РХИ-йы мобилон оператор «Мегафон-Хуссар Ирыстон»-ы Генералон директор Роман Коврига Sputnik-ы пресс-центры хатдзæгтæ сарæзта, 2017 азы сын цы бантыст саразын æмæ компанийы лæггæдты гъæд фæхуыздæр кæныны  фæдыл. Уый банысан кодта, зæгъгæ, «Мегафон-Хуссар Ирыстон» республикæйы нæ фæнд кæны æнæлимитон интернет бакæнын, уымæн æмæ йæ аргъ абоненттæн уыдзæн зынаргъ. «Ныридæгæн абоненттæн фадат ис, цæмæй пайда кæной тарифон опци «Ночной драйв»-æй. Ныртæккæ дунейы иууыл стырдæр компанитæ æмæ мобилон бастдзинады оператортæ нæ разы кæнынц ахæм практикæйыл æмæ архайынц ахæм тарифон пълæнттæ сæх-гæныныл. Мах дæр архайæм, цæмæй æнæлимитон опци ма саразæм, уымæн æмæ уæд мах бахъæудзæн аргъыл схæцын æмæ уый та абоненттæн æрхæсдзæн зындзинæдтæ»,- банысан кодта Роман Коврига.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2017 азы «Мегафон-Хуссар Ирыстон» республикæйы æппæт базæйон станцæтæн раивта сæ ифтонггæрзтæ. «Ацы къуыри мах дыууæ базæйон станцæйы фестæм монтажон куыстытæ, кæцыты саразын фæнд кодтам ацы аз. Компани батыхст ууыл дæр, цæмæй ифтонг-гæрзтæ ивыны рæстæджы абоненттæ ма банкъардтаиккой бастдзинады къуыхцыдзинæдтæ æмæ æмбæлонæй пайда кодтаиккой бастдзинады лæггæдтæй. Ацы проект среализаци кæныны тыххæй, сотон оператор дзæвгар рæстæ-джы ныхас кодта телекоммуникацион ифтонггæрзтæ ифтоггæнджытимæ, уымæн æмæ егъау компанитæ Хуссар Ирыстонимæ æмгуыст кæныныл не сразы сты. Уый фæстиуæгæн мах ссардтам компанитæ Азийы базары, кæцытæ сразы сты махимæ кусыныл æмæ сæ ифтонггæрзтæ ласыныл, цæмæй дарддæр рæзын кæной сæ хызæг æмæ абоненттæн радтой  лæггæд-ты уæрæх спектр»,- загъта уый.

Генералон директор ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Цхинвалы хицæн районты интернеты гъæды ис  цухдзинæдтæ. Ныртæк-кæ уыцы проблемæйыл дæр куыст цæуы æмæ, зæгъгæ, ног базæйон станцтæ сæвæрыны фæстæ, уæлдай проблемон районтæн фæ-хуыздæр уыдзæн сæ бастдзинад, уыцы ны-мæцы «Цæрæн массив»-ы дæр.

«Уымæй уæлдай ма активонæй куыст цæуы Хуссар Ирыстоны районты мобилон лæггæдты гъæд фæхуыздæр кæныныл. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр æмæ «Мегафон-Хуссар Ирыстон» кæй нæ фæнд кæны æргътæ фæфылдæр кæнын. Мобилон оператор ногæй бакусдзæн цалдæр тарифон план æмæ опцийыл, цæмæй абоненттæн уой æмбæрст æмæ æнцонархайæн»,- банысан кодта ком-панийы генералон директор.

Журналисттæ бацымыдис кодтой Знауыры районы Нагутнийы хъæуы хосгæнæндон «Ныфс»-мæ мобилон бастдзинад арæзт æрцæудзæн æви нæ, уымæ дæр. Ацы хосгæнæндон фæкусы июнæй сентябры мæйы онг æмæ æрвылаз дæр фæлæггад кæны куыд бынæттон цæрджытæн, афтæ йæм дард рæттæй цы уазджытæ æрцæуынц, уыдонæн дæр. Уый абоны онг дæр ифтонг не ‘рцыд нæдæр электроны рухс æмæ нæдæр мобилон бастдзинадæй. Пайда кæнынц дизелон гене-ратортæй, кæцы, фылдæр хатт, фаг нæ вæййы уагдоны хосгæнæн æмæ цардуагон хъуагдзинæдтæн. Æмæ уыдæтты аххосæгтæм гæсгæ арæх æййафынц зындзинæдтæ дæр.

«Хосгæнæн улæфæндон у сезонон бынат, йæ алыварс нæй цæрæн пункттæ æмæ æнæмæнгхъæугæ нæу, цæмæй ацы район мобилон бастдзинадæй ифтонг æрцæуа. Нæ специа-листтæ цалдæр хатты ацыдысты бынатмæ, цæмæй бабæрæг кодтаиккой бындурон станц  саразыны уавæртæ. Фæлæ уым ис тынг вазыгджын рельеф сигнал адæттынæн æмæ йæ саразыны аргъ та лæууы 30 милуан сомы онг. Хорз уаид æмæ уал сын æлхæд куы æрцæуид спутникон телефон.

Нæ республикæйы ныры онг дæр дзæвгар цæрæн пункттæ сты æнæ мобилон бастдзи-надæй. Æмæ ууыл дæр цæуы стыр куыст, цæмæй уæрæхдæр кæнæм мобилон баст-дзинады тыгъдад. 2018 азы нывæзты ис ноджыдæр цалдæр ног бындурон станцæйы саразын, компани йæ хъус тынгдæр аздах-дзæн чысыл хъæуты æрдæм. Уæд LTE хызæг фæзындзæн горæт Къуайсайы дæр, уымæн æмæ уый у серьезон регион æмæ йæ цæрджытæ гъæдджын интернеты лæггæдтæй цух ма хъуамæ уой , –  банысан кодта Роман Коврига.

Кокайты Заринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.