2004 азы 1-3 сентябрь – Ирыстоны стыр хъыджы бонтæ

2004 аз. 1-æм сентябрь. 9.00. Беслæны 1-æм скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ ныййарджытæ æрæмбырд сты цытджын линейкæмæ. Æвиппайды райхъуыстысты гæрзифтонг æнæадæймæгты хъæртæ: «Иууылдæр бацæут бæстыхаймæ», «Тагъддæр!». Æрæмбырдуæвджытæ фергъийау сты, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ фыццаг секундтæй бамбæрстой, уавæр хорз кæй нæу, уый. Террористты цырд архайдтытæ æмæ скъолайы спортивон зал байдзаг, Зонындзинæдты бон банысан кæнынмæ чи æрбацыд, уыцы адæймæгтæй. Сау кæсæнцæстыты боцъоджын æнæадæймæгтæ никæмæн хатыр кæнынц, кæй автоматы хъæдæй цæвынц, кæуыл та хъæр кæнынц. Горæты райдыдта паникæ. Беслæйнæгтæ лидзынц скъоламæ, фæлæ сæ милицийы сæрмангонд нысаниуæджы къорд нæ уадзы уырдæм æмæ уыдон нæ зонынц, уым цы цаутæ цæуы, уый тыххæй.

2004 азы 1-æм сентябры райсомы 9 сахат æмæ 30 минутмæ æввахс куыд æппæт Ирыстоныл, афтæ æнæхъæн дунейыл айхъуыст, зæххы къорийыл иу ран дæр чи нæма æрцыд, ахæм æвирхъау хабар, кæцы нынкъуысын кодта дунейы æппæт растхъуыдыгæнæг адæмты зæрдæтæ. Фæлæ ныр æрцыд ахæм æнæбауырнинаг стыр бæллæх, æмæ та уый дæр Ирыстоны зæххыл. Цымæ цы аххосджын сты ирон адæм Хуыцауы раз? Иу стыр цæфæй-иу сæхи нæма æрæмбæрстой, афтæ та-иу сыл ноджы фыддæр бон акодта.

Цингæнгæйæ фыццаг хатт скъолайы къæсæрæй чи æрбакъахдзæф кодта, уыцы фыццагкъласонтæй бирæтæн  сæ фыццаг дзæнгæрæг ссис сæ фæстаг дзæнгæрæг дæр. Ацы æвирхъау хабар фехъусгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм дæр катайы бахаудтой æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты, хабар цæуыл фæуыдзæн, уымæ. Уыцы æртæ æндыгъд боны баззадысты экраны раз хорз хабар фехъусыны сæраппонд, фæлæ… Лæгсырдтæ кæд тынг æгъатыр вæййынц ахæм цауты рæстæджы, уæддæр нæ цыдæр ныфс уыд, ома, ахæм чысыл сабитæм сæ къух куыд хъуамæ сисой марыны охыл, фæлæ фыдæнхъæл фестæм… Уыдон разындысты тынг æлгъаг æмæ æппындæр ницæуыл æлгъ кодтой, афтæмæй фыдудæй мардтой уыйбæрц адæмы. Рацыд иу бон, дыккаг бон, фæлæ амынæты кæй акодтой, уыдоны хъысмæты тыххæй бæстон хабар ничи зыдта, адæймаг хъуыста алыгъуызон дам-думтæ. Алчидæр æй бамбæрста, хабар æнæ уды зиæнттæй кæй нæ ахицæн уыдзæн, уый. О, фæлæ уæд афтæ æнхъæл ничи уыд æмæ дзы уыйбæрц цардбæллон удтæ бабын уыдаиккой. Адæм зæрдæхъæрмттæ кодтой, афтæмæй кæрæдзи фарстой. Цæй тыххæй? Цæмæн æрцыд ахæм хабар? Кæмæн цы ракодтой æнæхин суинаг кæстæртæ, бирæтæ дзы фыццаг хатт куы бавæрдтой сæ къах скъолайы къæсæрæй, уæд. Сæ тæригъæдмæ кæсгæйæ, мах дæр нæ цæстысыгæй нæхи æхсадтам, æндæр сын цы нæ бон уыд баххуыс кæнын. Æнæ уæлдæф æмæ фыртæвды сулæфæн дæр цы спортзалы нæ уыд, уым сæ алыварс алыгъуызон рæмудзæн æрмæджытæ, афтæмæй уынгæджыйы бонтæ арвыстой æнæаххос адæймæгтæ, донмæ бæлгæйæ зæрдæхъæрмттæ кæнгæйæ, фæлæ лæгсырдтæм цы хъардта. Дойнаг дур дæр фæркгай фæхау-даид ацы суинаг цардбæллон кæстæрты тæригъæдмæ кæсгæйæ, уæд уыцы цъаммæртты цы мæдтæ ныййардтой, цы мæдтæ сын бадардтой мады æхсыр.

Ахæм диссаг нæ зæрдæтæй никуы ферох уыдзæн

Ацы æвирхъау трагедийæ кæд 18 азы рацыд, уæддæр махæй алкæйы зæрдыл дæр лæууы, раст цыма знон уыд, афтæ. Уыцы зæрдæскъуынæн кадртæм кæсгæйæ, ныр 18 азы фæстæ дæр зæрдæ баризы. Нæ, ахæм диссаг нæ никуы ферох уыдзæн æмæ нын цæрæнбонтæм уыдзæн риссаг, йæ туг кæмæн мæцы, ахæм хъæдгомау. Куыд хъуамæ ферох уа, 2004 азы 12-æм сентябры Аркадий Мамонтов «Сæрмагонд уацхæссæджы» Беслæны тыххæй цы алæвæрд бацæттæ кодта, уый, кæцыйæн йæ сæйраг хъайтар у чысыл чызг-амынæт. Англисаг рауагъдон компани «The Sundau Times»-ы мæскуыйаг уацпункты фотоуац-хæссæг Дмитрий Беляков уыцы рæстæджы кæд йæ цардæн тæссаг уыд, уæддæр йæ камерæйæ иста, адæймаджы дисы чи æп-пæрста, ахæм трагикон кадртæ. Камерæйы объективмæ бахаудта чысыл чызг, кæцыйы срæмыгъды уылæн раппæрста рудзынгæй. Чызг къулыл æнцойгæнгæйæ, рахау-бахаугæнгæйæ тыхæйты слæууыд йæ къæхтыл æмæ йæ тугæйдзаг къахыл къуылых-къуылыхгæнгæ ацыд къулы цурты æмæ саст рудзынгыл фæстæмæ бырын райдыдта спортзалмæ.

– Кæдæм бырыс?! Куы амæлдзынæ уым, уæд!.. – хъæр кодта фырдиссагæй фотоуацхæссæг. Фæлæ ахæм карз тохы æхстытæй цы хъуамæ фехъуыстаид чысыл чызг. Уый фæстæ Дмитрий Беляков тынг тыхст æмæ цымыдис кодта, йæ чысыл хъайтар цы бацис, уымæ. Мæлæтæй аирвæзт æви амард? Чызджы ныв йæ къухты, афтæмæй æнæхъæн суткæйы дæргъы рацу-бацу кодта горæты къуымты æмæ йæ ссардта сывæллæтты республикон рынчындоны хирургион хайады. Уый разынд 7-аздзыд чызг Сидахъаты Аидæ. Куы йæ бафарста, зæгъгæ, фæстæмæ спортзалмæ цæмæн бабырыдтæ, уæд ын сдзуапп кодта, зæгъгæ, уым уыд мæ мад æмæ йæ, зæгъ, куыд хъуамæ ныууагътаин… Абон Аидæйæн йæ хъуыддæгтæ цæуынц йæхи фæндиаг, каст фæцис Цæгат Ирыстоны ме-дицинон академийы стоматологон факультет. Цæуы йыл 25 азы.

Террористтæ сывæллæттæн сæ фæстæ суагътой автоматтæ

Тугдзых сырдтæ хынджылæг кодтой амынæттæй, бакодтой-иу сæ доны цурмæ, зæгъгæ дзы уæ цæсгæмттæ æрæхсут, фæлæ, дам дзы иу хуыпп дæр чи акæна, уыдоны, дам, фехсдзыстæм. Зыдтой йæ, фырдойныйæ сæ бон дзурын дæр кæй нал у, уый æмæ сæ барæй доны цурмæ кодтой. Куыд сæ бон бацис тугдзых сырдтæн, фыртасæй сæ гыццыл къухтæй сæ сæртыл чи ныххæццыд æмæ афтæмæй чи фæцæйлыгъд судзгæ скъолайæ сæ удтæ аирвæзын кæныны охыл, уыцы сабитыл фæстæрдыгæй автоматтæ суадзын. Нæ, уыдон мæдтæ нæ ныййардтой, уыдон æгъатыр хъæды сырдтæ уыдысты. Кæсыс 2004 азы 3-æм сентябры Беслæны 1-æм скъолайы æрцæугæ трагикон цаутæм æмæ хатт адæймаджы зонд фæкуыддæр вæййы. Йæхи лæджы фырт чи фæхоны, уый къух сы-вæллоны марынмæ куыд хъуамæ батаса.

Беслæн ссис æгæрон масштабы символ, 21-æм æнусы Вифлеем

18 азы размæ æнæхъæн дуне базыдта ацы чысыл горæты ном, кæцы ссис æгæрон масштабы трагедийы символ, 21-æм æнусы Вифлеем æмæ уыцы иурæстæджы – æхсардзинад, быхсындзинад æмæ фæндвидардзинады символ. 2004 азы сентябры фыццаг æртæ боны 52 сахаты зындоны арвыстой минæй фылдæр амынæты, кæцытæй 334 адæймаджы фæмард сты террористты нæмгуытæй, кæцытæй 186 уыдысты сывæллæттæ. Сæрæгасæй чи аирвæзт, уыдон та райстой физикон æмæ психологон травмæтæ. Уыдонæй бирæтæ абоны онг дæр сæ буары хæссынц снарядты схъистæ æмæ сæ удтæ та æнкъа-рынц тыхджын рыст, кæцыйæн нæй баххуыс кæнæн, æгæрыстæмæй, иууыл тыхджындæр рысту-ромæн хостæй дæр.

Æрцыд иууыл тæссагдæр цау…  Фæдагурæн органты фæстиуджытæм гæсгæ, 11 адæймаджы басыгъдысты удæгасæй, 106 мард буары та басыгъдысты сæ амæлæты фæстæ, иннæтæ фæмард сты цæфты фæстиугæнæн. 10 спецназоны, уæлвæткон уавæрты министрады 2 кусæджы, иу милиционер æмæ 6 æмбæстагон ирвæзынгæнæджы фæмард сты штурмы рæстæджы. Террористты нымæц уыд 32 адæймагсырды. Уыдонæн сæ фылдæр уыдысты мæхъæлæттæ.

18 азы дæргъы Ирыстон сахуыр ацы рыстимæ цæрын, адæм та сахуыр сты нæмыджы схъистимæ цæрын. Горæт нæ амард, горæт цæры æмæ цæрдзæн! Сывæллæттæ гуырынц æмæ уый та нысан кæны, цард дарддæр кæй кæны, уый. Абон Беслæны теракты чи бахаудта, уыцы лæппутæ æмæ чызджытæй  бирæтæн ис сывæллæттæ, кæд сын сæ зæрдæты сау фæд ныууагъта  трагеди, уæддæр цард дарддæр кæны знæгты фыдæнæн. Ирон адæм хъуамæ цæрой æмзонд æмæ æнгомæй, науæд не знæгтæ спайда кæндзысты цахæмфæнды уавæрæй дæр… Хуыцау нæ не знæгты фæндиаг макуы фæкæнæт!

               ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.