Хæдбардзинады Акт райсыны цытæн бæрæгбоны мадзæлт-тæ райдыдтой, нæ паддзахаддзинады бындурæвæрджытæй сæ иу – Хъуылымбегты Торезы бюст байгомкæныны церемонийæ. Паддзахадон архайæджы бюст æвæрд æрцыд нæ  горæты Президенты Администрацийы хæдзары раз. Цытджын церемонийы хайад райстой  Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, нæ республикæйы Хицауады уæнгтæ йæ Сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæ йæ Сæрдар Гасситы Петры сæргълæудæй, нæ республикæйы Парламенты фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттæ, Хъуылымбегты Торезы бинонтæ, афтæ ма нæ республикæйы интеллигенцийы æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

 Цытджын церемони бацæуæн ныхасæй бакодта нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг, фыццаг сæвзæрст Парламенты депутат Кокойты Тарзан. Уый арфæйы ныхæстæ загъта мадзалмæ æрбацæуджытæн æмæ æрдзырдта нæ республикæйы паддзахады арæзтадмæ Хъуылымбегты Торезы  егъау хайбавæрды тыххæй. «Хатт дуг адæймагадæн æрхæссы уæззау фыдбылызтæ. Æмæ адæм февзарынц æнæкæрон дудгæбæттæ æмæ хъизæмæрттæ. Ахæм рæстæг фæхонæм цардивæн рæстæг. Фæлæ уыцы рæстæджы тыхст адæмæн се ‘хсæн вæййы ахæмтæ, се ‘ппæт дæр ныфс кæмæй февæрынц, адæмæн иумиагæй ныфсы мæсыг чи свæййы – уыдон вæййынц нацийы лидертæ. Уыдон сæ архайдæй, сæ раттæг адæммæ, сæ Райгуырæн бæстæмæ ахастæй сæхæдæг ныффыссынц сæ ном сæ нацийы историйы. Уыдон фæстагмæ свæййынц цæвиттойнаг æмæ фæзминаг æнæхъæн нацийæн. Хуссар Ирыстоны дзыллæйад куы фæтыхст ивгъуыд æнусы 90-æм азты райдианы, уæд махæн дæр не ‘хсæн уыди раст ахæм гоймаг, адæмæн се ‘ппæтæн ныфсы мæсыг чи уыди, адæмæн се ‘ппæтæн цæвиттойнаг чи уыди æмæ йæхимæ бæрндзинад чи иста. Уый уыд Хъуылымбегты Торез», – загъта Кокойты Тарзан.

Йæ раныхасы ма уый фехъусын кодта, зæгъгæ, Торез йæхæдæг ныффыста стыр дамгъæтæй йæ ном Хуссар Ирыстоны историйы.

Цытджын мадзалы ныхасы бар лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн.     

– Уæ бонтæ хорз, мæ зынаргъ æмбæстæгтæ! Абон стыр бæрæгбон у Ирыстонæн. Бæрæгбон, кæцы ирон адæм балхæдтой сæ тугæй, сæ хъæбулты, ныййарджыты æмæ æфсымæрты царды аргъæй. Ацы бæрæгбон бирæ азты дæргъы æмбæлон æгъдауæй нысан нæ цыд, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу. Хæдбардзинад райсыны актыл къух чи бафыста, уыцы гоймаг бирæ азты дæргъы аззад рохуаты.  Уымæ гæсгæ ацы хъуыддаг æз нымайын æнæраст хъуыддагыл. Æз сæрмагондæй бузныг зæгъын нæ республикæйы уæды Уæлдæр Советы депутаттæн, кæцытæ егъау хайбавæрд бахастой нæ республикæйы рæзтмæ.  Уыдон æппæт дæр сарæзтой, цæмæй нæ паддзахад арæзт æрцæуа æппæт дунеон барадмæ гæсгæ. Æмæ мах нæ историйæн куы аргъ кæнæм, уæд хъуамæ ма рох кæнæм нæ хæдбардзинад, паддзахады сырæзты истори. Хъуылымбегты Торез йæ цард снывонд кодта йæ адæмæн æмæ, Гуырдзыстоны ахæстонæй рацæугæйæ,  фæстæмæ æрыздæхт йæ уарзон адæмы ‘хсæнмæ æмæ адарддæр кодта йæ адæмы сомбон æмæ хæдбардзинады сæрыл тох. Йæ иууыл сæйрагдæр нысан уыд Ирыстоны баиу кæнын. Хъуылымбегты Торезы ном макуы хъуамæ ферох уа», – загъта уый.

Бюст байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн, фыццаг сæвзæрст Парламенты депутат Битарты Зояйæн, Хъуылымбегты Торезы лæппу Гергийæн æмæ Торезæн йæ хъæбулы хъæбулæн. Уый фæстæ веноктæ æмæ дидинджытæ цытджын æгъдауæй æвæрд æрцыдысты Хъуылымбегты Торезы бюсты раз.

Мадзалмæ æрбацæуджытæн æмæ республикæйы къухдариуæгадæн бузныджы ныхæстæ загъта Хъуылымбегты Торезы идæдз Мумладзе Маргаритæ.

«Стыр бузныг уын, кæй нæ рох кæнут Торезы рухс ном. Фæнды мæ арфæйы ныхæстæ зæгъын нæ республикæйы æмбæстæгтæн, уадз æмæ рæзой æмæ дидин æфтауой нæ республикæйы кæстæртæ сабыр цъæх арвы бын. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй макуыуал фенæм иумиагæй тыхст æмæ зын рæстæджытæ», – загъта Мумладзе Маргаритæ.

Хъуылымбегты Торезы лæппу Георги дæр бузныг загъта  нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн, нæ республикæйы æмбæстæгтæн, ацы стыр æмæ ахсджиаг бæрæгбоны тыххæй.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, егъау æххуыс мæ фыдæн ацы хъуыддаджы кодтой фыццаг сæвзæрсты Парламенты депутаттæ æмæ æмткæй, хуссарирыстойнæгтæ. Уыцы егъау æххуыс æнкъардта мæ фыд æмæ йын уымæ гæсгæ æнцондæр уыд йæ разы æрæвæргæ хæстæ æххæст кæнын, уыцы хæстæ та баст уыдысты Ирыстоны сомбоны цардыл, – банысан кодта Хъуылымбегты Георги.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.