Дунейы æппæт бæстæты цæрджыты катайы баппæрста, Китайы чи фæзынд, уыцы эпидеми – коронавирус. Алыгъуызон ныхæстæ цæуы ацы низы алыварс. Дзурынц ыл не ‘мбæстæгтæ дæр. Байхъусут дзы цалдæр адæймагмæ.

Тъехты Садул, пенсиисæг. Мах, не ‘ппæт дæр хорз зонæм, цыфæнды уæззау æмæ тæссаг низыл дæр адæм тагъддæр æмæ æнцондæрæй кæй фæтых уыдзысты, афоныл æй куы рахатой æмæ æвæстиат мадзæлттæ исын куы райдайой, уæд. Афтæ мæм кæсы, æмæ райдианы исын хъуыд карздæр мадзæлттæ. Афтæ куы бакодтаиккой Китайы, уæд йæ фæстиуджытæ уыйбæрц мæгуырау нæ уаиккой, афтæ дардыл нæ апарахат уыдаид.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ, куы фæзынд, уæд Китаймæ æмæ Китайæ æппæт фæндæгтæ дæр хъуыд æрыхгæнын.  

Куыдзеты Федосия, хæдзарон æфсин. Куыд нæ æмбарын дунейы бæстæты адæмты абоны уавæр, сæ тыхстдзинæдтæ, фæлæ афтæ зæгъон, æмæ  старстæн, уый нæу мæ бон зæгъын. Чизоны уымæн, æмæ æндæр бæстæтæй хъауджыдæр мах стæм  хибардæр, уыйбæрц нæм ничи æфты, нæхæдæг дæр æндæр бæстæты адæмтау не стæм алы рæттæм цæуаг. Кæд ацæуæм, уæддæр Уæрæсемæ æмæ уым дæр уавæр æндæр бæстæтæм абаргæйæ, нæу тынг катайаг. Стæй арæнтæ Гуырдзыстонимæ афоныл æхгæд кæй æрцыдысты, уый нæ адæмы цасдæрбæрцæй ирвæзын кæны ацы æнамонддзинадæй.

Джиоты Инга, дохтыр. Коронавирусы фæзынды хабар цалынмæ Китайæ нæ райхъуыст, уæдмæ дæр-иу уыд, фæлæ ныры коронавирус хицæн кæны йе ’ууæлтæм гæсгæ. Æнцондæр бахауы адæймаджы организммæ. Йæ симптомтæ та æндæр хæцгæ низтæй хъауджыдæр фæбæрæг вæййынц æрæгмæдæр. Кæд хæцгæ низты фылдæр хайы симптомтæ фæбæрæг вæййынц уадид, уæд коронавирусы симптомтæ та – адæймаджы уæнгты куы стыхджын вæййы, уый фæстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы рынчынмæ дæр дохтырты æрдыгæй вæййы æмбæлон хъусдард, фæлæ цæмæй адæймаг ма фæрынчын уа, уый тыххæй алчи дæр йæхæдæг хъуамæ батыхса, йæхи æмæ йæ алыварс чи ис, уыдоны æнæниздзинад бахъахъхъæныныл. Æххæст хъæуы дохтырты домæнтæ, амындтытæ. Хи фæуромын хъæуы уазæгуаты, бирæ адæм кæм æмбырд кæны, ахæм бынæттæм цæуынæй. Хæдзармæ бацæугæйæ, уæлдайдæр та хæрды размæ, къухтæ æнæмæнгдæр хъæуы æхсын. Дарын хъæуы медицинон маскæтæ. Абон уавæр мæгуыраудæр у Итали æмæ Испанийы. Уавæр бирæ хуыздæр нæу Америкæйы. Уæрæсейы цы мадзæлттæ райстой, уыдоны фæрцы абон уавæр уым у хуыздæр. Цы рынчынтæ сæм ис, уыдоны фылдæр хай та сты, Европæйы чи уыд æмæ уырдыгæй чи æрцыд, ахæмтæ. Абоны уæззау уавæрмæ бирæтæ кæсынц уæлæнгай цæстæй. Фидар зæрдæйы хицау уай, уый хорз миниуæг у, фæлæ ныл æмбæлы ахæм фарстыл хъуыды кæнæм бæстон. Цас хуыздæр æххæст кæнæм дохтырты, специалистты амындтытæ, уыйбæрц коронавирусæй фæрынчыны тасдзинад уыдзæнис бирæ къаддæр.                                                                                              

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.