Знон Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Акт райсыны боны цытæн фыццаг хатт Цхинвалы организаци æрцыд дзыллон велоалыгъд, цыран хайад райста нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли дæр.

Велоалыгъд ауадзыныл бацархайдта Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæххон лыжæты спорты федераци йæ сæргълæууæг Тедеты Лерийы къухдариуæгадæй. Мадзал ауадзыны хъуыддаг, фыццаджыдæр, баст у нæ адæмы ‘хсæн æнæниз цардуаг сфидар кæнын æмæ позитивон эмоцитæ райсыны тыххæй. Æмæ уый афтæ дæр рауадис. Ацы бон мадзалы хайад райсынмæ æрбамбырдис тынг бирæ адæм, се’хсæн фенæн уыдис алы кары адæймæгтæ дæр. Уыдон райсомы 9 сахатыл æрбамбырд сты нæ горæты Театралон фæзуатмæ æмæ уырдыгæй систой старт дæр. Ам сæм, бæрæгбонон арфæтимæ, рахызт Президент Бибылты Анатоли. «Уæ райсом хорз, спортивон Цхинвал. Арфæ уын кæнын ацы ахсджиаг бæрæгбоны цытæн æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы абоны велоалыгъды ерысты фæдыл æнтыстытæ æмæ хорз зæрдæйы равг», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Мадзалы хайадисджытæ хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ, мотоциклты фæстæ цæугæйæ, æрзылдысты горæты алыварс. Уыцы рæстæджы йæ хайадисджыты æдасдзинады тыххæй фæндæгтæ æрцыдысты æхгæд. Фæстæмæ куы ‘рбаздæхтысты, уæд та сæм Цæгат Ирыстоны «Спорт-триалы» минæвæрттæ æнхъæлмæ кастысты Театралон фæзуаты æмæ сын уым æвдыстой сæ арæхстдзинад.

 Нæ республикæйы скъолаты ахуырдзау фæсивæдæй велоалыгъды хайад чи райста, уыдонæн лæвæрд æрцыдысты сувениртæ æмæ грамотæтæ. Мадзалы хайадисджытæн ма раарфæ кодтой нæ республикæйы паддзахадон автоинспекцийы хистæр Джиоты Алан, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь æмæ информацион агентад «Спутник»-ы къухдариуæггæнæг Виталий Раднаев.

Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы директоры хæдивæг Цхуырбаты Алан дæр сын бузныг загъта, бæрæгбонон мадзалы активон хайад кæй райстой, уый фæдыл. Уый ма загъта, фæззæджы дæр иу ахæм мадзал ауадзынмæ кæй хъавынц.

Мадзал стыр æхцондзинад æмæ æхсызгондзинад æрхаста йæ хайадисджытæн æмæ æнæферохгæнгæ мысинагæй баззайдзæн сæ зæрдæты.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.