Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмбырд ауагъта республикæйы территоримæ коронавирус COVID-19 ма æрбауадзын æмæ апарахат кæныны, афтæ ма республикæйы цæрджыты фыццаг æнæмæнгхъæуæг продукттæ æмæ хостæй сифтонг кæныны фарстаты фæдыл.

Æмбырды ма хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Президенты администрацийы сæргълæууæг Козаты Игорь, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, коронавирусон инфекци аиуварс кæныны фæдыл оперативон штабы уæнгтæ.

Банысан æрцыд, Уæрæсейы Федерацийы Хицауады уынаффæ, уадзæн пункттæ, уыимæ уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæн сæхгæныны тыххæй, нæ хъыгдары уæзтæ, ласын. Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат загъта, зæгъгæ, цæгат-ирыстойнаг таможнæйы минæвæрттимæ консультациты фæстиуджытæм гæсгæ Хуссар Ирыстонмæ уæзтæ ласыны проблемæ нæ уыдзæн.

Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй сæ хъус дарой дуканиты æмæ афтекты æргътæ фæфылдæр кæныны уавæртæм. Æргътыл контроль кæныныл архайдзысты Æргътæ фидар кæныны управлени æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ. Президент ма банысан кодта, 27 марты  райстæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Уынаффæ карзæй æххæст кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.

Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад бахъахъхъæныны фадыджы цæстдарды фæдыл комитеты сæрдар Коцты Маринæ фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны коронавирусы уавæры тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæстдарды бын сты 77 æмбæстаджы, уыдонæй 12 сты стационары. Уагъд басгæрстытæ нæ раргом кодтой коронавирусон инфекцийæ рынчынты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.