Фыццаг хатт Ахуырады министрты дунеон форум «Формируя будущее» ныр цалдæр боны дæргъы уагъд цæуы Казаны. Уым хайад исы нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан дæр. Форум йæ куыст райдыдта 7-æм июнæй æмæ аххæсдзæн 10-æм июнмæ. Йæ нысаниуæг у, цæмæй дунейæн равдисой фыдыбæстæйон ахуырады системæйы стыр æнтыстытæ æмæ йын дарддæр дæр уа размæцыд. Ацы ахсджиаг мадзал сорганизаци кодтой Уæрæсейы Федерацийы Ахуырады министрад Татарстаны хицауадимæ иумæ. Форумы хъуыддагон программæйы фæзуатæн æвзæрст æрцыд бæрзонд технологиты къабазы технопарк «Башир Рамеевы номыл IT-парк», кæцы дзуапп дæтты ахуырады нырыккон домæнтæн. Ахуырады министрадты минæвæрттæн сæ хъуыддагон куысты тыххæй арфæ ракодта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин æмæ банысан кодта форумы нысаниуæг.

Лолаты Аслан куыд загъта, афтæмæй форумы тематикæ у алыгъуызон æмæ актуалон, тынг цымыдисон у æппæтæн дæр. «Махæн, фыццаджыдæр, ахæм егъау мадзæлттæ стыр ахъаз сты, цæмæй æндæрты фæлтæрддзинадмæ нæ хъус æрдарæм æмæ сæ спайда кæнæм, цæмæй ныры дуджы домæнтæм гæсгæ ахуырады къабазы цæуæм размæ. Уымæй дарддæр ма ахсджиаг у нæ коллегæтимæ кæй базонгæ уыдзыстæм æмæ нын бастдзинæдтæ кæй уыдзæн, уый дæр», – банысан кодта министр.

Хайадисджыты географи у уæрæх, æрцыдысты йæм: Египет, Сенегал, Мали, Зимбамбве, Сирийаг Арабаг Республикæйæ, Пакистан, Мьянма, Шри-Ланка, Куба, Венесуэла, Беларуси, Таджикистан, Хъыргъыстан, Туркменистан, Казахстан, сæрмагонд делегаци æрцыд Афганистанæй, кæд ацы бæстæйы Талибон хицауады Уæрæсе нæма банымадта, уæддæр.

Уæрæх программæйы фæлгæтты уазджытæн равдыстой фыдыбæстæйон ахуырады системæйы æнтыстытæ, афтæ ма уынаффæ кодтой ахуырад экономикæйы райрæзтыл куыд æндавы, стæй фæсивæдимæ куыд кусын хъæуы, æмбæлон æмæ гъæдджын ахуыртæм куыд ис рахизæн. Ахсджиагыл ма банымадтой сывæллæтты улæфты рæстæг, æмæ фæсарæйнаг бæстæты уырыссаг æвзаг ахуыр кæныны фарст дæр.

Форумы сæрмагонд докладтæ бакастысты УФ-йы президенты æххуысгæнæг Андрей Фурсенко, УФ-йы Ахуырады министр Сергей Кравцов æмæ зонад æмæ уæлдæр ахуырады министр Валерий Фальков.

Казаны форумы программæйы фæлгæтты фæсарæйнаг делегацитæ бацыдысты æмæ федтой раззагондæр ахуырадон методтæй кæм пайда кæнынц, ахæм цалдæр ахуырадон уагдоны. Уыдон ма базонгæ уыдзысты рæвдауæндæтты полилингвалон ахуырты куыстимæ. Уыцы уагдæтты хъомылгæнинæгтæ ахуыр кæнынц уырыссагимæ иумæ тæтæйраг, англисаг æмæ китайаг æвзæгтæ.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.