Ахæм сæргонд æмæ зæрдæбын арфæтимæ æрцыд  фыстæг нæ газетмæ Мæскуыйы цæрæг хуссарирыстойнаг Джусойты бинонтæй.

Цалдæр мæйы размæ сын сæ зæронд нанайы тынг тыхстæй тагъд æххуысы машинæ аласта академик Чазовы номыл кардиологон центрмæ. Уым йæ палатæйы дохтыр разындис диссаджы ирон чызг, дохтыр-ординатор Уарзиаты Заринæ.

«Зæринæ нæ мадыл куыд аудыдта,  10 боны дæргъы  йын цы лæггад фæкодта, ахæм лæггад æмæ фæлмæн ахаст иуæй-иу ныййарæг мад йæхи хъæбултæй дæр  нæ фены. Афтæмæй та йæ уый размæ зонгæ дæр нæ кодта.

Хæрзæрæджы,  27 августы, Уарзиаты Зæринæ æмæ Хуыбылты Сослан  (уый дæр дохтыр стоматолог-ортопед у)  сæ цард баиу кодтой. Сæ чындзæхсæв уыдис Дзæуджыхъæуы. Курæг стæм газет «Хурзæрин»-ы редакцийæ, ныммыхуыр-ма нын кæнут нæ фыстæг. Уадз æмæ уæ газеткæсджытæ дæр зоной, цас хæрзуаг, æгъдауджын æмæ кусаг кæстæртæ ис Ирыстонæн.  Æмæ йын куыд лæггад кæнынц сæ дæсныйадæй, сæ профессионализмæй, куыд бæрзонд кæнынц Райгуырæн бæстæйы кад».

Дæ цæрæнбон бирæ, Уарзиаты Хъазыбеджы чызг, Зæринæ. Кæрæдзи уарзгæйæ, кæрæдзи æмбаргæйæ рæсугъд бинонтæ скæнут Сосланимæ. Фæрнджын æмæ кадджын уæд уæ цард!

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.