Дагъыстайнаг лæппу Абакаров Загир скъолайы ахуыр кæнгæйæ æмæ скъола каст куы фæцис, уæддæр арæх хъуыста ирæттæ æмæ Ирыстоны тыххæй. Арæх-иу сфæнд кодта Ирыстонмæ æрцæуын, ирæтты æхсæн цæрын, фæлæ-иу цыдæр аххосæгтæм гæсгæ йæ фæнд æххæст не ’рцыд. О, фæлæ Гуырдзыстон Ирыстонæн цы стыр зиæнттæ ракодта, уыцы хабæрттæ куы фехъуыста, уæд ныййарджытæ, стæй йæ фондз æфсымæр, йæ цардæмбал æмæ йæ дыууæ кæстæр: Азиза, Синара æмæ Сандрайæн раргом кодта йæ хъуыды. Уыдон дæр йæ фæндыл уыдысты разы æмæ Загир цалдæр боны фæстæ æрцыд хæстæфхæрд адæм æмæ пырхытæ горæтмæ. Уыцы уæззау нывтæ фенгæйæ, уый сфæнд кодта фæстæмæ аздæхын, фæлæ куы федта æмæ банкъардта ирон адæмы фидар удыхъæды миниуджытæ, рæстæмбис цардмæ сæ тырнындзинæдтæ, уæд аивта йæ фæнд. Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй, йын ацы хъуыддаджы йæ ныфсы ныхæстæй баххуыс кодта не ’мбæстаг, ирон лæппу Хъазиты Эдуард.

Загир райгуырд æмæ схъомыл Дагъыстаны Закатальскы районы Чардахланы хъæуы. Скъола дæр каст фæцис уым. Йæ мад æмæ фыд хуымæтæг зæхкусджытæ æмæ æвæрæз кæй уыдысты, уый тыххæй бинонтæ æнæтыхст нæ уыдысты. Загир æмæ йæ фондз æфсымæры, куыд стыр кодтой, афтæ райдыдтой æмбарын æмæ куыд кусынхъом кодтой, афтæ сæхи æппæрстой алыгъуызон куыстытæм. Загир тынгдæр фæцайдагъ арæзтадон куыстытæ æххæст кæнынмæ. Кæд æм сæрмагонд арæзтадон куыстыты ахуырдзинад нæ уыд, уæддæр сæ æххæсткæнынмæ нæ зивæг кодта æмæ сæ базыдта хорз. Фæстæдæр йæ арæхстдзинæдтæй спайда кодта Баку, Казань, Стъарапол, Грознæ æмæ æндæр горæтты.

Загир Цхинвалмæ куы æрцыд, уæдæй рацыд æртындæс азы. Уый æнæкуыст иунæг бон дæр никуы баззад. Цы куыстытæ бакодта, уыдоны нымæц фæхæццæ кæны минмæ.уый ныртæккæ цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæны Бибылты Ирæйы фатеры æмæ нын уыцы чызг радзырдта.

— Загиры хорз куыст æмæ адæймагдзинады тыххæй рагæй хъусын, цалдæр азы размæ йæ базыдтон æз дæр æмæ рахатыдтон уый æрмæст хорз аразæг æмæ цалцæггæнæг кæй нæу, фæлæ ма йæм дзæвгар кæй ис раппæлинаг миниуджытæ. Макуы дзы фæтæрс фæсайынæй.

Ирыстон æмæ ирон адæмы тыххæй йæхæдæг та афтæ зæгъы, зæгъгæ, бирæ адæмты æхсæн уыдтæн, фиппайдтон-иу сæм хорз æмæ мæгуырау миниуджытæ. Фæлæ мæм афтæ кæсы æмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг адæм уæлдай хорз адæм сты. Æвæццæгæн, Ирыстоны рæсугъд æрдзы адæмы зондахастыл хорзæрдæм æндавы…

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.