Цхинвалы уагъд æрцыд турнир шахматтæй. Ерыстæ организаци æрцыдысты Æбæрæгæй сæфт адæймæгты дунеон боны фæлгæтты Президенты, Шахматты федераци æмæ Дунеон Сырх Дзуары комитеты миссийы инициативæмæ гæсгæ. Ерысты хайад райстой шахматты секциты хъомылгæнинæгтæ æмæ æбæрæгæй сæфт адæймæгты сывæллæттæ дæр.

Ерысты хайад райстой 26 сывæллоны, кæцытæ дих уыдысты дыууæ къордыл. Фембæлдтытæ иууылдæр акæнгæйæ, фыццаг къорды уæлахиздзау ссис Михаил Логачев. Дыккаг бынат бацахста Джыгкайты Артур. Æртыккаг та ссис Чилæхсаты Владимир.

Дыккаг къорды та иууыл хуыздæр бæрæггæнæн равдыста Дудайты Михаил, æвзист призер ссис Плиты Бибо, бронзæйон хорзæх та бафтыд Гæбæраты Элинæйы къухты.

 

ФУТБОЛ

Ирыстоны футболон скъолайы хъомылгæнинаг Дзанайты Сослан контракт бафыста Калининграды «Балтика»-имæ. 2019 азæй фæстæмæ кулдуаргæс хъазыд «Сочи»-йы. Фыццæгæм июлæй уый уыд сæрибар агенты статусы. Йæ спортивон карьерæйы рæстæджы 36-аздзыд футболист ахъазыд ахæм клубты, куыд «КАМАЗ», Мæскуыйы «Спартак», «Терек», «Алани», «Ростов», Казаны «Рубин», афтæ ма польшæйаг  клуб  «Медзь»-ы. Уæрæсейы æмбырдгонды сконды та хайад райста æртæ хъазты.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.