47 азы æххæст кæны мобилон телефоны фæзындыл. Йæ гуырæн боныл нымад цæуы 3 апрель. 1973 азы «Motorola»-йы сæйраг инженер – Мартин Куперæн фыццаг хатт рауад мобилон телефонæй адзурын. Фыццаг хатт дзы фæ-дзырдта йæ зонгæмæ. Уæд телефоны уæз 1кг-йæ фылдæр уыди. Йæ дæргъ – 22 см, йæ уæрх та – 4 см. Йæ аккумулятор сахат æмæ æрдæг йедтæмæ нæ куыста.

Ныртæккæ æнæ мобилон телефонæй иу адæймаг дæр нал ис.  Алчи дæр дзы пайда кæны, 6-аздзыд сабитæй суанг 90-аздзыдты онг. Уый хорз у, удæнцой, цыфæнды рæстæг дæр дæ бон аныхас кæнын у дæ кæстæр, дæ хион, дæ зонгæимæ. О, фæлæ мæм афтæ кæсы, уыцы телефонтæ куы фæзындысты, уæд хъуыди æрдомын, цæмæй нын алы телефонимæ дæр æрвитой, адæмы астæу дзы куыд пайда кæнын хъæуы, ахæм бæрæгуат. Æнæ уымæй бирæтæн зын бамбарæн у, адæмы ‘хсæн хъæрæй дзурын хорз кæй нæу.

Махæй алчи дæр æмбары, 21-æм æнусы технологитæ зынгæ къахдзæф кæй акодтой размæ, æмæ æнæ уыдонæй ныр æнцон нæу. Фæлæ ис æви нæ, нырыккон мобилон телефонтæй скъолайы пайда кæнæн?

Скъолайы ахуыргæнджытæм ацы хъуыддаджы ис бæлвырд фæтк: кæд урокмæ телефон хæссай, уæд æрмæстдæр хуымæтæг, æнæ интернетæй.

Ахуырдзауты ныййарджытæ дæр ацы хъуыддаджы иу хъуыдыйыл хæст сты – интернетæн скъолайы бынат нæй. Хистæр кълæсты та уавæр зынгæ хи-цæн кæны. Зæгъæн ис, æмæ се ‘ппæтмæ дæр ис мобилон телефонтæ.

Хуссар Ирыстоны иумæйаг ахуырадон уагдæтты нал уадзынц интернетимæ мобилон телефонтæй пайда кӕнын. Ахæм уынаффæ ист ӕрцыд Ахуырады министр Гасситы Наталийы барамындæй.

“Сывæллæттæн се ‘ппæтæн дæр ис ахæм телефонтæ. Иуæй ацы фӕнд раст у, уымæн æмæ уроктыл дæр скъоладзаутæ сæ телефонтæ сæ къухæй нæ уадзынц. Фæлæ изæры сывæллонмæ бадзурæн нал вæййы æмæ йæ нæ зонын, цафон рацæудзӕн скъолайæ”, – зæгъы ныййарджытæй сæ иу.

10-æм къласы ахуырдзау Владислав иттæг хорз бæрæггæнæнтыл ахуыр кæны. Уымæй дарддæр ма активонæй архайы скъолайы æхсæнадон царды дæр. Бирæ хъуыддæгты йын телефон у æххуысгæнæг, æппынæдзух вæййы йæ къухы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй хъæуы бæрц зонын.  

Нырыккон мобилон телефонтæй скъолайы пайда кæнæн ис, æви нæ, ацы фарстайæн дзуапп зын раттæн у. Уый тыххæй та стыр хъомыладон куыст хъуамæ цæуа бинонты ‘хсæн дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.