Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты уагъд æрцыд телехид нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад æмæ Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл комитеты минæвæрттæн, цыран дзырд цыд, коронавирусы ныхмæ цавæр мадзæлттæ ист æрцыдис æмæ ма дарддæр цæмæ æнхъæлмæ кæсæм. Видеобастдзинады руаджы ма комкоммæ эфирмæ рахызтысты сæ цæгатирыстойнаг коллегæтæ, кæцыты ‘хсæн уыд Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутат Уататы Зелим дæр. Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй ма дзы хайад райста не ‘мбæстаг Бестауты Анатоли дæр, кæцы хæрзæрæджы фæрынчын коронавирусæй æмæ йæ йæхиуыл бавзæрста.

Райдианы уал æрдзырдтой, эпидемиологон уавæр куыд у дыууæ Ирыстоны дæр, ууыл, стæй ахызтысты, дарддæр нæ цахæм къахдзæфтæ хъæуы аразын, уымæ. Райдианы уал æмбырды хайадисджытæ растыл банымадтой, Хуссар Ирыстоны арæнтæ карантины фæстиуæгæн æхгæд кæй æрцыдысты, уыцы хъуыддаг. Уымæн æмæ ныридæгæн коронавирус нæ республикæйы территорийы нæ рахызт рынчындæтты фæлгæттæй  æмæ уый та дзурæг у, нæ бæстæйы къухдариуæг йæ рæстæджы раст уынаффæттæ кæй рахаста, ууыл.

Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл комитеты  сæрдары хæдивæг Гаглойты Аннæ банысан кодта, зæгъгæ, нæ бæстæйы ныртæккæ нал ис коронавирусæй рынчынтæ.

«Нæ республикæйы 89 адæймаджы фæрынчын сты ацы низæй æмæ иууылдæр адзæбæх сты. Абоны бон дохтыртæ сæ хъус дарынц 247 пациентмæ карантины æмæ нын ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй сын бакæнæм æмбæлон медицинон æххуыс. Хъыгагæн, Цæгат Ирыстоны нырма уавæр мæгуырау у æмæ уымæ гæсгæ арæнтæ сты æхгæд. Абоны бон арæнтæ куы байгом кæнæм, уæд нæм æнæмæнг фæзын-дзæнис рынчынтæ», – загъта Гаглойты Аннæ.

Абоны бон Цæгат Ирыстоны рынчынты нымæц фæхæццæ кæны 5 минмæ æмæ дзы, хъыгагæн, 67 адæймаджы та баисты низы амæттæгтæ.  Цæгатирыстойнаг дохтыр-инфекционист Сергей Ленский куыд банысан кодта, афтæмæй ма ныр дæр рынчындæттæм æрвылбон дæр æрбаласынц 50-60 рынчыны æмæ дзы 20 адæймаджы бæрц та хуыссын скæнын кæнынц.

«Рынчынты фылдæр хай сты кардзыд адæм, кæцытæн ма фæцуды се ‘нæниздзинад дæр æмæ сыл уый фæстиуæгæн коронавирус стых вæййы. Уыдис ма нæм ахæм рынчынтæ дæр, кæцытæ нæм æрбахаудтой коронавирусимæ æмæ ма сын ам, анализтæ саразыны фæстиуæгæн, рабæрæг сты ноджы æндæр низтæ, кæцыты сæхæдæг дæр нæ зыдтой. Уыцы тæссаг низтæм хауынц, куыд инфаркт, сæкæрниз, инсульт, гипертони, зæрдæнизтæ, уыргты низтæ, рæуджыты низтæ æмæ æндæртæ. Кæд æмæ низы фæзынды райдианы дохтыртæ фæтыхстысты æмæ йæ нæ зыдтой, цы саразой дарддæр, уæд ныр иу рынчын дæр æнæркаст нæ баззайы æмæ райсы æмбæлон медицинон æххуыс. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ рынчынты нымæц бæрæг кæй фæкъаддæр ис, фæлæ уыимæ иумæ уæззау рынчынты нымæц нæ фæкъаддæр ис, уымæн æмæ йе ‘нæниздзинад лæмæгъ кæмæн уыдис, уыдон зынтæй фæразынц коронавирус», – загъта Сергей Ленский.

«Теоретикон æгъдауæй ис гæнæн æмæ дзы адæймаг дыккаг хатт фæрынчын уа, фæлæ æгас дунейы нырма ахæм цау не ‘рцыд. Ныридæгæн ацы низæй фæрынчын сты Цæгат Ирыстоны цæрджыты 70 проценты бæрц. Кæд æмæ дыккаг хатт фæзына ацы эпидеми, уæд ма дзы фæрынчын уыдзысты, абоны онг йæхи тынг чи хъахъхъæдта, карантинон нормæтæ кæронмæ чи æххæст кодта, уыцы æмбæстæгтæ», – худгæйæ банысан кодта Сергей Ленский.

Уататы Зелим дæр хорзыл банымадта, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад ахæм мадзæлттæ кæй райста низы ныхмæ, уый æмæ бахатыд Хуссар Ирыстоны адæммæ, цæмæй ма иучысыл бафæразой.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, тыхст адæмæн æххуыс кæнын хъæуы, ифтонг хъуамæ цæуой хæлцæй æмæ сын гæнæн уæвгæйæ сæ царды уавæртæ хуыздæр кæнын хъæуы. Æз мæхæдæг дæр æмæ ме ‘ввахс хиуæттæ дæр фæрынчын стæм коронавирусæй æмæ йæ хорз зонын, куыд тæссаг низ у, уый. Æз æвдисæн уыдтæн, низы фæзынды райдианы нæ медицинæйы къабаз цахæм зындзинæдтимæ сæмбæлд, уымæн. Уæззау рынчынмæ-иу къуыригæйтты тагъд æххуысы машинæ нæ бацыд, рынчындæттæм нал истой рынчынты, тыхст адæм аззадысты иунæгæй сæ проблемæтимæ æмæ уый та хорзыл дзурæг нæу. Абоны бон уавæр бæрæг фæхуыздæр ис æмæ ацы эпидемийы фæстиуджытæй хъуамæ хатдзæгтæ саразæм, цæмæй нæхи фыдбылызтæй хизын фæразæм фидæны», – банысан кодта Уататы Зелим.

Ацы низ æнахъомтæ æнцондæрæй кæй хæссынц, уый тыххæй та æрдзырдта сывæллæтты клиникон рынчындоны дохтыр Хæмæтаты Эмилия. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 10 азы кары онг коронавирус сывæллон бынтондæр нæ хаты, уымæй уæлæмæ карæны дæр дзы æрмæст стæмтæн вæййы симптомтæ, иннæтæ æнцонтæй адзæбæх вæййынц. Уымæ гæсгæ мах лæуд стæм ахæм хъуыдыйыл, цæмæй ног ахуыры азы скъолатæ гом æрцæуой.

«Коронавирусæй фæрынчын уыдзынæ, бирæ адæм кæм змæлы, ахæм бынæтты æмæ уым æнæмæнг дарын хъæуы маскæ. Фæлæ уынгы цæугæйæ маскæ ницы æххуыс у æмæ ма уыимæ иугæндзон маскæ дарын дæр организмæн стыр зиан хæссы. Иууыл хуыздæр профилактикон мадзæлттæ сты, – уымæл хæцъилæй дзаумæттæ сæрфын æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ та рудзгуытæ бакæнын», – загъта Хæмæтаты Эмилия.

Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæдивæг Плиты Агуындæ дæр банысан кодта, зæгъгæ, нæ бæстæйы къухдариуæгад развæлгъау райстой æмбæлон мадзæлттæ æмæ нæм уый фæстиуæгæн нæ апарахат коронавирус.

«300 дохтыры бæрц активон хайад райстой карантинон мадзæлтты. Цы 10 медицинон хайады нæм ис, уыдонæй 7 куыстой карантинон режимы, абоны бон ма дзы 4 кусынц ахæм режимыл. Нæ бæстæйы къухдариуæгад ма рахицæн кодтой æхцайы фæрæзтæ, цæмæй æлхæд æрцыдаиккой хостæ æмæ æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæ, стæй ма дохтыртæн дæр сæ бакæнгæ куысты тыххæй бафыстам уæлдай мызд», – загъта Плиты Агуындæ.

Бестауты Анатоли коронавирус бавзæрста йæхиуыл æмæ сиды цæрджытæм, цæмæй уæлæнгай цæстæй ма кæсой ацы низмæ.

«Мах æнæхъæн бинонтæй фæрынчын стæм ацы низæй æмæ дзы иууыл уæззаудæр фæстиуджытæ уыдис мæнæн. Ныр æртæ мæйы бæрц рацыд, фæлæ нырма дæр мæ сæрæн нæ дæн. Цæйнæфæлтау нæм уыцы низ апарахат уа, фæлтау ма бафæразæм цъус, цæмæй Цæгат Ирыстоны уавæр фæхуыздæр уа æмæ æдæрсгæйæ цæуынæн фадат фæзына», – загъта Бестауты Анатоли.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.