Уый зӕгъӕм нӕ Республикӕйы адӕмон артисткӕ, театралон аивады сгуыхт кусӕг, нӕ театры хӕзнадоны  ӕнувыд архайӕг Гугкаты Эвелинӕйы тыххӕй йӕ райгуырды 85 азы сӕххӕсты сӕраппонд. Сыгъзӕрин азтыл заргӕйӕ дзурын ыл хъӕуы.
Зарӕг райхъуысти уӕлвонг быдыртӕй, цъӕхсӕр къӕдзӕхтӕй, бӕрзонд урс хӕхтӕй.
Уыдӕттӕй абоны бон дӕр хайджын у бӕрзонд Урстуалгом-мӕсгуыты бӕстӕ. Уым  райгуырд, уым ӕрвыста йӕ сабион бонтӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны  адӕмон  артисткӕ Гугкаты  Лентойы чызг  Эвелинӕ.
Эвелинӕ йе скъолайон бонтӕй фӕстӕмӕ йӕ уд снывонд  кодта ирондзинады хъӕздыг къӕбицы хуынтӕ рӕгъмӕ хӕссыны хъуыддагӕн.
Гуыргӕ ракодта Дзауы  районы зынгӕдӕр хъӕутӕй иу – Едысы. Кӕд Ирыстонӕн искӕцы хъӕу кад ӕмӕ  ном скодта, уӕд уыдонӕй иу у Едыс. Легендӕтӕ, археологон сгарӕнтӕ, этнографтӕ ӕмӕ историктӕ иу хъуыдыйыл сты  хӕст – фыццаг ирон горӕт Едысы уыд. Абоны-бон дӕр сӕрыстырӕй дзурӕм Царциаты Калак ӕмӕ уый Едысы ис, ӕниу ма йӕ бирӕтӕ хонынц Едысы калак дӕр.

 

Йæ адæмы фарнæй бæркадджын зæхх

Урстуалты зылд, фӕдзурӕм ма йӕ  Едысы зылд дӕр,  бирӕ  цӕмӕйдӕрты сбуц кодта Ирыстоны. Уым райгуырдысты нӕ кадӕггӕнджытӕ Беджызаты Леуан ӕмӕ Сланты Гаха, уырдыгӕттӕ уыдысты нӕ фысджытӕ: Беджызаты Чермен ӕмӕ Уасо, Гугкаты Шамил, Хъораты Дауыт ӕмӕ Хъазбег, Дзесты Куыдзӕг, Сланты Ахмӕт ӕмӕ Хӕмыцаты Георги, Фӕрниаты Дзибуш ӕмӕ Гӕлыуаты Аким; уырдыгон  уыдысты Мӕхъиты Володя (актер) ӕмӕ Тотраты Бесӕ – историк-этнограф.

Сӕ авдӕнтӕ кӕд мӕгуырау фӕлыст уыдысты, кӕд  зӕххӕй дзабыр  кодтой, хурӕй-хӕдон, уӕддӕр фӕлӕгӕрстой зындзинӕдты сӕрты ӕмӕ ӕрцыдысты, цахӕм  дуг  агуырдтой, уымӕ. Кӕд дзы  бирӕтӕ  рӕстӕй, ӕфхӕрд ӕмӕ сӕфт ӕрцыдысты, уӕддӕр.

Зӕххъуаг уыд Урстуалгом дӕр, Чермен уый  тыххӕй фыста: «Гал кӕм ӕрхуыссыдаид, уый  цыдис галы  аргъмӕ, хъуг кӕм ӕрхуыссыдаид – хъуджы аргъмӕ».

Ӕуыцы уӕззау дуджы уым  цардысты хъуыстгонд мыггӕгтӕ: Тотратӕ, Фӕрниатӕ, Тыбылатӕ, Гӕлыуатӕ, Хъоротӕ, Мӕхъитӕ, Басатӕ, Слантӕ, Букуылтӕ, Дзестӕ, Мамитӕ, Гугкатӕ, Беджызатӕ.

Таурæгътæм гӕсгӕ, ранымадгонд мыггӕгтӕй алкӕмӕн  дӕр ис  йӕхи истори  æмæ сæ бӕлвырдӕй зыны, Едысы цы иунӕг хӕдзар уыд Гугкатӕй, уыдон дӕр Цӕгат Ир Хъӕдгӕронӕй  ӕрлидзгӕ кӕй уыдысты.

Сӕ рагон фыдӕлы не ‘рыййӕфтон. Хорз зыдтон Эвелинӕйы фыд  Лентъойы, уыд   Дзесты  сиахс, нымад лӕг уыд Едысы зылды, уыдис  колхозы, стӕй  та хъӕусоветы сӕрдар. Лентъойы ӕфсымӕр хуынд Дзатте, йӕ царды хуыздӕр бонтӕ ӕрвыста нӕ зонад-иртасӕн институты, уыдис институты ахуырадон нымӕрдар, уӕздан, сабыр, хиуылхӕцгӕ адӕймаг. Йӕ цардӕмбал Раисӕ уыд Плион, дзомагъаг, Плиты Ароны хӕдзарвӕндагӕй.

 

Райгуырæн къæс

Ӕнгом  ӕмӕ рӕсугъд бинонтӕ уыдысты, Лентъо ӕмӕ Дзесон, ӕнӕхъӕн Цъалагомы дӕр уыдысты зындгонд сӕ уӕздан ахастӕй, нӕртон хӕдзарвӕндагӕй. Схъомыл кодтой ӕртӕ лӕппуйы ӕмӕ дыууӕ чызджы. Фондз  дӕр райстой уӕлдӕрахуырад ӕмӕ стыр лӕггӕдтӕ бакодтой нӕ  Ирыстонӕн рухсад ӕмӕ аивады къабазы.

Зӕнӕджы  хистӕр  Зинӕ  уыдис, зынгӕ географ, йӕ кӕстӕр Шамиль-поэт, прозаик, иннӕ ӕфсымӕр Мухарбег – партион, хӕдзарадон кусӕг, кӕстӕр  ӕфсымӕр Батырбег – биологи-географийы  ахуыргӕнӕг. Дзӕнӕты фӕбадӕнт, кӕм сты, уым.

Зӕнӕджы кӕстӕр  у Эвелинӕ – нӕ ныхасы  сӕйраг, хъысмӕты  фыдӕнӕн, уый хъуамӕ бирӕ  фӕцӕра. Райгуырд Едысы дзыхъхъы 1938 азы, йӕ сабион бонтӕ дӕр уым арвыста, астӕуккаг  скъола фӕцис каст Дзӕуджыхъӕуы. Ӕхсӕнмӕ ‘хсӕнты ацахуыр  кодта Ручъы, стӕй та Едысы скъолайы дӕр.

Фыд  Лентъойӕн Цӕгат Иримӕ бастдзинӕдтӕ егъау уыд, зӕнӕг ахуырдзинад, сӕйраджыдӕр, Дзӕуджыхъӕуы райстой. Кӕд уымыты дӕр акуыстой, уӕддӕр  сӕхи Хуссармӕ  ӕппӕрстой, се ‘ппӕт дӕр сӕ  егъау  ӕхсӕнадон  куыст Хуссар Иры  кодтой.

Афтӕ  рауад  йӕ царды  фӕндаг Эвелинӕйӕн  дӕр. Скъолайы  фӕстӕ Хуссар Иры фӕсивӕды иу хайимӕ ахуырмӕ  ацыд Мӕскуымӕ, театралон институтмӕ. Уый  уыд 1956  азы. Йӕ къорды уыдысты: Абайты Маирбег,  Бекъойты Георги, Галуанты Людмилӕ, Гояты Натела, Гугкаты Евелинӕ, Зӕгъойты Руслан, Джыгкайты Иван, Джиоты Зауыр, Джуссойты Хасан, Еналдыты Вахтанг, Цоциты Къӕдзӕх, Цӕбиты Руслан, Тедеты Алихан, Цхуырбаты Светланӕ, Гочысаты Исахъ, Дзыбойты Зоя, Харебаты Федыр, Козаты Павел, Куымӕридтаты Донарӕ, Тыбылты Сӕлимӕт, Плиты Бекызӕ. Стыр тыхтӕ ӕрбаиу ис хистӕр фӕлтӕрмӕ, гъеуӕд сӕм ӕрбацыд Гӕбӕраты Дауыт дӕр. Нӕргӕ коллектив бӕрзонд систа театры ном. Ахуырӕй  ӕрыздӕхтысты 1961 азы ӕмӕ уӕдӕй  абонмӕ Эвелинӕ  уӕхскуӕзӕй кусы  нӕ театры  сценӕйыл.

Азтӕ  сӕ кӕнон  кӕнынц, фӕлӕ  сын сӕттын  нӕ комы  Гугкиан, цӕуы  ӕмӕ йе ‘ххуысы хай кӕны  рӕзгӕ  фӕлтӕрӕн, у сын мады бынаты дӕр ӕмӕ амонӕг режиссеры  раны  дӕр.

Нӕ  театр ныртӕккӕ ис  йе ʻнусы  къӕсӕрыл, рӕзты фӕндӕгтыл йӕ дуӕрттӕ бакодта стыр ӕмӕ ног рӕсугъд театры галуан. Уый къӕсӕрыл  сӕрбӕрзондӕй чи бахизы,  уыдонӕй иу у Гугкаты  Эвелинӕ. 60 азы  60 боны не сты,  уал азы сӕрдӕй – зымӕгӕй  сценӕйӕ ма рахизай, уал азы ног чындзы  лӕггад  кӕнай театрдзаутӕн, уый хуымӕтӕджы хъуыддаг нӕу ӕмӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, нӕ театры  историйыл  дзургӕйӕ, нӕ ахиздзынӕ Гугкианы иувӕрсты.

Азты  нымӕц алыгъуызон дӕр  батонӕн  ис,  ӕрмӕст  сценӕимӕ баст  бонтӕн, азтӕн ихсыдӕй  ӕрвитӕн  нӕй,  сценӕ  царды  айдӕн  у ӕмӕ  уырдӕм хизгӕйӕ, адӕймаг-актер хъуамӕ  хъуыды кӕна, хизын ӕм, фӕлӕ  дзы фӕстӕмӕ куыдӕй рахиздзынӕн, стӕй  цы зӕгъдзысты  адӕм – сценӕмӕкӕсджытӕ-театрдзаутӕ.

 

Драматикон, сатирикон, комедион актрисæ

Эвелинӕ сценӕмӕ схызт чындздзон чызгӕй ӕмӕ дзы рахызт кардзыд адӕймагӕй. Рахызт уымӕн зӕгъын, ӕмӕ кӕддӕры  чындздзон чызгау йӕхи хъазуатон ролтӕм нал  ӕппары, фӕлӕ  театрыл йӕ къух дӕр нӕ исы, йӕ кары сагъӕстӕ дӕр театрыл сты.

Йӕ  царды бонты йӕ ролтӕ дӕр ахӕмтӕ  уыдысты: ӕвзонг  чызг, чындздзон  ӕхсинӕг, хӕдзары фарны ӕхсин, ацӕргӕ, фӕлӕ ӕмбаргӕ зондахастыл лӕуд  сылгоймаг. Цы нӕ кары йӕ нӕ федтой адӕм, ахызт-иу  ирон чи нӕ уыд, уыцы  сылгоймӕгты удыхъӕд  ӕвдисынмӕ  дӕр.

Алы дӕсныйадӕн дӕр ис йӕхи рахӕцӕнтӕ, лӕггӕдты  нымайыны сӕр куы бахъӕуы, уӕд  актертӕн  ӕппӕты фыццаг йӕ разы авӕры фарст: цал  фӕлгондзы сӕххӕст кодта? Эвелинӕйӕн йӕ саразгӕ фӕлгӕндзты нымӕцмӕ нӕ зӕрдӕ не ‘хсайы, сты 150-йæ фылдӕр, куыд сӕ  ахъазыд, куыд сӕм  сырӕхст, уый та адӕм, сценӕмӕкӕсджытӕ хъуамӕ  зӕгъой, ӕмӕ йӕ загътой:

«Гугкаты Эвелинӕ у  курдиатджын драматикон актрисӕ. Йӕ курдиат уӕлдай тынгдӕр  фӕбӕрӕг героикон  ӕмӕ арф  социалон  рольты. Гугкаты Эвелинӕ арӕхстджын у фӕлгӕндзты миддунейы миниуджытӕ райхалынмӕ. Дӕсны у сценӕйон техникӕйӕ. Арӕхстджынӕй  ӕххӕст кӕны комедион ӕмӕ сатирикон рольтӕ дӕр» (Хуссар Ирыстоны театр, Цхинвал, 1962, ф.1991-1992).

Нӕ театр гуыргъахъ фӕндӕгтыл рацыд, 1941-1945 азты дӕр  куыста, нӕ  ахуыссыд. Уыцы уӕззау  азты сӕ куыст  бакодтой Цӕгат ӕмӕ Хуссар Иры театртӕ. Немыцаг фашисттӕ тард куы ӕрцыдысты Цӕгат Ирӕй, уӕд та алчи кусын райдыдта йӕхи къуымы. Бирӕ зындойнаг бонтӕ  федта нӕ театр, бахауд мӕнгард сыхӕгты къухы 2-аг геноциды рӕстӕджы. Нӕ фыдбоны сыхӕгтӕ дзы  са-рӕзтой хуыдон ӕмӕ дзы афтӕмӕй цардысты. Кӕд мӕнгардӕй сыгъд ӕрцыд, уӕддӕр театр иу ран не ‘рбадт, ӕрбынат  кодта  профцӕдисты хæдзары ӕмӕ стыр фыдӕбӕттимӕ йӕ куыст кодта. Алкӕйдӕр сӕ уырныдта, ног театр кӕй  байгом уыдзӕн. Уыцы  фӕндӕгтыл рацыд Эвелинӕ  дӕр, уазал ӕмӕ ӕххормаг бонтӕ  дӕр бирӕ  федта. Ӕниу,  сценӕ  хъарм никуы вӕййы.

Гугкаты Эвелинӕ 1961 азӕй фӕстӕмӕ бирӕ бафӕллой  кодта нӕ театры  аивадӕн. Йӕ бирӕ  саразгӕ фӕлгӕндзты ‘хсӕнӕй  бӕрӕгӕй ӕрттивынц: Госӕма (Мамсыраты Д. «Ӕфхӕрдты  Хӕсанӕ»), Ханиффӕ (Брытъиаты Е. «Хазби»), Уардис (Гафез, «Бӕсты фарн»), Мӕдинӕт (Гаглойты Вл. «Уарзондзинады кадӕг»).

Нӕ фӕсивӕд 1961 азы  Мӕскуыйӕ  афтид  армӕй  не сыздӕхтысты. Семӕ сластой иу-аст пьесӕйы  бӕрц, уыцы нымӕцы: Николай Гоголы «Ускурын», Флетчы «Испайнаг сауджын», Максим Горькийы «Егор Булычев», Саламты Къолайы «Дыууӕ чындзӕхсӕвы» ӕмӕ  ӕндæртæ.

Ацы пьесӕтӕй дӕр Эвелинӕмӕ  ӕрхауд ахадгӕ  ролтӕ, куыд зӕгъӕм «Ускурын»-ӕй – Минӕвар, «Испайнаг сауджын»-ӕй – Амарандӕ, «Егор Булычев»-ӕй – Меланья.

Канд уыдон нӕ, бынаты цы  пьесӕты  хъазыд, уыдоны  дӕр цӕстӕвӕрӕн фӕцис Эвелинӕ. Уыдон та  уыдысты: Кэт – Парнасы «Афродитӕйы сакъадах», Гертруда – Шекспиры трагеди  «Гамлет»-ы,  Джемма  – Войничы трагеди  «Кардиналы фырт»-ы, Джени – Псафасы комеди «Хъӕуы нӕ фӕлитой»-ы, Севда – Шамхаловы комеди «Ӕфсин»-ы, Ипполитӕ – Шекспиры комеди «Сӕрдыгон ӕхсӕвы фын» ӕмӕ  ӕндӕрты.

Сӕрбахъуыды рӕстӕджы бавнӕлдта режиссурӕйы куыстмӕ дӕр  ӕмӕ йын уыдис дзӕбӕх ӕнтыстытӕ. Сӕвӕрдта Шекспиры «Гамлет», Гаглойты Владимиры «Ӕфсинтӕ ӕмӕ чындзытӕ».

1989 азӕй  фӕстӕмӕ нӕ царды  фӕндӕгтӕ  стыр  цӕлхдуртыл  сӕмбӕлдысты. Театр царды айдӕн у ӕмӕ нӕм  уый  цӕлхдуртӕ  уӕззаудӕр ӕмӕ  стырдӕр фӕкастысты. Хистӕр  фӕлтӕры актертӕ, уыдонимӕ Гугкиан дӕр, зӕрдӕдзурӕнтӕ фесты, сӕ рӕсугъд фӕндтӕ ӕмӕ бӕллицтыл ихджын  дон рацыд, бирӕ рӕтты та – туджы лӕсӕнтӕ. Нӕ театры фӕзуатӕй  цал араст уыцы зӕхмӕ, нӕ ирхӕфсӕн фӕзуат  цӕстысыг  фестад, зард  ӕмӕ фӕндыры  хъӕлӕба хъарджыты бын фесты.

Рӕстаг адӕмӕн сӕфӕн нӕй, аивад ӕвдудон у ӕмӕ та слӕууыд йӕ къӕхтыл, сӕ мидбылты та бахудтысты кӕстӕртимӕ иумӕ Эвелинӕ, Вильгельм – ӕппӕт нӕ театралон  зиууӕттӕ.

Гугкиан, нӕ театримӕ дӕ гуырӕн азтӕ  кӕрӕдзимӕ  ӕввахс лӕууынц. Дӕ 100  азы бон дӕр дын ирон  адӕм  де нӕниздзинад уынгӕйӕ цы арфӕтӕ  кӕной, уый бӕрц амонд дӕ уӕд! Де нусмӕ дӕ бирӕ нал хъӕуы ӕмӕ дын уӕддӕр  цингӕнгӕ, зӕрдӕхӕларӕй цы арфӕтӕ кӕнӕм, уый бӕрц амонд дӕу дӕр уӕд ӕмӕ дӕ радтӕг адӕмы дӕр.

Куыстытӕ  ӕмӕ лӕггӕдтӕ  алыгъуызон  сты, фӕлӕ уыдоны ‘хсӕн сценӕйы лӕггӕдтӕн ӕмбал нӕй. Сӕрдӕй,  зымӕгӕй, къӕвдайӕ, хурӕй, бон ӕмӕ ӕхсӕвӕй – ахӕм   у театры куыст, ахӕм тухитимӕ фӕлӕггад кодтай дӕ адӕмӕн, театры уасинтыл схызтæ  уӕллаг къӕпхӕнмӕ, фӕлгӕсыс дӕ рацӕугӕ фӕндӕгтӕм, дӕ бакӕнгӕ хъуыддӕгтӕм, дӕ зӕрдыл та ӕрлӕууынц, рагӕй фӕстӕмӕ хӕларӕй, мидбылхудгӕйӕ, загъд ӕмӕ  хъӕлӕбаимӕ цы фӕлгӕндзтыл фӕкуыстай, уыдон.

Театр царды айдӕн у, цард та конд у вазыгджын нывтӕй, алыгъуызон адӕймӕгтӕй.

Эвелинӕ! Ирон ӕвзаг рӕсугъд, фидыцджын кӕй у, уый раджы рахатыдтӕ. Цы куыст  фӕкодтай, уый тыххӕй дӕм  бирӕ арфӕтӕ ӕмбӕлы, фӕлӕ уыдоны ‘хсӕн ис иу диссаджы дзырд – ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ уый кӕд искӕмӕ  ӕмбӕлы, уӕд  уыдоны фыццӕгтӕй иу дӕ ды.

Хъыгагӕн, нӕ театр скӕрис хистӕртӕй, дзадджын у абон кӕстӕртӕй. Сӕ хурӕй ӕфсӕст у, сӕ хорздзинӕдтӕ сын  уын. Уыдон та  дӕу дзӕбӕхӕй, ӕнӕнизӕй, уӕнгрогӕй, фидар  уӕрагимӕ  цы  уыной, уый бӕрц амонд дӕ уӕд.

Фӕцӕр нын  бирӕ, дӕ зӕрдӕйы хорзӕх дӕ уӕд кӕддӕриддӕр. Дӕ уарзон коллектив, дӕ театрдзаутӕ, ӕппӕт хиуӕттӕ ӕмӕ къабӕзтӕ, нӕ Президент, нӕ Хицауад ӕмӕ Парламент, нӕ Культурӕйы  министрад абон дӕуӕн, дӕ райгуырды  85 азы цытæн  цӕстуарзонӕй арфӕ  кӕнынц ӕмӕ дын бузныг  зӕгъынц де стыр лӕггӕдты  тыххӕй, дӕ  уды  хорз миниуджыты  тыххӕй.

Ир дӕ фӕндиаг, ды та Иры фӕндиаг!

 

Хетæгкаты Къостайы номыл

Паддзахадон Премийы лауреат,

театры литературон хайады гӕс,

профессор ПЛИТЫ  Гацыр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.