Бӕрӕг куыд у, уымӕ гӕсгӕ 15 ноябры Уӕрӕсейы столицӕйы фӕбӕрӕг сты ӕхсӕнадӕмон литературон преми «Булӕмӕргъ»-ы уӕлахиздзаутæ. Йӕ фӕстиуджыты тыххӕй Хуссар Ирыстоны информацион агентад Sputnik-ы пресс-центры бӕстондӕрӕй ныхас цыдис видео-хид Мӕс-куы-Цхинвалы фӕлгӕтты. Мӕскуыйы мадзалы уазджытӕ уыдысты Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар Уӕрӕсейы, преми «Булӕмӕргъ»-ы бындурӕвӕрджытӕй сӕ иу Гасситы Знауыр, Хуссар Ирыстоны драмон театры къухдариуӕггӕнӕг Дзуццаты Тамерлан ӕмӕ премийы лаурет, журнал «Мах дуджы» сӕйраг редактор Хетӕгкаты Оксанӕ. Цхинвалы студийы уазджытӕ уыдысты уырыссаг ӕвзаджы ахуыргӕнджыты ассоцицаийы президент Тедеты Залинӕ, преми «Булӕмӕргъ»-ы лауреат Бежанты Ӕхсар ӕмӕ премийы фыццаг лауреат, журналист Плиты Инал.

Пресс-конференцийы уазджытӕ лӕмбынӕгӕй ӕрдзырдтой преми куыд ӕндавы æрмæст йӕ лауреатты цардыл нӕ, фӕлӕ ма ӕмткӕй ирон ӕвзаджы размӕцыдыл дӕр. Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр иумиагæй раарфæ кодта премийы V-ӕм сезон уагъд кæй æрцыд, уый тыххӕй, кӕцы чысыл афæстиат пандемийы аххосæй. Йæ хъуыдымæ гæсгæ преми бирæбæрцæй сфидардӕр ис, йӕхимӕ ӕлвасы бирӕнымӕц фӕсивӕды ӕмӕ фысджыты. Ацы аз премимӕ хаст æрцыдысты, уырыссаг ӕвзагыл чи фыссынц, уыцы автортæ дӕр. «Мӕнмæ гæсгæ уый раст фӕнд у, уымӕн ӕмӕ уырыссаг ӕвзаг махӕн нымад у нæ дыккаг паддзахадон æвзагыл. Стыр ӕххуыс нын бакодта Уӕрӕсейы фысджыты Цӕдис. Мах цӕттӕ кӕнӕм бирӕ цымыдисон мадзӕлттӕ – фембӕлдтытӕ, Уӕрӕсейы горӕттӕм балцытæ, Хуссар Ирыстоны уазджытыл фембӕлдтытӕ. Уымӕй дарддӕр ма махӕн фӕзындис спонсортӕ, кӕцытӕ нын зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕндзысты нæ райдайгæ куысты. Уымӕ гӕсгӕ, табуафси, алкӕй дӕр хонын нӕ иумиаг куыстмӕ».

Гасситы Знауыр ма куыд баныфсæвæрдта, уымæ гæсгæ æхсæзæм премийы тыххæй хъусинаг радтыны размæ уагъд æрцæудзæн цалдæр мадзалы, кæцытæ здæхт уыдзысты æмткæй ирон культурæ популяризаци кæнынмæ. Уый стыр æххуыс фæуыдзæн преми  баххæст кæнынæн. Ацы аз ӕртыккаг къӕпхӕны дипломтӕй хорзӕхджын ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны ӕвзонг зарӕггӕнджытӕ Джиоты Любовь ӕмӕ Хъодалаты Мария, фӕлӕ Гасситы Знауыры хъуыдымӕ гӕсгӕ организатортӕ литературон премийы фӕлгӕттӕй нӕ рахызтысты, уымӕн ӕмӕ ӕвзонг чызджытӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты поэзи популяризаци кӕныны тыххӕй. Уый у иумӕйаг сфӕлдыст – музыкӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ. Уый дӕр, йӕ рады, схонӕн ис фæлдзæуæн эксперимент.

Уый ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй жюрийы ис Уӕ-рӕсе, Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны фысджыты Цӕдисты минӕвӕрттӕ. Уацмыстæн саргъ кæныны тыххæй, хайад исынц æвджидарты советы уæнгтæ дæр. Нæ нысæнттæ вæййынц раст æмæ сыл мачи хъуамæ фӕдызӕрдыг уа.

Дзуццаты Тамерлан бузныджы ныхӕстӕ загъта премийы хайадисджытӕн, кӕцытӕ, зӕгъ, ӕрмӕст стыр курдиаты хицау не сты, фӕлӕ ма серьезон ӕгъдауӕй пропагандӕ кӕнынц куыд ирон, афтӕ уырыссаг литературӕ дӕр. «Преми «Булӕмӕргъ» егъау хайбавӕрд хӕссы ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгты пропагандӕ кӕнынмӕ. Уый уыдис тынг нысаниуӕгджын бон, премийӕн йӕ чысыл юбилей. Преми уӕлдай нысаниуӕгджын та уымӕн уыд ӕмӕ йӕм ӕрбацыдысты Ирыстоны дыууӕ президенты Бибылты Анатоли ӕмӕ Сергей Меняйло. Уыдон сӕ дыууӕ дӕр сӕ раны-хӕсты банысан кодтой, зӕгъгӕ ацы хъуыддаг хъӕуы      адарддӕр кӕнын ӕмӕ йын ӕххуыс кӕнын», – загъта уый. Тамерлан ма куыд  банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ ирон фысджытӕ ӕмӕ поэттӕй алкӕцы дӕр фыста йӕ дуджы тыххӕй ӕмӕ сӕ уацмыстӕм гӕсгӕ ныры фӕлтӕрӕн тӕрхон кӕнынц уӕды дуджы цытӕ цыдис, уымӕ гӕсгӕ.  «Фӕнды мӕ ӕрсидын ныры фӕсивӕдмӕ. Театры рагӕй дзырд цӕуы драматург кӕй агурӕм, уый фӕдыл ӕмӕ нæм куы фӕзына, уӕд махӕн нӕ бон у Шекспиры дӕр ныууадзæм ӕмӕ сывӕрӕм ӕвзонг курдиаты пьесӕ, кӕцы фыст уыдзӕн ныры рӕстӕгыл». Уый ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, хъӕуы тырнын, цӕмӕй премийы цы уацмыстӕ нысан ӕрцыдысты, уыдон уӕрӕхдӕрӕй хӕццӕ кӕной кӕсджытӕм. Мӕгуырау уавӕры ис ирон классикон литературӕйы тӕлмацкӕныны институт уырыссаг ӕвзагмӕ. Нӕ классикты уацмыстӕй алкӕцы нӕу тӕлмацгонд ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ  уырыссаг кӕсӕг нӕ зоны.

2021 азы премийы лауреат, журнал «Мах дуг»-ы сӕйраг редактор Хетӕгкаты Оксанӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, «Булӕмӕргъ» скъуыддзаг кӕны кӕцыфӕнды адӕмыхатт дӕр йӕ разы цы хӕслӕвӕрдтӕ ӕвӕры, уыдонӕй сӕ иу – мадӕлон ӕвзаг бахъахъхъӕнын. Оксанӕ премийы хицау ссис  ирон национ прозæйы жанры йæ радзырдты циклы тыххæй. «Ӕз сдӕн ахӕм нысаниуӕгджын премийы лауреат. Уый мӕнӕн тынг зынаргъ у. Хуссар Ирыстоны Минӕ-варад цы аразы, уый у тынг актуалон ӕмӕ уый у алы адӕмыхатт дӕр сӕ разы цы ахсджиаг фарст ӕвӕрынц уый – мадӕлон ӕвзаг, культурӕ ӕмӕ литературӕ бахъахъ-хъӕнын. Уый сымахӕн тынг хорз уайы. Махӕн тынг ӕхсызгон у ирон литературӕйы бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ кӕй кӕнут, уымӕ кӕсын», – загъта редактор.

Бежанты Ӕхсар премийы хицау ссис 2019 азы. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ преми «Булӕмӕргъ»-ы фӕрцы рауагъд ӕрцыд йӕ чиныг «Когда солнце сгорело в огне». Роман фыст у 1917-1937 азты хуссары ирӕтты историйыл. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ хорзӕх кӕныны церемони Мӕскуыйы кӕй ацыд, уый бирӕбӕрцӕй фидар кӕны Ирыстон ӕмӕ уырыссаг дунейы иудзинад. «Мӕ царды премийӕн уыд стыр нысаниуӕг. Уӕды рӕстӕджы мӕ къухты кӕд ӕрмӕст мӕ уацмысы къухфыст уыд, уӕддӕр премийы фӕрцы мӕ фӕндтӕ сӕххӕст сты ӕмӕ мӕ бон ссис мӕ уацмыс чиныгкӕсӕджы размӕ рахӕссын».

Журналист, преми «Булӕмӕргъ»-ы фыццаг сезоны лауреат Плиты Иналы ныхæстæм гæсгæ премийæн фыццаджыдӕр уыд стыр эмоционалон нысаниуӕг. «Уый ӕнхъӕл ничи уыдис ӕмӕ мӕ тӕлмӕцтӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕй ирон мадӕлон ӕвзагмӕ исчи ахæм стыр аргъ скодтаит. Ацы преми у тынг хорз хъуыддаг. Уый стыр ахъаз у сфӕлдыстадӕн, нӕ национ литературӕ куыд ирон, афтӕ уырыссаг ӕвзӕгты размӕцыдӕн дӕр»,- банысан кодта Плиты Инал.

Тедеты Залинæ фæндон бахаста æмæ бахатыд Хетæгкаты Оксанæмæ, цæмæй кæрæдзийы уацмыстæ мыхуыр кæной сæ рауагъдадты.

Гасситы Знауыр куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ сын телефонӕй зӕрдиаг арфӕ ракодта маэстро Гергиты Валери дӕр. Тынг ӕхсызгон ын уыдысты нӕ æнтыстытæ ӕмӕ ныфс бавӕрдта иннӕ премийы немӕ хайад кӕй райсдзӕн, уымæй.

Кокайты Зæринæ

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.