РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу фембæлдысты Мæскуыйы.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим, УФ-йы РХИ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр, УФ-йы Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Александр Фомин æмæ УФ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæры фыццаг хæдивæг Сергей Рудской.

Сергей Шойгуйæн арфæ кæнгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта Хуссар Ирыстонимæ, æдзух йæ хъусдард кæй здахы республикæйы проблемæтæм.

«Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын, Хуссар Ирыстонæн ды цы сарæзтай, уый тыххæй, Советон Цæдисы ныппырхæй æмæ, гарзджын конфликтæй райдайгæйæ. Ды уæд уыдтæ гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг конфликт æрбæстон кæныны тактикон къухдариуæггæнæг. Уыдæттæ мах иууылдæр хъуыды кæнæм. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстоны адæм  бузныг сты 2008 азы тыххæй, гуманитарон бæллæх куынæ æруагъдæуыд», – загъта РХИ-йы Президент.

УФ-йы Хъахъхъæнынады министры ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хæларадон ахастытæ йедзаг сты алыгъуызон цаутæй.

«Ахуыртæ, æфсæддон æмгуыстад æмæ рæзгæ фæлтæры ахуырад. Махæн ис, цæуыл æруынаффæ кæнæм, уый», – загъта Сергей Шойгу.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй УФ-йы æмæ Хуссар Ирыстоны  «бæттынц бирæ цыдæртæ».

«Бирæ цаутæ баст сты ног Уæрæсейы райдианимæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы азты Уæрæсейы цы æрцыд, уыдон цыдысты Хуссар Ирыстоны, Кавказы чи цæрынц, уыцы адæмтыл», – банысан кодта УФ-йы Хъахъхъæнынады министр.

Уый загъта, Хуссар Ирыстоны Президент цыдæриддæр аразы, уыдон ахъаз кæнынц республикæйы æмæ йæ экономикæйы сæндидзын кæнынæн.

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли æмæ Сергей Шойгу æруынаффæ кодтой РХИ-йы æмæ УФ-йы æмархайды фарстытыл æфсæддон фадыджы, сæйраджыдæр, специалисттæ цæттæ кæныны фадаты, хуссарирыстойнаг æфсæддонты мызд этапгай фылдæр кæнын, уыдонæн æфсæддон-техникон æххуыс бакæнын æмæ фидауынгæнджыты пенсион ифтонгадыл.

Бибылты Анатоли Мæскуыйы уыд дыууæбонон кусæгон визитимæ.

  РХИ-йы Президенты пресс-службæ

***

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд УФ-йы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Чеботаревимæ. Фембæлды хайад райстой УФ-йы РХИ-йы минæвар Гасситы Знауыр, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг Игорь Кошин.

Фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ план æмæ реализаци кæныны фæлгæтты æмгуыстады фарстытыл.

«Мах уынаффæ кæнæм, сæйраджыдæр, Инвестпрограм-мæйы хаххыл, социалон-экономикон æмархайды фарстытыл. Махæн тынг ахсджиаг у фехъусын дæ хъуыды, дæ фиппаинæгтæ программæ реализаци кæныны тыххæй, Анатоли Ильяйы фырт. Мах æруынаффæ кæндзыстæм уыцы фарстытыл æмæ кæд æнæмæнгхъæуæг уа, уæд гæнæн ис ссарæм ног амæлттæ, нæ архайдтытæ фæхуыздæр кæнæм, цæмæй уæрæсейаг æххуыс æххæст цæуа хуыздæрæй», – загъта Сергей Чаботарев.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрадимæ иумæйагæй цы позицитæ бакуыст æрцыдысты, уыдон хуыздæр кæнынц æмæ программæ реализаци кæныны фæдыл проблемæтæ нæй.

«Банысан кæнын хъæуы, Æхсæнхицауадон къамисы цы графиктыл æруынаффæ кодтам, уыдон æххæст кæй цæуынц. Мæн ныфс ис, куыд 2018 азы Инвестицион программæ, афтæ 2019 азы Инвестицион программæ дæр æххæст кæй æрцæудзæн æмгъуыдмæ 100 процентæй. Ахæм хъуыдыйæн ис æппæт бындуртæ. Ныфс мæ ис, азы фыццаг æмбисмæ уый æххæст кæй æрцæудзæн 40-45 процентæй», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта, УФ-йы ‘рдыгæй цы æххуыс ист цæуы, уый тыххæй.

«Уый тынг ахсджиаг æххуыс у, уымæн æмæ баст у Хуссар Ирыстоны цы адæм цæрынц, уыдоны царды æмвæзад фæхуыздæр кæныныл. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уыцы социалон æгъдауæй ахсджиаг объекттæ эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуой, уæд республикæйы царды æмвæзад зынгæ фæхуыздæр уыдзæн», – загъта Президент.

Фембæлды рæстæджы УФ-йы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Чеботарев радта Бузныджы фыстæг Уæрæсейы РХИ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауырæн «Цæгат-Кавказаг Федералон зылды рæзтмæ йæ зынгæ хайбавæрды тыххæй».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.