Ныр æртæ боны дæргъы нæ республикæйы Театралон фæзуаты уагъд цæуынц фыдохы мадзæлттæ, 2004 азы Беслæны горæты террористон фыдракæнды чи фӕмард, уыдоны рухс нæмттæ мысыны фæдыл. Æртæ боны Театралон фæзуаты нæ горæты скъолаты ахуыргæнинæгтæ лæууыдысты мысӕн вахтæйы æмæ горæты æмбæстæгтæн та фадат уыд, цæмæй, историйы иууыл æгъатырдæр террористон акты фæстиуæгæн чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ ссарынæн цырæгътæ судзой. Мадзалы сæйраг хай уыд 3 сентябры. Уыцы бон Беслæны фыццæгæм скъолайы спортивон залæй 13 сахат æмæ 05 минутыл райхъуыстысты фыццаг срæмыгъдтытæ, фæфылдæр амæттæгты нымæц.

16 азы размæ Беслӕны цы трагикон цау æрцыдис, уый æрымысынмæ  3 сентябры нæ горæты Театралон фæзуатмæ æрбацыдысты нæ республикæйы  æмбæстæгтæ, скъолаты ахуыргæнинæгтæ,  республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, нæ республикæйы Парламенты депутаттæ йæ Сæрдар Тадтаты Аланы сæргълæудæй, интеллигенцийы минæвæрттæ.

Тугæйдзаг сентябрь
Тугæйдзаг сентябрь

Фыдохы акци ацыд ахæм номимæ «Тугӕйдзаг цӕссыгтӕй куыдта сентябрь». Фæзуаты 334 метры урс хъуымацæй арæзт æрцыд, ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм цæугæдоны символ, кæцыйыл республикæйы æмбæстæгтæ  æвæрдтой хъазæнтæ, доны æвгтæ æмæ дидинджытæ, сыгътой цырæгътæ.  Конд ма дзы æрцыд мысæн къул, кæцыйыл бакодтой фæмардуæвджыты нывтæ. Мысæн урок ауадзыны тыххæй фæзуаты æвæрд æрцыдысты партӕтæ.

Фыдохы музыкæйы зæлтæм каст цыдысты террористон акты фæдыл фæмардуæвджыты нæмттæ æмæ мыггæгтæ, уый фӕстӕ скъоладзаутæ арвмæ суагътой 334 урс къорийы, кæцытæ нысан кодтой фæмардуæвджыты сыгъдæг удтӕ.

 2004-æм азы сентябры мæйы райдианы Ирыстоны дзыллæйы баййæфта егъау маст, кæцы ныууагъта æппæт дунейы æмбæстæгты зæрдæты рыст æмæ маст. Сæдæгай чысыл удтæ атахтысты уæларвмæ æмæ нæм кæсынц уырдыгæй ахæм ныфсимæ, цæмæй мах, хистæр кары адæм бахъахъхъæнæм зæххыл сабырад, цӕмӕй адæймагад мауал æруадза ахæм масштабон террористон акт, – дзырдтой фыдохы  мадзал амонджытæ сæ  раныхæсты рæстæджы.   

Президент Бибылты Анатоли мысæн акцийы рæстæджы куыд банысан кодта, афтæмæй Беслæны трагедийы цас маст ис, уыййас маст никæцы трагедийы ис. «Беслæны трагедийы цы æрцыдис, уый фыдракæнд схонай, уый зын зæгъæн у.  Уæды онг адæймагады историйы, ахæм сырдон ми арæзт никуы æрцыд. Мæн абон зæгъын фæнды сæ хиуæттæн, æппæт ирон адæмæн, цыфæнды трагеди ма æрцæуа, уæддæр фидар лæууын хъæуы,  размæ цæуын хъæуы. Махæн нæ хæс у, цæмæй алцы дæр саразæм ахæм трагеди, ахæм фыдракæнд цæмæй макуыуал æрцæуа, уый тыххӕй», – загъта Бибылты Анатоли. Уый фæстæ Президент æмæ хицауады уæнгтæ дидинджытæ сæвæрдтой ферохгæнæн кæмæн нæй, уыцы доны символыл.

Нæ республикæйы Æртæиууон аргъуаны кусджытæ фыд Сергийы сæргълæудæй  ауагътой мысæн службæ. Уый фæстæ Театралон фæзуатæй бирæ рæстæг хъуыстысты фыдохы музыкæйы зæлтæ.

ТАНДЕЛАТЫ Вилена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.