Ныры дуджы мобилон бастдзинад афтæ æнгом балæууыд адæмы æрвылбонон цардмæ æмæ телефон нымайын райдыдтой æнæмæнгхъæуæг товарыл. Йæ фæрцы базонæн ис æппæт информаци дæр – райдай ног хабæрттæй æмæ фæу боныгъæдæй. Æмæ кæмдæрты мобилон бастдзинады сигнал лæмæгъ куы вæййы, кæнæ та йæ бынтондæр куы ахицæн кæнынц, уæд цæрджытæ зындзинæдтæ æвзарын райдайынц. Ахæм проблемæтимæ æмбæлдысты цалдæр мæйы дæргъы Донбассы цæрджытæ дæр. Фæлæ ныр сæ тухитæн кæрон æрцыд – райдыдтой сæм кусын уæрæсейаг мобилон бастдзинады чырæг оператортæ.

7 майы хаст æрцыд фæндон, цæмæй Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæты цæрджыты рахизын кæной уæрæсейаг телефоны кодмæ, ома +7 (раздæр та сын уыд +38071). Уый та нысан кæны, ацы республикæты цæрджытæ мобилон бастдзинады хъуыддаджы кæй рахызтысты Украинæйы юрисдикцийы бынæй. Ацы хъуыддаг цæмæй лæгъздæр арæзт æрцыдаид æмæ бынæттон цæрджытæ къаддæр зындзинæдтыл сæмбæлдаиккой, уый тыххæй номыртæ нæ баивын кодтой – æрмæстдæр баивтой украинæйаг код уæрæсейагæй. Уымæ гæсгæ абонентты нæ бахъуыдис ног сим-картæттæ балхæнын, фæлæ дарддæр пайда кæндзысты сæхи раздæры номыртæй.

Украинæйы территорийыл сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд киеваг фашистон режим ноджы йæхи фæкарздæр кодта Уæрæсемæ æмæ 4 мартæй фæстæмæ чырæг оператортæн бахæс кодта, цæмæй уæрæсейаг абоненттимæ мауал аразой бастдзинад, – æгæрыстæмæй SMS-хъусинæгтæ дæр. Ацы къахдзæф бандæвта миллуангай адæймæгтыл куыд Уæрæсейы, афтæ Украинæйы дæр. Уымæн æмæ дыууæ бæстæйы цæрджытæн ис æнгом ахастытæ кæцыдæр æнæсæр политикты хъауджыдæр. Стæй ма хæстон архæйдтыты рæстæджы цæрджытæ сæ хиуæттæй ницы бæрæг фæзонынц æмæ ма сын мобилон бастдзинад дæр куы нæ уал вæййы, уæд тынг фæтыхсынц.

Донецкы æмæ Луганскы республикæты цæрджытæ æппæт æххуыстæ дæр Уæрæсейæ исынц, уыимæ алыгъуызон æхцайы фæрæзтæ дæр. Æмæ сын ныр уæрæсейаг кодмæ рахизгæйæ æнцондæр уыдзæнис Паддзахадон лæггæдты иумæйаг порталы регистраци кæнын. Раздæр-иу сæ ахæм процедурæтæ саразыны тыххæй бахъуыд Уæрæсейы территоримæ рацæуыны сæр æмæ сæ ныр та бынаты æнæкъуылымпыйæ араздзысты. Стæй ма сæм мобилон бастдзинады тарифтæ дæр фæкъаддæр уыдзысты.

Æнæуый дæр Донецкы æмæ Луганскы республикæты цы украинæйаг мобилон бастдзинады чырæг оператортæ «Феникс» æмæ «Луга-ком» куыстой, уыдон 8 азы дæргъы мæстæй мардтой цæрджыты. Иуæй сæм лæмæгъ сигнал уыд иннæмæй та-иу сæ куы бафæндыд, уæд-иу рæстæгмæ мобилон бастдзинад районгай ахицæн кодтой. Стæй ма Украинæйы иннæ территориты цæрджытæ цы лæггæдтæй пайда кодтой, уыдонæй-иу сæ фылдæрæй æнæхай аззадысты ацы республикæты цæрджытæ, ома сымах сепаратисттæ стут.

Æрмæст Донецк æмæ Луганск-мæ нæ фæхъызыдысты киеваг фашисттæ. 1 майы Херсоны æмæ Запорожейы облæстты дæр ахицæн ис украинæйаг мобилон бастдзинад æмæ интернет. Æвæстиатæй ист æрцыдысты мадзæлттæ æмæ 4 майы ацы регионты дæр æрбаиу кодтой уæрæсейаг интернетмæ. Æввахс рæстæджы ма дзы кусын райдайдзысты уæрæсейаг мобилон бастдзинады чырæг оператор-тæ дæр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.