«Уæрæсейы Федерацийы гуманитарон политикæйы концепци фæсарæнты», ахæм барамындыл æрæджы йæ къух бафыста Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин. Ацы документы дзырдæуы Хæдбар Æмхæларадты паддзахадты бæстæтимæ æмгуыстад фæуæрæхдæр кæнын, сæйраджыдæр Абхаз, Хуссар Ирыстон, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтимæ. Уый, зæгъгæ, суыдзæн фæсарæнты Уæрæсейы гуманитарон политикæйы приоритетон здæхтытæй сæ иу.

Гуманитарон политикæйы концепцийы руаджы бæстæты æхсæн æмгуыстады размæцыд, адæм æмæ бæстæты æхсæн æмахастыты уникалондзинад æмæ цахæм уыдзысты концепцийы сæйраг принциптæ, нысæнттæ æмæ хæстæ? – уыцы æмæ æндæр фарстатыл дзырд цыд, Спутник-Хуссар Ирыстоны пресс-центры цы видеохид уагъд æрцыд, уым. Йæ хайадисджытæ уыдысты Уæрæсейы зонæдты академийы институты директор Александр Скаков, Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы аналитикон управленийы къухдариуæггæнæг Уазæгты Юри æмæ Абхазæй та дунеон хъуыддæгты фæдыл президенты æххуысгæнæг Максим Гвинджия.

Уæрæсейаг минæвар Александр Скаков куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы барамындыл къух фыст кæй æрцыд ныртæккæ, уый хорз у, уымæн æмæ дунеон уавæры вазыгджындзинад, Уæрæсейы алфæмблай уавæр хынцгæйæ стыр нысаниуæг ис информацион политикæйæн. Уыцы информацион политикæйы хъуагдзинад æнкъардтам дæсгай азты дæргъы. Уæрæсе ныртæккæ ис Скæсæн æмæ Ныгуылæны æмиуады, уым сты культурæ, менталитет æмæ историйы æууæлтæ. Уыцы æууæлтæ æцæгæй базонын æмæ уынын æцæгдæр кæй фæнды, уыдонмæ здæхт у уыцы информацион политикæ.

Гуманитарон æмгуыстадыл дзырд куы цæуа, уæд ныхасгæнæг хорзыл банымадта, хуссарирыстойнаг студенттæн фадат кæй ис уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуырад райсынæн. Фæлæ, зæгъгæ, ахъуыды хъæуы фидæныл, цæмæй студенттæ сахуыр кæной, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы цы дæсныйæдтæ хъæуы, уыдоныл.

Александр Скаков ма сæйрагыл банымадта зонадон фадыджы æмархайд. Æрмæст, зæгъгæ, конференцитæ æмæ зонадон литературæ рауадзынæй дарддæр æмгуыстад хъуамæ цæуа музейтимæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы аивадон равдыстытæ ауадзын, цæмæй Уæрæсейы цæрджытæ хуыздæр зоной ацы республикæты тыххæй.

Уыцы нысанæн фæндон бахаста, цæмæй уагъд æрцæуой чингуытæ, уыцы нымæцы ахуыргæнæн æрмæджытæ, Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты конд æрцæуой курсытæ фæскавказаг республикæты историйы фæдыл.

Хуссар Ирыстоны президенты аналитикон управленийы къухдариуæггæнæг Уазæгты Юри та радзырдта Хуссар Ирыстоныл ацы концепцийы æндæвдады тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ документ бандавдзæн дыууæварсон ахастыты сæйраг здæхтытыл, уыдон æнæуый дæр рæзтысты тынг активонæй.

«Махæн абон нæ бон у зæгъын уый, æмæ 14 азы дæргъы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн гуманитарон æмгуыстады алы здæхты дæр – культурæйы, зонады, спорты кæй ис хорз æнтыстытæ. Арæзт æрцыд барадон базæ, биноныг æрцыд эффективон æмгуыстад.

Мæ хъуыдымæ гæсгæ концепцийы реализацийы руаджы райст æрцæудзæн конкретон программæ æмæ æмгуыстады фæзуат ноджы фæуæрæхдæр уыдзæн», – банысан кодта уый.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ концепцийы сæйраг хъусдард здæхт ис информацион политикæмæ. Хуссар Ирыстонæн сæйраг у, цæмæй Уæрæсеимæ æмгуыстад уыцы здæхты ноджы активонæйдæр рæза. Уымæн æмæ Уæрæсе егъау хайад исы иу кæнæ иннæ цауты, сæрмагондæй та 2008 азы августы цауты.

Администрацийы минæвар ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Украинæйы цы цаутæ цæ-уы, уый хынцгæйæ бæрæг цæуы Уæрæсейы ныхмæ агрессийы ног этап, кæцы баххæссыд Кавказы регионмæ дæр.

«Украинæ æмæ бæрæг ныгуылæйнаг бæстæты фарс хæцгæйæ Гуырдзыстоны Уæрæсейы ныхмæ цæхгæр здæхт элементтæ сæхи дарынц уæлдай агрессивон.

Ацы фарстыты фæдыл æмгуыстад алы бæстæтæн дæр уыдзæн актуалон æмæ хæрзвадат, кæцытæ суыдзысты концепцийы иуæй-иу здæхтыты хай.

Видеохиды абхазаг хайадисæг Максим Гвинджия банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсеимæ сæ æмгуыстад æмæ æмархайды æмвæзад у бæрзонд. Бæстæты æхсæн бафыст æрцыд сæдæйæ фылдæр сразыдзинæдтæ æмæ бадзырдтытæ.

«Ацы концепци ма нæ фаг кодта Уæрæсейы Федерациимæ нæ æнтыстджын æмгуыстады. Абхазы ис иууыл активондæр æмбæстагон æхсæнад, уымæ гæсгæ нын ис егъау фæлтæрддзинад гуманитарон проекттæ æххæст кæныны хъуыддаджы дæр», – дзырдта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ уыцы проекттæ æххæст кæнынæн ныр Абхазы æхсæнадон организацитæн фадат уыдзæн ног партнертæ Уæрæсейы Федерацийы ссарынæн. Банымадта йæ хъæуæг æмæ ахсджиагыл, националон интерестæ чи хъахъхъæны, ахæмыл.

Видеохиды хайадисджытæ ма дзуаппытæ радтой Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы студиты хайадисæг информацион минæвæртты фарстытæн.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.