.

Уый ма йе ‘рмæджы фыссы, уæлдæр банысангонд æртæфарсон координацион механизмтæн кæй ис гуманон характер, ууыл дæр.

Мах арфæ кæнæм нæ коллегæтæ Козаты Дианæ æмæ Плиты Фатимæйæн, Сырх Дзуары Комитеты жюри сын ахæм стыр аргъ кæй скодта, уый цытæн.

Сæхæдæг журналисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ноябры мæйы кæрон хуынд æрцыдысты Мæскуымæ, цæмæй уым Сырх Дзуары мæскуыйаг регионалон æхсæнады райсой сæ хорзæхтæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.