(Поэт Хозиты Яковы райгуырдыл 105 азы бонмæ)

Уый дæр уыд, иронау рæсугъд зарæг чи самыдта, фæлæ йæ зарæг æрдæгыл кæмæн аскъуыд, уыцы ирон поэттæй – Хозиты Яков. Нæ номдзыд артист Таугазты Гаврил хорз зыдта Яковы. Иу комбæстаг кæй уыдысты уый тыххæй, фæлæ цыма кæрæдзийæн хæстæг дæр баххæссыдысты… Арæх-иу ракодта йе нафоны мæлæты хабар, Терчы доны амæттаг куыд æмæ цы хуызы бацис, уыдæтты тыххæй. Фæлæ уыцы хабæрттæй иууыл риссагдæр æмæ цымыдисагдæр уыд йæ фыды хабар. Гаврил æй къæдзæхыйас лæг хуыдта, стæй йæ уый Ясонæй нæ зыдта, кæд официалон æрмæджыты Яков Ясоны фырт у, уæддæр. Гъемæ, дам, уыцы къæдзæхыйас лæг адæмы æфсæрмæй йе рфыг дæр нæ фезмæлын кодта, цалынмæ мард бавæрдтой, хæрнæджы хъуыддæгтæ бабæстон кодтой  æмæ адæм сæ хæдзæрттæм фæцыдысты, уæдмæ. Стæй, дам, фæсхæдзармæ бацыд, галау ныбогъ кодта æмæ зæххыл дæлгоммæ ныффæлдæхт…

Цардцух поэт Яков райгуырд 1916 азы æрдхъирæны мæйы Зруггомы, Хозитыхъæуы. «Туалгомы хæхтæй цы æрдхæрæны æнкъарæнтæ рахаста – «Цæргæсы бæллын», «Уæларвы нæрын», «Дымгæйы хъарæг», «Цæф сæгуыты маст», «Æхсæрдзæны хъазт», «Фыййауы за-рæг…» – уыдон йæ риуы æрдзон хуызы баиу сты быдырон царды нывтимæ «рог дымгæ, бæлæсты уайсæст, стъалыты дзыгуыртæ, рыгкалгæ фæндæгтæ, цъæх-цъæхид сæрвæттæ…» æмæ фыццаг хатт райхъал кодтой лæппуйы зæрдæйы сфæлдыстадон тæмæн».

Ралæууыд Стыр Октябры социалистон революцийы дуг. Революцийы цæхæртæ  баивылдысты хæхтæм дæр. Ссæрибар сты  хæххон мæгуыр адæм, бакасти сæм советон хур йæ царддæттæг цæстæй. Мæгуыр адæмæн фадат фæци уæрæх быдыртæм ралидзынæн.

1921 азы Хозиты бинонтæ дæр ралыгъдысты быдырмæ (Яковыл цыд фондз азы). Цæрæн бынатæн равзæрстой Къардиуыхъæу (ныры Кировыхъæу). Бацыдысты колхозмæ («Хурзæрин»), куысты уыдысты раззагдæртимæ.

1925 азы Яков Кировыхъæуы хъæууон скъолайы къæсæрæй бахызт фыццаг къласмæ. Ам бауарзта поэзи. Ам æндæр нывтæ  сыстадысты йæ цæстыты раз, æндæр зæлтæ ауадысты йæ хъустыл: «Хъæууон сабыр изæртæ… Ноггуырд мæй. Стъалыты дзыгуыртæ æнæкæрон арвы къусы. Терчы зарæг. Быдираг рыгкалгæ фæндаг. Цъæх-цъæхид сæрвæттæ хъæугæрон. Байрæгты æмæ уæрыччыты чъыллиппæй хъазт». Уыцы хъæууон нывтæ Яков хæстæг айста йæ зæрдæмæ.

Ахуыр кодта зæрдæрайгæйæ, бацыд ногдзауты балмæ, уыдис раззагдæртимæ. Къостайы «Ирон фæндыр», æнæ чиныгмæ кæсгæйæ, дзурын базыдта хистæр кълæсты.  «Ме ‘фсымæр Ногийы фæрцы, – фыста фæстæдæр Яков йæ автобиографийы, – базонгæ дæн «Ирон фæндыр»-имæ. Ноги зыдта æнæхъæн «Ирон фæндыр» æнæ чиныгмæ кæсгæйæ, арæх-иу дзырдта Къостайы æмдзæвгæтæ. Мæнæн-иу, Ногимæ хъусгæйæ, мæ зæрдæ рухс кодта фырцинæй. Кæсын нæма зыдтон, афтæмæй цалдæр æмдзæвгæйы зыдтон Къостайы фыстытæй. Кæсын куы базыдтон, уæд мæ къухтæй нал цух кодта «Ирон фæндыр», æхсæв дæр-иу æй бавæрдтон мæ базы бын. Фыццаг æмдзæвгæтæ райдыдтон фыссын Къостайы фыстытæм кæсгæйæ».

Чысыл сывæллонæй фæстæмæ Яков ахуыр кодта ирон аив дзырды тыгъдады стыр адæмон фыссæг Къостайы сфæлдыстадыл.

Кировыхъæуы скъолайы йæ æмдзæвгæтæ фыссынмæ разæнгард кодтой йæ уарзон ахуыргæнджытæ. «Къулы газет» дæр уагъта, уыд йæ редактор. Ам фæзындысты йæ фыццаг фæлварæнтæ литературæйы сфæлдыстады.

«Фыццаг хатт 1929 азы ныффыстон æмдзæвгæ «Уалдзæг», хъæууон скъолайы куы ахуыр кодтон, уæд. Тынг фæцыдис ахуыргæнджыты  æмæ ахуыргæнинæгты зæрдæмæ, къулын газеты куы рацыдис, уæд», – дзырдта-иу Яков.

 Хур та хъæлдзæг

Хъазы арвыл,

Рцыдис уалдзæг,

Бæстæ дардыл

Тынг фæцъæх.

Миты ‘нкъардæй

Райхъал бæстæ,

Цъиуты зардæй

Райынц фæзтæ,

Райы зæхх…

Скъолайы ахуыры фæстæ Яков 1930 азы бацыд областы фыццагдæнцæгон скъоламæ. Кæд ацы скъоламæ истой æрмæст сидзæр сывæллæтты, уæддæр къамисы уæнгты зæрдæмæ Яков афтæ тынг фæцыд æмæ йæ айстой ахуырмæ. Профессор Туаты Уæлгъа фыста: «Хæрз чысыл ма уыдис Яков… Арæх-иу касти æмдзæвгæтæ, куы йæхи, куы та иннæ фысджыты фыстытæ. Ахуыр кодта тынг хорз».

Областы скъолайы фæстæ бацыд Хъæууонхæдзарадон  техникуммæ. Дыууæ азы фæахуыры фæстæ (1931-1932 азты) раивта Цæгат Ирыстоны пединститутмæ, уымæн æмæ йæ уарзондзинад литературæмæ тыхджындæр уыд. Æвзаг æмæ литературæйы факультет æнтыстджынæй каст фæци 1936 азы. Институты царды уыд активон архайæг.                                                                      

Йе ‘мдзæвгæтæ æрмæст институты къулы газеты нæ, фæлæ мыхуыры арæхдæр цæуын байдыдтой ирон газеттæ «Рæстдзинад»,  «Æрыгон большевик» æмæ журналты фæрстыл.

1932 азы Яков бацыд Ленинон фæскомцæдисы рæнхъытæм.

1934 азы институты цы литературон къорд сырæзт, уымæн йæ бындурæвæрджытæй иу уыд Яков. Йæ хорз ахуыр æмæ æхсæнадон активон архайды тыххæй цалдæр хатты райста премитæ  ди-рекци æмæ профкомæй.

Йе ‘мдзæвгæтыл фæзындис критикон уацтæ газетты фæрстыл, скодтой йын аккаг аргъ. Дæбе йæ схуыдта «стъалы», иннæтæ дæр раиртæстой, фыссæджы хъару йæм кæй ис, уый.

Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци уæлдæр ахуырад  æмæ йæ институты дирекци арвыстой ЦИЗИИ-йы аспирантурæйы литературон хайадмæ. Æрыгон поэт дисы æфтауы, цас ын æнтыст, уымæй. Фыста æмдзæвгæтæ, аргъæуттæ, эпиграммæтæ, уацтæ. Тæлмац кодта классикты уацмыстæ (поэзи æмæ прозæ). «Йе ‘сфæлдыстады бæрæгæй зынынц дуджы  оптимизм æмæ æрыгон зынгзæрдæ, æргомæнгæс поэты миддуне».

Яков æртынæм азты ныфсджынæй фидар къахдзæф æрбакодта  ирон литературæмæ курдиатджын, цардбæллон фæсивæды минæвæрттæй Хъамбердиаты Мысост, Хуытъинаты Цыппу, Дарчиты Дауыт, Дзугаты Георги æмæ иннæтимæ.

Йæ мадæлон æвзагмæ ратæлмац кодта Александр Пушкины («Мигъ», «Æры-хъал», «Хъазахъхъаг», «Эпиграммæ», «Паддзах Салтаны аргъау»), Михаил Лермонтовы («Хæхты рухс бæрзæндтæ», «Стъалы»), Лев Толстойы, Максим Горькийы, æфсымæртæ Гримм, Шолом-Алейхемы, Ш. Перро («Цырыхъджын гæды»), Фридрих Шиллеры («Фæззыгон зарæг»), Рафаэль Альбертийы, Ганс Беймлеры æмæ æндæр фысджыты уацмыстæ.

1937 азы Цæгат Ирыстоны паддзахадон рауагъдады рацыд чиныг «Домбайы цуан» латинаг дамгъæтæй фыстæй; 1939 азы – сывæллæттæн æмдзæвгæты æмбырдгонд – «Уалдзæг», 1939 азы иронау – «Æмдзæвгæты æмбырдгонд», 1957 азы – ногæй та сывæллæттæн йæ æмдзæвгæты æмбырдгонд – «Домбайы цуан», 1959 азы рацыд А. Николаевы тæлмацгондæй уырыссаг æвзагмæ Яковы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Стихи». 1966 азы рауагъдад «Ир» бацæттæ кодта Яковы æмдзæвгæтæ æмæ аргъæуттæй чысыл сывæллæттæн æмбырдгонд – «Хæснаг», 1982 азы Хъодзаты Æхсар æмæ Яковы хистæр хо – Оляйы хъæппæрисæй бæстонгонддæрæй рацыдысты поэты бынтæ ног чиныг  «Терчы зарджытæ»-йы, разныхас ын ныффыста Хъодзаты Æхсар.

Яковы уацмысты зынынц дуджы фæдтæ, советон поэзийы иумæйаг æууæлтæ. Мадæлон æвзагыл фыццаг фельетон, пароди æмæ эпиграммæ дæр ныффыста Хозиты Яков. Уый цæттæйæ æрбацыд сатирикон поэзимæ.

Яков мыхуырмæ бæргæ цæттæ кодта уацау æмæ цалдæр кадæджы къухфыстытæ. Йæ зæрдæйы гуырыдысты стыр фæндтæ, фæлæ стыр хъыгагæн, йæ къухы нал бафтыдысты…

1938 аз сусæны мæйы 9 боны изæры 6 сахатыл, Терчыдоны знæт уылæнты фæмард курдиатджын адæймаг Хозиты Яков. Тынг фæхъыг кодтой Иры дзыллæтæ суинаг поэты мæлæтыл. Нигер æй рахуыдта «Майы фаззон», Мамсыраты Дæбе – «Сæууон стъалы», Дзугаты Георги – «Орфейы уазæг».

Яков фæхъуыд Ирыстоны Советон фысджыты рæнхъытæй… Стыр кадимæ ныгæд æрцыди Кировыхъæуы уæлмæрды…

Кæд Яков амард, уæддæр йæ кад, йæ намыс цæрдзæнис йæ фыстыты мидæг, немæ цин кæндзæни, худдзæн ног царды рæсугъддзинæдтыл.

Яковы стыр курдиат фыццаг бафиппайдтой профессор Туаты Уæлгъа æмæ Дзанайты Иван. Поэт йæ фыстыты æдзух хъуыды кæны, канд фидæны цардыл нæ, фæлæ сомбоны поэзийыл дæр… Поэзийы архайдта ног агурæнтæ ссарыныл æмæ уымæн разынд бæлвырдæй йе ‘сфæлдыстады йæхи фæндаг.

«Поэт сæрыстыр уыд Къостайæ, Горькийæ, Маяковскийæ, цин кодта сæ уацмыстыл, фæлæ фæзмыныны цагъар никуы уыдис, уыдис сæ иузæрдион фæдон. Яков йæ хъаруты фæрцы æрбахаста поэзимæ йæхи сфæлдыстадон дуне, йæ арвнæрд æмæ йæ тохимæ, йæ уæлтæмæнад æмæ йæ цæхæримæ. Æмæ йын уыдон радтой фыссын æмæ тæхыны хъомыс.

Поэты удыхъæд дзаг уыдис æрдзы сатæг уддзæф æмæ аивады хæдбындур комулæфтæй…

Яков ирон поэзийы цы «уалдзыгон талатæ» ныссагъта, уыдон рафтыдтой уалдзыгон хъæлæстæ» (Хозиты Барис).

Мадæлон æвзагыл фыццаг фельетон, пароди æмæ эпиграммæ дæр ныффыста Хозиты Яков. Яков, Хъамбердиаты Мысостау, уыди дзырдарæхст æмæ рæстдзæвин. «Йæ ныхас – кардау кæрдаг». Уый цæттæйæ æрбацыд сатирикон поэзимæ.

Фыдæлтæй абоны фæлтæрты ‘хсæн Яковы сфæлдыстад у фарны хид æмæ йыл нæ кæстæртæ фарн æмæ амондимæ цæуæнт.

Яковы сфæлдыстадон мæсыг азты сæрты кадимæ кæстæртæн  рухсхæссæг у æмæ æнусты дæргъы ма фæцудæд, «судзæд йе стъалы æнусмæ цырагъау»!

Яков йе мдзæвгæ «Добролюбовы мысгæйæ»-йы цыма йæ хъысмæт зыдта æмæ йæ йæхи тыххæй ныффыста:

Цæмæн фæзынд ыстъалы арвыл

Зымæгон сау æхсæвы тары?

Цæмæн йæ сонт базыртæ дардыл

Цæргæс бæрзонд хæхтæм фæлвары?

Цæмæн йæ ферттывдимæ арвыл

Уый хаугæ ‘рттиваг фæд ныууагъта?

Цæмæн æвзонг уарийы мардыл

Æврæгъты ставд цæссыг æрхаудта?                                       

Цæмæн йæ ферттывдимæ арвыл

Уый хаугæ ‘рттиваг фæд ныууагъта?

Цæмæн æвзонг уарийы мардыл

Æврæгъты ставд цæссыг æрхаудта?

Цæмæй æдзух лæууа йæ разы,

Уæлахиз тох йæ баст рæмудза,

Æмæ сæрибары фæндагыл

Æнусмæ уый цырагъау судза.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.