Президент Бибылты Анатоли арвыста фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Аланмæ, цыран дзырдæуы:

«Цытджын Алан Сергейы фырт!

Зындгонд у, адæймаджы цард, йæ бартæ æмæ сæрибардзинад кæй сты паддзахады уæлдæр хæзнатæ. Цæрыны бар у бындурон бар æмæ гаранти цæуы  Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийæ.

Дзабиты Инал Сергейы фырты амæлæт у, æбуалгъ фыдракæнд æмæ хуссарирыстойнаг æхсæнад кæй сызнæт, уый æнæхъуаджы нæу.

Растдæр уымæ гæсгæ дарддæры къахдзæфтæ иууылдæр хъуамæ здæхт уой уавæр стабилизаци кæнынмæ æмæ сырдон фыдракæнд раргом кæнынмæ. 

Æз, куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы, адæймаджы æмæ æмбæстаджы бартæ æмæ сæрибардзинады гарант, кæцы ифтонг кæны паддзахадон хицауады органты кæрæдзийы æмархайд, куыд нæ паддзахады хуымæтæг æмбæстаг, афтæ  мæ фæнды, цæмæй æппæт уавæрты дæр фæдысгæрст æрцæуа æмæ мæхимæ хæс исын, Дзабиты Инал Сергейы фырты амæлæты аххосджынты бафхæрыны тыххæй цахæмфæнды бынæтты ма кусой, уæддæр. 

Закъондæттæн органмæ фæндон хæссын, цæмæй сæ хæсты фæлгæтты саразой рæстæгмæ къамис уæлдæр банысангонд резонансон фыдракæнд раргом кæныны тыххæй».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.