Ивгъуыд къуыри видеоформаты фембæлдысты  æмæ актуалон фарстатыл æрдзырдтой Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæты омбудсментæ. Хуссар Ирыстонæй телехиды хайад райстой Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Сиукъаты Родион, Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Галуанты Александр, горæты мидхъуыддæгты хайады сæргълæууæг Гæбæраты Родион, Æддагон бастдзинæдты министрады минæвар Елбачиты Александр, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады сывæллæтты æвджиддарды хайады сæргълæууæг Цхуырбаты Иннæ.

«Мæнæн æхсызгон у нæ адæмты ‘хсæн цы ахастытæ ис, уый банысан кæнын. Бæтты нæ, бирææнусон хæлардзинад. Ис нын æмхуызон уæззау истори. Кæй зæгъын æй хъæуы, рамбылдтам хæст, ныр та хъуамæ рамбулæм сабырад. Æндидзынады хъуыддаджы Уæрæсейы Федераци нæ фарсмæ лæууы. Æххуыс нын кæны алыварсонæй дæр. Æрæджы УФ-йы сывæллæтты омбудсмен Мария Львова-Беловаимæ мæнæн уыд хъуыддагон фембæлд. Нæ къухтæ æрфыстам Меморандумыл. Уый фæстиуæгæн тагъд нæ республикæмæ æрцæудзысты специалисттæ. Уыдон нын баххуыс кæндзысты нæ куыст æрбæстон кæнынæн. УФ цæттæ у, нæ къухтæ цы сразыдзинадыл æрфыстам, уый сæххæст кæнынмæ, фæлæ мæн фæнды зонын, сымахмæ та Сывæллæтты бартæ куыд хъахъхъæд цæуынц? Не ‘взонг республикæтæ хæдбардзинад куы райстой, уæдæй абонмæ уын уыцы фадыджы цы аразын бантыст? Чизоны ссарæм иумиаг бакусинаг хъуыддæгтæ? Фæнды мæ, цæмæй Абхазы Республикæимæ дæр нæ къухтæ æрфыссæм Меморандумыл, кæд æмæ сымахмæ дæр разына ахæм фæндондзинад, уæд», – дзырдта Джиоты Аэлитæ.

Абхазы фарс стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты Хуссар Ирыстоны телехиды хайадисджытыл. «Нæ бæстæты æмахастытæн ис арф, историон нысаниуæг. Æмæ æрмæст мах нæ, фæлæ нæ фидæны фæлтæртæ дæр хъуамæ дарддæр кæной уыцы хъуыддаг, цæмæй уыцы ахастытæ ноджыдæр фидар кæной æмæ нæ бæстæтæ рæзой. Махæн дæр æххуыс кæны нæ иумæйаг стратегион партнер Уæрæсе, фæлæ нæхæдæг дæр хъуамæ архайæм нæ къæхтыл слæууыныл. Аразæм уавæртæ, цæмæй рæзой нæ паддзахадтæ. Сомбон та абоны бонæй аразгæ у. Уымæ гæсгæ сабитæн хъæуы уæрæх фæндæгтæ аразын, сæ фарсмæ балæу-уын, сæ бартыл сын дзурын. Мах, цæттæ стæм Меморандумыл къухтæ æрфыссынмæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы къахдзæф ноджыдæр фидар кæндзæн нæ дыууæ бæстæты æнгом ахастытæ. Уæ бынаты раздæр чи куыста – Цхуырбаты Татьянæ, уыимæ дæр нын хорз ахастытæ уыд. Бантыст нын цалдæр ахсджиаг иумæйаг фарстатæ аскъуыддзаг кæнын. Ныр дæр цæттæ стæм мидисджын фембæлдмæ, ахастытæ рæзын кæнынмæ», – дзырдта Абхазы Республикæйы омбудсмен Мактина Джинджолия.

Дыууæ бæстæты сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны профилон ведомствоты иннæ минæвæрттæ дæр æруынаффæ кодтой ацы фадыджы куыд рахизæн ис ног æмвæзадмæ, кæрæдзийы фарсмæ лæугæйæ. Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Сиукъаты Радион куыд банысан кодта, афтæмæй Джиоты Аэлитæ фæндон бахаста, цæмæй алы сывæллонæн дæр арæзт цæуа социалон паспорт, цыран хаст цæудзысты йæ медицинон бæрæггæнæнтæ. «Нæ министрад стыр æхсызгонæй фембæлд ацы инициативæйыл. Ацы сферæйы куыст бирæ уыдзæн, фæлæ уый хыгъд ратдзæн хорз фæстиуæг», – дзырдта уый.

Телехиды хайадисджытæ дзырдтой æндæр вазыгджын фарстатыл дæр. Уыцы нымæцы социалон æгъдауæй æвæрæз бинонты ‘хсæн цы сывæллæттæ хъомыл кæны, уыдон фарсмæ хицауад куыд хъуамæ балæууа. Афтæ ма цы профилактикон мадзæлттæ уадзын хъæуы, цæмæй сывæллæтты ‘хсæн фыдракæндтæ арæзт ма цæуа. Ныхас ма кодтой сывæллæтты психологтæ цæттæ кæнын кæй хъæуы, цæмæй уыдон æрмæст коррекцион кълæсты ма кусой, фæлæ ма сабидæтты æмæ скъолаты дæр.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.