30-æм октябры нысан фæцæуы политин репресситы амæттæгты мысæн бон. Историон æгъдауæй рауад афтæ æмæ ирон адæмы сæдæ азы дæргъы бахъуыд сæ сæрибардзинад, хæдбардзинад, историон рæстдзинады сæрыл тох кæнын. 1989-2008 азы цаутæ систы кульминацион знаджы ныхмæ вазыгджын æмæ дæргъвæтин хæсты. Фæлæ 30-50-æм азты кæд æргом ныхмæлæуд нæ уыд, уæддæр Ирыстоны фырттæ æмæ чызджыты тох кæнын бахъуыд сæ адæмы интересты сæрыл. Уыцы азты ирон интеллигенцийы сусæг-æргомæй куынæг кодтой гуырдзиаг знæгтæ.

Бекъойты Георги (Гоги) Иосифы фырт цалдæр азы фæбадт Сталины лагерты Хуссар Ирыстоны ирон æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл агитацийы тыххæй. Йæ хæлæрттимæ Цхинвалы уынгты ныхæста листовкæтæ ирон æвзаг скъолатæм раздахыны сидтимæ. Уый уыд 50-æм азты райдианы. Георгийы, куыд адæмы знаг, афтæ арвыстой лагермæ, йемæ ма уыдысты цыппар æмбалы.

Бекъойты Георги райгуырд 1930 азы Джеры хъæуы. Уанаты астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ стажерæй бацыд Хуссар Ирыстоны драмон театрмæ. 1949 азæй Бекъойы фырт ссис сусæг фæсивæдон-патриотон организаци «Рæстдзинад»-ы активон уæнг. Хуссар Ирыстоны ацы организаци фæзындис гуырдзиаг хицауады национал-шовинистон политикæйы ныхмæ протесты нысанæн. Георги кæронмæ æнувыдæй баззад йæ идеалтыл, йæ адæмы интерестæ æвæрдта алцæмæй уæлдæр æмæ уыдоны сæраппонд цæттæ уыд йæ цард нывондæн æрхæссынмæ дæр. 1951 азы йæ æрцахстой Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады органтæ æмæ йын 58-æм статьямæ гæсгæ рахастой аст азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Реабилитацигонд æрцыд 1955 азы Советон Цæдисы Уæлдæр тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ.

1956 азы бацыд МХАТ-ы цур Немирович-Данченкойы номыл театралон институтмæ æмæ райста театр æмæ кинойы артисты профессии. 1972 азмæ куыста Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры, уый фæстæ та — Цæгат Ирыстоны драмон театры. Бекъойы фырт уыдис Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист. Йæ чиныг «Тревожная юность»-ы фыссы, йæ мысинæгтæ сусæг организацийы уæнг куыд ссис, уый фæдыл:

«Культурæйы хæдзары уыд драмкружок æмæ сдæн йæ хайадисæг. Мемæ кружокы архайдтой Габуты Хазби æмæ Джиоты Зауыр. Иу хатт мын Хазби загъта, зæгъгæ, уыдон тох кæнынц мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны тых-хæй æмæ, дам, горæты цæрджыты цы листовкæтæ сызнæт кодтой, уыдон мах апарахат кодтам уынгты. Цалдæр боны фæстæ театры цур фембæлдтæн Уанеты Ладик, Гасситы Лев æмæ Джиоты Зауырыл. Уыдон мæ бафæдзæхстой, зæгъгæ, кæнынц сæ цардæн тæссаг архайд æмæ, зæгъ, гæнæн ис ахæстонмæ дæр бахауай, фæлæ бынтондæр нæ фæтарстæн. Цæттæ уыд-тæн ирон æвзаг бахъахъхъæныны сæраппонд алцæмæ дæр».

1951 азы организацийы уæнгты иууылдæр æрцахстой æмæ сын рахастой цалдæргай азтæ ахæстоны фæбадыны тæрхон. Æмæ æрмæстдæр Советон Цæдисы хицауад куы фæивта, уæд Георги æмæ йе ’мбæлттæй иуæй-иутæ сæрибар æмæ реабилитаци æрцыдысты. Ахæстоны ма баззад Габуты Хазби.

Георгийы хъæбулы хъæбул Бекъойты Агуындæ нын йæ дадайы мысгæйæ афтæ радзырдта: «Лагерь стыр хъæдгом ныууагъта йæ буарыл нæ, фæлæ йæ зæрдæйы. Нæдæр карцер, цыранмæ-иу арæх бахаудта йæ характеры тыххæй, нæдæр тыхбыны куыст, нæдæр æххормаг æмæ уазал ныууагътой хъæдгæмттæ. Йæ зæрдæйы хъæдгомæй баззад йе ’ввахс адæмы гадзрахатдзинад, æмæ уый фæстæ та адæймаджы кæй дæлдзиныг кодтой, уый. 20-аздзыдæй æвзонг лæппу федта, йæ царды æппындæр цы хъуамæ ма федтаид, уыдæттæ. 20-аздзыдæй уый бамбæрста адæймаджы цард хатт кæй нæ вæййы 50 граммы дзулы къæбæры аргъ дæр. Мæ дада тызмæг æмæ карз никуы уыд, кæд æмæ æддаг бакастæй афтæ зынд, уæддæр. Уарзæгой, аудаг æмæ æнахуыр фæлмæн адæймаг. Йæ царды кæронмæ дæр уыд кусаг адæймаг, нæ уарзта иу ран бадын.

Æз чысыл куы уыдтæн, уæд дзы тарстæн. Гæнæн уыд æмæ-иу мыл ныхъхъæр кодтаид иу кæнæ иннæ мийы тыххæй. Мах тынг æрбаввахс стæм, куы сыстыр дæн æмæ йын фыццаг хатт йæ мемуартæ куы бакастæн, уæд. Уый мæм сæ радта йæхæ-дæг. Уæд уыдон чиныг нæма уыдысты, фæлæ чысыл скъуыддзæгтæ журнал «Дарьялы», хуындысты «Мои гастроли в сталинских лагерях». Мæ зæрдыл арæх æрлæууы: мæнæ кæсын æвзонг лæппуйы мысинæгтæ цахæмдæр ахæстоны тæссагдзинæдты тыххæй, цавæрдæр гуырдзиæгты, Сталины тыххæй æмæ мæ нæ уырны, æппæт уыдæттæ мæ дадайыл кæй æрцыдысты, уый. Бирæ хатт-иу иуварс авæрдтон журналы æмæ та-иу бакастæн мæхи дадамæ. Ахæм моментты-иу цыма ногæй зонгæ кодтон мæ дадаимæ, афтæ-иу мæм фæкаст. Йæ алы ныхас дæр-иу ын райстон æндæргъуызонæй. Афтæ-иу мæм каст, цыма ахæм хъизæмæртты фæстæ Гоги хъуамæ улæфа бамбулитыл æмæ макуы хъуыды кæна йæ ивгъуыд хъизæмæрттыл… Фæлæ уый бæсты Гоги цардис йæ ивгъуыд цардæй. Уый тох кодта æмæ тох кодта кæронмæ… Нæ уыд иу бон дæр, цæмæй йæ зæрдыл ма æр-лæууыдаиккой лагеры хъизæмæрттæ…

Ныр мын бирæтæ куы фæдзурынц, зæгъгæ, бафæлладыстæм уæ радзырдты репресситы, Сталины терроры койæ, зæгъгæ, уыцы цаутæ раджы уыдысты æмæ хъæуы дарддæр цæрын. Ахæм ныхæстæм уайтагъд мæ зæрдыл æрлæууы, мæ ныхмæ-иу къæлæтджыныл Гоги куыд æрбадт æмæ мин хатты кæй сфæлхатт кодта: «1954 азы сæрды кæрон æз цыдтæн хæдзармæ Цхинвалы Исахъы уынджы, æмæ мæ ныхмæ йæ зæрдæйы фæсидтмæ гæсгæ ралыгъд мæ мад Гассион, кæцы ницы зыдта ме ссæрибар кæныны тыххæй». Æмæ-иу уæд йæ кæсæнцæстытæ райста йæ цæссыгтæ асæрфыны тыххæй…

Ацы фондз адæймаджы сæ архайдæй систы сæ фæлтæры цæсгом, уымæн æмæ 20-аздзыд лæппутæ æргомæй сдзырдтой Гуырдзыстоны шовинистон политикæйы ныхмæ. Гоги хъуыды кодта алкæцы дзырдхæссæджы тыххæй дæр, фæлæ сын цы йæ бон уыд саразын.

Бекъойты Георги цардæй ахицæн 2010 азы 21-æм ноябры.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.