Мидхъуыддæгты министрад хъусын кæны

24 октябрæй 31 октябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ’рцыд. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй, урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма фæндæгтыл æрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æртæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 280 фæткхалæн цауы. Уыдонæй æхсæз уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

27 октябры рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта 50-аздзыд бынæттон цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг йæ хадзары фæулæфыд сыгъдхъæстæ.

28 октябры райсом раджы Знауыры районы милицийы хайадмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Ногхъæуы судзы хисæрмагонд хæдзар. Куыд рабæрæг, афтæмæй хæдзар уыд æдзæрæг — йæ хицау 2008 азы алыгъд Гуырдзыстонмæ. Хъыгагæн, хæдзар иууылдæр басыгъд.

Наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой нæ горæты 21-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцы спайда кодта наркотикон буарад — марихуанайæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.