Цхинвал æмæ Сухумы ‘хсæн цы телехид ауагъдæуыд, уым хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджынтæ Цхуырбаты Татьянæ æмæ Мактина Джонджолия.

Мактина Джонджолия банысан кодта Цхуырбаты Татьянаимæ сын бирæ æнгæсдзинæдтæ кæй ис.

«Дæ биографи дын сахуыр кодтон, æмæ куыд бафиппайдтон, афтæмæй бирæ цæмæйдæрты стæм æмхуызон. Куыд æз, афтæ ды дæр куыстай дзыллон информацийы фæрæзты, уыдтæ хæрзаудæн фонды сæргълæууæг, æз дæр æмæ ды дæр иу рæстæджы систæм Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджынтæ», – загъта Мактина Джонджолия.

Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджыны институт Абхазы нырма ацы аз кæй бакондæуыд æмæ Джонджолия уыцы бынаты  ног кусæг кæй у, уый тыххæй  йын Цхуырбаты Татьянæ баныфс æвæрдта, æрвылхатт дæр  цæттæ кæй у йæ фæлтæрддзинад йæ коллегæйæн бацамонынмæ.

«Æз кæддæриддæр цæттæ дæн мæ фæлтæрддзинад бацамонынмæ. Махмæ республикæйы мидæг активон куыст цæуы. Мæн уырны, æмæ не ‘мгуыстад уыдзæн хæларадон æмæ æнтыстджын. Ныфс мæ ис, кæй нæм æрцæудзынæ æмæ æнгомдæр куыст кæй кæндзыстæм, уымæй», – банысан кодта Цхуырбаты Татьянæ.

Телехиды рæстæджы дыууæ омбудсмены радзырдтой дыууæ республикæйы  сæ архъайды тыххæй.

«Сывæллæтты барты фæдыл институт Абхазы фыццаг хатт кæй фæзынд, уый тыххæй нырма бюджетмæ хаст не ‘рцыд, æмæ уый сæраппонд нырма нæ командæ кусынц хæрзаудæн фонд «Ашан»-ы фæрæзты руаджы. Нæ фонд уæззау рынчын сывæллæттæн æххуыс кæны 10 азы дæргъы», – загъта абхазаг омбудсмен.

Йæ архайты тыххæй радзырдта хуссарирыстойнаг омбудсмен дæр.

«Хъыгагæн, нæ республикæйы фылдæрæй фылдæр кæны, се ‘нæниздзинады аххосæй сæ фадæттæ къуындæг кæмæн сты, ахæм сывæллæтты нымæц. Уыцы сывæллæттæн æххуысы тыххæй нæм тагъд фæзындзæн адаптивон ленккæнынад. Паралимпиадæйы спортсментимæ чи куыста, æрцæудзæн нæм ленккæныны  ахæм инструктор æмæ кусдзæн рынчын сывæллæттимæ. Цыбыр рæстæджы нæм байгом уыдзæн ипподром дæр», –  банысан кодта Цхуырбиан æмæ радзырдта йæ дарддæры проектты тыххæй.

«Приоритеты нын у, се ‘нæниздзинады аххосæй сæ фадæттæ къуындæг кæмæн сты, уыцы сывæллæттæн сæ уавæртæ фæхуыздæр кæнын. Уымæй дарддæр æххæстбарджын йæ хъус дары æнахъомты хъуыддæгты фæдыл къамисы куыстмæ. Тагъд нæм фæзындзæн æвджиддарды (опеки и попечительства) орган. Мах архайæм ахæм закъондæттынад саразын, кæцыйы руаджы сывæллæтты бартæ хъахъхъæнын уыдзæн приоритеты», – загъта Татьянæ.

Дарддæр куыд банысан кодта, афтæмæй æххæстбарджынимæ иумæ кусынц, Се ‘нæниздзинады аххосæй къуындæг фадæт-тимæ сывæллæтты æмæ сахъатджын сы-вæллæтты бартæ хъахъхъæныны фарсты фæдыл ныййарджыты совет,  Сывæллæтты æхсæнадон совет æмæ Экспертон совет.

Йæ рады Джонджолия дæр радзырдта сæ бæстæйы сахъатджын сывæллæтты проблемæйы тыххæй.

«Сахъатджын сывæллæттæ махмæ бирæ ис. Мах раразмæ кодтам фарст, цæмæй æхсæнад цæттæ уа сахъатджын сывæллæтты райсынмæ. Инклюзивон ахуырадыл дзурын, хъыгагæн,  нырма раджы у, уымæн æмæ нæ республикæйы æрмæст иу коррекцион скъолайы йедтæмæ нæй», – загъта абхазаг омбудсмен æмæ банысан кодта, зæгъгæ, сæм ис сахъатджын сывæллæтты тыххæй центртæ, фæлæ проблемæ у специалистты хъуагдзинад.

«Ныртæккæ нын иууыл ахсджиагдæр у сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фадыджы æппæт проблемæтæ сахуыр кæнын. Мах ацæуæм районтæм æмæ ныхас кæнæм администрациты сæргълæуджытимæ, æмæ æнахъомтимæ чи кусы, уыцы органты минæвæрттимæ. Ахæм фембæлдты руаджы сбæрæг кодтам, иууыл проблемондæр сахъатджын сывæллæтты фарст кæй у. Стыр проблемæтæ ис æвджиддарды фадыджы дæр. Ис ахæм бинонтæ, кæцытæй  байсын хъæуы сывæллоны, фæлæ нæ республикæйы кризисон центртæ кæй нæй, уый тыххæй сывæллоны кæдæм бакæнæм, нæй нæм ахæм бынæттæ. Уыцы фарстатæ сты иууыл проблемондæр æмæ мах нæ командæимæ архайæм, цæмæй арæзт æрцæуой кризисон центртæ», – банысан кодта Мактина Джонджолия.

Уый куыд загъта, афтæмæй дыууæ республикæйæн дæр ис æнгæс проблемæтæ æмæ йæ фæнды, цæмæй практикæйы йæхи цæстæй фена, Хуссар Ирыстоны омбудсмен æмбæстæгтимæ куыд кусы, уый.

«Цымыдисон мын у, уæ республикæйы æмбæстæгты фылдæр цы проблемæтæ тыхсын кæнынц, цахæм проблемæтимæ дæм бацæуынц æмæ сын куыд æххуыс кæныс, уыдæттæ фенын. Стыр æхсызгонæй уын райдзыстæм уæ фæлтæрддзинад», – загъта Джонджолия.

Телехиды рæстæджы дыууæ омбудсмены дæр бафæндыд проекттыл иумæ кусын, загътой ма цæттæ кæй сты  æмкуысткæнынады тыххæй меморандумыл къухтæ æрфыссынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.