РХИ-йы VII сæвзæрст Парламентæн фæцис уалдзыгон сессийы куыст. Парламентаритæ уадзынц фембæлдтытæ сæ æвзарджытимæ. Сæ куысты фæстиуджытæ, æдтагполитикон бастдзинæдты æмæ фидæны пълæнтты тыххæй йæ интервьюйы дзуры Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан.

– РХИ-йы Парламенты ныры сконд дыккаг хатт ацыд радон улæфты. Сфидаргонд фæткмæ гæсгæ закъонфæлдисджытæ растдæр ацы рæстæджы уæлдай активондæрæй æмбæлынц æвзарджытимæ. Дæ хъуыдымæ гæсгæ, закъондæттынадон архайдæй дарддæр цас ахсджиаг у депутатты ацы куыст?

– Дæхæдæг банысан кодтай, Парламентæн улæфтытæ уый кæй нæ нысан кæнын æмæ депутаттæ кæй хъуамæ улæфой. Парламентон улæфтытæ уый тыххæй сты, цæмæй депутаттæ фембæлдтытæ уадзой се ‘взарджытимæ, скъуыддзаг кæной уыцы æвзарджыты проблемæтæ хицауиуæгады æххæсткæнынадон органтимæ иумæ. Уыцы рæстæджы депутаттæ архайынц, цæмæй фылдæр фембæлдтытæ ауадзой цæрджытимæ, цæмæй абоны бонмæ цы проблемæтæ уæвынц, уыдоны нысан кæной æмæ сæ хæццæ кæной æххæсткæнынадон хицауиуæгадмæ. Хицæн депутаттæ, улæфтытæм нæ кæсгæйæ, æрвылбон дæр вæййынц сæ куысты. Мæхæдæг дæр мæ куысты вæййын, афтæ ма фембæлын æвзарджытимæ дæр. Нæ фракцийæн фембæлдтытæ уыдзæн горæт æмæ Республикæйы æндæр æмæ æндæр районты æвзарджытимæ, афтæ парламентон куыст цæуы æрвылбон дæр.

– Республикæйæн, куыд æппæт адæймагадæн, афтæ фæстаг рæстæг фæвазыгджындæр коронавирусимæ баст проблемæтæй. Банысан кæнын хъæуы, бæстæйы разамынад æппæт гæнæнуæвæн мадзæлттæ кæй райста пандемийы ныхмæ тох кæныны фæдыл. Æмæ уыцы хъуыддаджы къухты бирæ бафтыдис. Кæй зæгъын æй хъæуы, чидæртæ гæнæн ис, райгонд ма уой карантинон мадзæлттæй, фæлæ, иумиагæй сисгæйæ, цæрджытæ хорз райстой ацы здæхты паддзахадон политикæ. Æмæ уыцы хъуыддагыл бандæвта æвзарджытимæ депутатон корпусы куыст дæр. Куыд ын саргъ кæнис ды та?

– Дунейы пандемиимæ баст абоны ситуацийæн тынг зын саргъгæнæн у. Æппæт дунейы райстой фæкъуындæггонд мадзæлттæ, кæцытæ баст сты коронавирусимæ. Зæгъæн ис, нæ разамынад цы мадзæлттæ исы, уыдон иууылдæр кæй сты ахадгæ. Абоны бонмæ нæ республикæ у иунæг ахæм паддзахад, цыран рынчындонæн æддейæ нæй коронавирус. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, не ‘мбæстæгтæ æвзарынц бæрæг зындзинæдтæ. Уыдон баст сты арæны сæрты хизынимæ, республикæйæ ацæуын æмæ æрбацæуынимæ, афтæ ма бæстæмæ æрбаздæхгæйæ дыууæкъуырион карантины уæвынимæ. Æз хъуыды кæнын афтæ æмæ махæн не ‘мбæстæгты цардæй зынаргъдæр ницы ис. Æгæрыстæмæй, иу адæймаджы цард дæр зынаргъдæр у, абон цы зындзинæдтæ æвзарæм, уыдонæй. Афтæ мачи зæгъæт, æмæ уыцы низ мæныл нæ бахæцдзæн. Дунейы хъомысджындæр бæстæты дæр, цыран медицинæйы æмвæзад Хуссар Ирыстонæй у бирæ бæрзонддæр, ацы тæссаг фæзынды раз æдых разындысты. Хуыцау ма зæгъæт, фæлæ нæм, зæгъгæ, рынчындонæн æддейæ ацы вирус фæзынд, уæд кæуыл ахуыр стæм, уыцы цардуаг цæхгæр фæивдзæн. Афтæ фæивдзæн, æмæ алы адæймаг дæр хъуыды кæндзæн, горæтмæ æнæ хъуыддагæй ахиза кæнæ адæм кæм æмбырд кæнынц, уырдæм бацæуа, ууыл. Коронавирус республикæмæ куы æрбаивæрза, уæд бæрæг нæу, ног ахуыры аз райдайдзæн æви нæ. Уымæн æмæ, куыд ма загътон, афтæ мах хъуамæ алы адæймаджы цард дæр хъахъхъæнæм, ам та дзырд цæуы сывæллæттыл. Махæй алчи дæр хъуыды кæны ацы пандемийы райдиан. Цæгат Ирыстоны фыццаг рынчынтæ куы фæзындысты, уæд уыцы цауы махæй алчидæр райста катаимæ æмæ нæ нал фæндыд æнæ хъуыддагæй цæуын, адæм кæм æмбырд кæнынц, ахæм бынæттæм. Фæстæдæр бар нал уыдис дзыллон мадзæлттæ уадзынæн, скъолатæ рахызтысты дистанцион ахуырмæ. Уымæ гæсгæ мæ фæнды банысан кæнын, Хуссар Ирыстоны разамынады райсгæ мадзæлтты руаджы, махмæ цард кæй цæуы йæ раздæры уагыл, къуындæггæнæн мадзæлттæ нæ райсгæйæ, маскæтæ нæ хæсгæйæ æмæ афтæ дарддæр. Æмæ мæ уырны, ног ахуыры аз мах кæй райдайдзыстæм, раздæр азты-иу сæ куыд райдыдтам, афтæ: линейкæтимæ, фыццагкъласонтимæ, ахуыргæнджытимæ. Мах хъуамæ чысыл бабыхсæм, уæлдай-дæр та уымæн æмæ Уæрæсейы бакуыстой коронавирусæй вакцинæйыл. Республикæйы разамынад проблемæйы хорз кæй æмбары, уый зонгæйæ, мæн ныфс ис, ацы вакцинæйы тагъд рæстæджы кæй райсдзысты Хуссар Ирыстоны дæр. Уæдæ мах хъæуы чысыл банхъæлмæ кæсын.

Ис ма ноджы, радон хатт кæуыл сæмбæлдыстæм, ахæм проблемæ. Уый у хæлцадон продукттæ республикæмæ ласыны проблемæ. Афтæ мачи хъуыды кæнæд æмæ уый фæдыл куыст нæ цæуы. Ацы бонты Хуссар Ирыстоны разамынады минæ-вæрттæн фæмбæлд уыдис Цæгат Кавказы таможнæйы разамынадимæ, цыран планбæрцон куыст цæуы ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл. Республикæйы Президент, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы проблемæты зоны æмæ кусы нæ уæрæсейаг коллегæтимæ æмæ мæ ныфс ис, ацы проблемæ æввахс рæстæджы скъуыддзаг кæй æрцæудзæн.

Карантинон мадзæлттæм гæсгæ арæнты сæхгæныны тыххæй, сæйраджыдæр, социалон хызæгты кæй скарз кодтой, уыцы æвæрццаг фæзындæн анализ аразгæйæ, гæнæн ис банысан кæнон, уый арæзт кæй цæуы фейкон фæрстыл. Нæй ахæм факт æмæ уыцы æнæзонгæ адæймæгтæ сты Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, уыдон гæнæн ис, уой æмарæн паддзахадæй, кæцыты тынг фæнды уавæр республикæйы сдестабилизаци кæнын.

– РХИ-йы Парламенты уалдзыгон сесси, æппæт къуындæгдзинæдтæм нæ кæсгæйæ, уыдис мидисджын, æнтыстджын. Уыцы рæстæг фæцис РХИ-йы Хицауады хыгъдæй азы дæргъы бакæнгæ куысты тыххæй. Нырма дæр хуссарирыстойнаг æхсæнады иугъуызон нæ аргъ кæнынц æххæсткæнынадон хицауиуæгады куысты фæстиуджытæн. Цы зæгъдзынæ уый фæдыл ды та?

– О, уалдзыгон сесси, закъонфæлдыстадон архайдыл дзургæйæ, уыд æндыгъд. Хицæнæй мæ зæгъын фæнды 2019 азæн Хицауады хыгъды темæйы фæдыл. Æвæццæгæн, алчи дæр зоны, дунейы кæй нæй ахæм паддзахад кæнæ республикæ, цыран ис идеалон хицауад. Алы хицауады куысты дæр ис цухдзинæдтæ æмæ æнтыстытæ, фæлæ уыимæ мах хъуамæ æмбарæм, хицауады цахæмфæнды куыст дæр кæнгæ кæй у, абоны бонмæ йын чи сты, уыцы финансон фадæттæй. Мæхи æмæ къорд депутатты хъуыдымæ  гæсгæ, хицауад бакодта рæстæмбис куыст уыцы финансон фадæттæ хынцгæйæ, кæцытæ нæм сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, хицæн депутаттæм ис сæхи фиппаинæгтæ, фæлæ уыдон хъуамæ дзурой иу кæнæ иннæ проблемæ скъуыддзаг кæныны амæлттæ дæр. Домæнтæ æмæ сæм фæндæттæ тынг бирæ ис, фæлæ уыдонæй иуæн дæр йæ бон махæн зæгъын нæу, уыцы домæнтæ æмæ фæндæттæ куыд æххæст кæнын хъæуы.

Зæгъын ма мæ фæнды уый æмæ хицауадæн финансон фадæттæ æмæ республикæйы бюджет йæ къух цас аразы, уымæй хыгъдон рæстæджы бацархайдта, цæмæй фæфылдæр уыдаиккой пенситæ æмæ пособитæ.

– Æрæджы Паралметæн бантыст райсын, бирæ рæстæджы кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм РХИ-йы уыцы Закъон «Паддзахадон æмбæстагон службæйы тыххæй». Йæ ахсджиагдзинадыл нæй дызæрдыггæнæн. Ацы фарстайы фæдыл ма парламентон вердиктмæ исты бафтаудзынæ?

– «Паддзахадон æмбæстагон службæйы тыххæй» Закъоныл бирæ куыстæуыд æмæ нæ республикæйы президенты архайды руаджы æппынфæстагмæ парламенты ист æрцыд, йæ къух ыл æрфыста æмæ æрвыст æрцыд УФ-йы æмбæлон структурæтæм. Ацы закъон хауы паддзахадон службæгæнджытæм, æдæппæт дыууæ мин адæймагæй фылдæр. Уый руаджы фæфылдæр уыдзысты куыстмыздтæ, паддзахдон службæгæн-джытæн нысан цæудзысты æппæт социалон бафыстытæ æмæ афтæ дарддæр.

Фæлæ мæ уыимæ иумæ банысан кæнын фæнды, уымæй стыр бæрндзинад æвæрд кæй цæуы æмбæстагон æмæ паддзахадон службæгæнджытыл, уыдонмæ уыдзæн карздæр домæнтæ. Ома, закъон æрмæст привелеги нæу, фæлæ серьезон хæс дæр. Цæвиттон, алы службæгæнæг дæр хъуамæ бавдиса æфтиæгты æмæ æнæзмæлгæ исады тыххæй деклараци, æххæст кæна, ацы закъоны фыст æппæт домæнтæ дæр.

Парламент йæхи ‘рдыгæй закъонмæ бахаста барасткæнинаг, кæцыйы æвварс рахæцыд æппæт депутатон корпус. Барасткæнинаджы мидис уый мидæг ис æмæ Гуырдзыстоны арæны сæрты экстренон медицинон æххуысимæ баст чи нæу, ахæм аххосагмæ гæсгæ æмæ хицауадæй бар нæ райсгæйæ РХИ-йы æмбæстæгтæй чи ахизы, уыдон уагъд нæ цæудзысты паддзахадон æмбæстагон службæмæ.

– Коронавирусон инфекци фæкъуындæгдæр кодта æхсæнпарламентон архайд æмæ йæ бирæбæрцæй ракодта виртуалон фæзуатмæ. Фæлæ уæддæр ацы здæхты куыст цыдис æмæ бæрæг фæстиуджытæ къухты бафтдзæн. Райгонд дæ ацы здæхты парламентон архайдæй?

– Æхсæнпарламентон архайдæй абоны бонмæ афтæ зæгъон æмæ райгонд дæн, уый мæ бон нæу, уымæн æмæ пандемия йæхи коррективтæ бахаста æрмæст Хуссар Ирыстоны Парламенты куыстмæ нæ, фæлæ уыцы паддзахадты парламентты куыстмæ дæр, кæцытимæ хъуамæ бакуыстаиккам махæн иттæг ахсджиаг фарстатыл.

Ацы аз Ирыстон нысан кæны ирон адæмы геноциды 100 азы. Махæн  УФ-йы Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советимæ плангонд уыдысты бирæ мадзæлттæ. Паддзахадон Думæйы арæзт æрцыд къамис 1920 азы ирон адæмы геноциды фæдыл. Мæскуыйы уал уагъд æрцыд иу фембæлд мах æмæ ацы къамисы уæнгты хийадистæй. Мах æрдзырдтам, ацы аз кæй сплан кодтам, уыцы фарстатыл. Ацы къамис хъуамæ иу рабадт ауагътаид Цæгат Ирыстоны, хуссарирыстойнаг эксперттæ æмæ историкты йæм æрбахонгæйæ. Хъуамæ дзы хайад райстаиккой цæгатирыстойнаг æмæ уæрæсейаг эксперттæ æмæ историктæ дæр. Ноджы ма дыууæ рабадты хъуамæ уагъд æрцыдаиккой Мæскуы æмæ Цхинвалы. Мах хъуамæ къамисмæ бавдыстаиккам, чи нæм сты, æппæт уыцы æрмæджытæ, фæлæ, хъыгагæн, пандемийы аххосæй уыцы фембæлдтытæ уагъд нал æрцыдысты. Фæлæ махæн къамисы уæнгтимæ æдзух ис бастдзинад. Уæрæсейы фарсæрдыгæй æмæ хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй дæр цыдæриддæр фарстатæ сæвзæры, уыдон скъуыддзаг æрцæуынц бастдзинады фæрæзты руаджы. Æз зæгъын афтæ æмæ ацы здæхты мах нырма хъæуы тынг бирæ саразын, фæлæ мæ ныфс ис, алцы дæр куы æрбæстон уа, уæд мах раздæхдзыстæм ацы куыстмæ, æмбæлон аргъ æрцæудзæн 1920 азы ирæттæм ахасты Гуыр-дзыстоны хицауады архайдтытæн. Уыимæ ма мæн уырны, Уæрæсейы Федерацийы къамисмæ æмæ хуссарирыстойнаг фарсмæ цы æрмæджытæ ис, уыдон хынцгæйæ, Паддзахадон Думæ кæй райсдзæн раст уынаффæ æмæ ирон адæмы геноцид кæй банымайдзæн.

Афтæ ма хуссарирыстойнаг парламенты депутаттæ хорзыл банымадтой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны парламентты ‘хсæн сразыдзинады текст. Хъæуы ма йыл æрмæстдæр къухтæ æрфыссын, фæлæ та пандемийы аххосæй ацы процедурæ афæстиат. Куыддæр ацæуыны, кæнæ нæ цæгатирыстойнаг коллегæтæн æрцæуыны фадат фæзына, афтæ ацы документыл къухтæ æрфыстæуыдзæн æмæ æххæстæй кусын райдайдзæн.

– Алан Сергейы фырт, улæфты режиммæ нæ кæсгæйæ, ныридæгæн фидæны плæнттæ арæзт цæуынц. Ивындзинæдтæ хаст æрцæудзысты Парламенты куыстмæ дæр. Дæ хъуыдымæ гæсгæ цахæм уыдзысты уыдон?

– Парламенты фыццаградон хæс у закъæтты проекттыл кусын. Парламент дарддæр кусдзæн РХИ-йы закъондæттынадон базæ хуыздæр кæныныл. Мах зонæм, бирæ закъæттæ æмæ дæлзакъонон акттæ сты кæрæдзийы ныхмæ æмæ хъуамæ æппæт дæр саразæм, цæмæй закъонфæлдыстадмæ республикæйы мацы претензитæ уа. Парламентон корпус кусдзæн растдæр ууыл, цæмæй нæ закъондæттынады æркæнæм дунеон нормæтæм.

Афтæ ма архайы Конституци хуыздæр кæныны фæдыл Президенты цур къамис æмæ парламентон корпус дæр активон хайад исын райдыдта ацы къамисы куысты. Æмæ махæн, парламентаритæн, хъуамæ бантыса, цæмæй цас гæнæн ис, уымæй не ‘мбæстæгтæн цард республикæйы уа хæрзвадат, цæмæй закъæттæ кусой нæ республикæйы æмбæстæгтæн æмæ алы æмбæстаг дæр дырысæй æмбара иу кæнæ иннæ закъоны.

Мах ма архайдзыстæм, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыс-тоны территорийыл цы закъæттæ кусынц, уыдон æнæмæнг æххæст кæна алчидæр, кæм кусы, уымæ нæ кæсгæйæ. Алы адæймаг дæр закъоны раз у æмбар æмæ алчидæр хъуамæ æххæст кæна нæ республикæйы Конституци æмæ закъæттæ. Æмæ ма, кæй зæгъын æй хъæуы, Парламент иуварс ма хъуамæ лæууа, нæ адæмæн цы проблемæтæ ис, уыдонæй.

РХИ-ЙЫ Парламенты Информацион-аналитикон

Управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.