Хуссарирыстойнаг адæмæй  никуы ферох уыдзæн ирон адæмы номдзыд фырт Гергиты Валери йæ оркестримæ 2008 азы тугуарæн хæсты фæстæ 21-æм августы сыгъд æмæ пырх Цхинвалмæ кæй æрцыд æмæ сыгъд Парламенты бæстыхайы раз концерт-реквием кæй радта, уыцы ахсджиаг цау.

Уыцы концерт «Вам, живым и погибшим. Тебе, Южная Осетия!»-йæ кæд 12 азы рацыд, уæддæр хуссарирыстойнаг адæмы зæрдыл лæууы, раст цыма знон уыд, афтæ. Уæд Ныгуылæны бæстæтæ иууылдæр  рахæцыдысты Гуырдзыстоны къухдариуæгады фарс. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ сусæгвæнд хъуыдис æруромын. Æмæ ацы хъуыддаджы стыр æххуыс бакодта Гергиты Валери, агрессоры ныхмæ аивады фæрцы стох кæн-гæйæ. Музыкæйы æвзагæй уымæн нæ политологтæ æмæ историктæй саразын бантыст бирæ фылдæр. Уый дунейæн фенын кодта, агрессор æцæгæйдæр чи у, уый.

Концерт райдыдта изæры аст сахатыл. Комкоммæ эфиры йæ æвдыстой телеканалтæ «Россия», «Вести», «Культура» æмæ сайт Вести.Ru. Концерт-реквиемы истой 16 камерæйæ, фехъуыстой æмæ йæ федтой милуангай адæймæгтæ æмæ дисы баппæрста æнæхъæн плане-тæйы, удæгæсты æмæ фæмардуæвджыты хъæлæстæ хъынцъымы егъау аккорды баиу кæнгæйæ. Куыд маэстро йæхæдæг, афтæ музыканттæ дæр иууылдæр уыдысты сау уæлæдарæсы.

Гергиты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, йæ концерт уыд æрмæст фæ-мардуæвджыты нæмттæ æрæмысыны тыххæй нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны æцæгæй дæр цы æбуалгъы цаутæ æрцыдысты, уыдоны тыххæй æнæхъæн дунейæн радзурынмæ бафæлвæрд. Гергийы фырт концерт бакодта зæрдæмæхъаргæ ныхæстæй куыд уырыссаг, афтæ англисаг æвзагыл, сценæмæ Хуссар Ирыстоны æвзонг фæлтæр – сывæллæтты ракæнгæйæ. «Российская газета»-йæн загъта, зæгъгæ, «ахæм хæрзæвзæнгтæй ныридæгæн бавзæрстой трагикон рæстæ-джытæ, хæсты фыдæвзарæнтæ».

Абон дæр мæ хъустыл уайынц йæ ныхæстæ интервью дæттгæйæ: «Бахатыр кæнут, æз нырма дæн, цы диссаг федтон, уый тæлмæнты бын. Уый æнхъæл æз нæ уыдтæн… Уый æбуалгъдзинад æмæ стыр фыдракæнд у… Махæн нæ бон у æнæхъæн дунейæн зæгъын, зæгъгæ, Цхинвал у горæт-хъайтар. Цхинвал дыккаг Сталинград у… ам алцыдæр пырх æрцыд. Фæлæ уæ фæстæ ис стыр бæстæ, уæ фæстæ сты æппæт планетæйы растхъуыдыгæнæг адæм, æмæ нæ ныфс ис, ацы зæхх дидин кæй æфтаудзæн, уымæй. Цхинвал æнæмæнг сæн-диддзæн  æмæ ам уыдзæн цард. Æз сымахимæ дæн, мæ зынаргъ цхинвай-лæгтæ…». Æмæ раст загъта маэстро, абон Цхинвалмæ куы æрцæуид, уæд æй нал базонид. Арæзт æрцыдысты паддзахадон университет, театр æмæ бирæ æндæр бæстыхæйттæ. Тагъд рæстæджы эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн уазæгдон «Ирыстон»-ы бæстыхай æмæ уæд ноджы тынгдæр рафидаудзæн Театралон фæзуат. Горæт-хъайтар Цхинвалы рафидауын код-та, раздæры универмагы бынаты фонтанимæ цы сквер арæзт æрцыд, уый дæр, цыран куыд изæрыгæтты, афтæ боныгон дæр сæ фæллад уадзынц цæрджытæй бирæтæ. Афтæ ма горæты уынгтæн сæ фылдæр хæрзарæзт æрцыдысты æмæ сæ  рафидауын кодтой алыгъуызон рæсугъд дидинджытæ æмæ декоративон къутæртæ. Æппæт уыдæттæ саразын бантыст, Гергийы фырт цы стыр бæстæ – Уæрæсейы кой кæны, уый фæрцы.

Гергиты Валери Цæгат Ирыстоны Бес-лæны аэропортмæ æртахт Лондонæй, цыран уый размæ ралæууыд  классикон музыкæйы дунейы иууыл егъаудæр фестивалы. 140 тоннæйы декораци, 60 музыканты, егъау уæзтæ Санкт-Петербургæй цыппар хæдтæхæгыл æрластой Дзæуджыхъæумæ. Уырдыгæй та сæ Цхинвалмæ уæзласæн машинæтыл æрластой.  Хæстæфхæрд хуссарирыстойнаг адæмы раз сценæйыл 50 минуты ралæууыны тыххæй Гергийы фырт  аивта йæ график. Афтæ саразæн ын æндæр рæстæджы гæнæн нæ уыдаид. Райсомæй концерт, репетици, изæры концерт, ахæм ритмы цæры Гергийы фырт бирæ азты дæргъы. Аэропорты йыл цы журналисттæ фембæлдысты, уыдонæн загъта: «Адæм хъуамæ зоной рæстдзинад Ирыстоны цы æрцыд, æмæ Уæрæсейæн цæмæн уыд йе ‘фсæдтæ бакæныны бар,  уый тыххæй». Концерты размæ Гергиты Валери азылд æмæ йæхи цæстæй федта пырх Цхинвал.  Уый нырма уырыссаг æвзагыл, уый фæстæ та йæ ныхæстæ англисаг æвзагмæ тæлмац кæнгæйæ, æрсидт дунеон æмæхсæнадмæ. Уырныдта йæ, афтæмæй йæ дуне кæй фехъусдзæн,  кæцыйы нæ фæндыд 7-æм августæй 8-æм августмæ Хуссар Ирыстоны цы хæстон цаутæ райдыдтой, уыдоны тыххæй рæст-дзинад зонын.

Концерты организатортæ дызæрдыг кодтой цæрджытæ æрбацæудзысты, ууыл. Уымæн æмæ адæм уыдысты фыдохы, бирæтæ нырма дæр ныгæдтой сæ хиуæтты. Фæлæ  уыцы изæр Парламенты бæстыхайы пырхæнты размæ æрбамбырд сты, горæты ма цы хæствæллад цхинвайлæгтæ баззадысты, уыдон. Кæрæдзийыл цинтæ, хъæбыстæ кодтой, уымæн æмæ æгъатыр хæсты фæстæ ничи зыдта йæ зонгæтæй, йæ хиуттæй удæгасæй чи аирвæзт æмæ чи фæмард, уый тыххæй. Арæх ахъуыды кæнын, зæгъын, адæм хæсты фæстæ кæрæдзийыл куыд цин кодтой, кæрæдзийы куыд уарзтой, афтæ куы уаид абон дæр, фæлæ… Æрдæгпырх, сыгъд бæстыхайы цур зæлыдысты Шостаковичы симфонитæ «Седьмая», Блокадная», «Ленинградская». Хъусджытæ ныхъус сты… Трагикон музы-кæмæ хъусгæйæ, цхинвайлæгты мысынады сног сты, дæс боны размæ æрцæугæ тугуарæн  цаутæ, уыцы нымæцы мæлæты тасдзинад дæр. Æрæмбырдуæвджытæй бирæты рустыл æруадысты судзгæ цæссыгтæ, бирæты цæстæнгасы дзы нырма зынд тасдзинад æмæ тыхстдзинад. Ахæм цæстæнгас равдисын никæцы курдиатджын актерæн суыдзæн йæ бон. Ахæм цæстæнгас равдисдзæн, æрмæстдæр, мæ-лæты тасдзинад йæхиуыл чи бавзæрста, мæлæты цæстытæм комкоммæ чи каст, ахæм адæймаг. Æмæ ам, Цхинвалы чи баззад, уыдонæй та алчидæр йæхиуыл бавзæрста мæлæты тасдзинад…

 Гергиты Валерийы æрцыд цхинвайлæгты бауагъта стыр ныфс, æвдадзы хосау сын фæци йе ‘рцыд æмæ никуы ферох кæн-дзысты ацы ахсджиаг цауы тыххæй.

Тедеты Фатимæ, нæ горæты цæрæг: «Куыддæр базыдтон Гергиты Валери Цхин-валмæ концертимæ æрцыд уый, афтæ уайтагъд мæ сыхæгтимæ атагъд кодтон Парламенты сыгъд бæстыхайы цур-мæ. Тынг мæ фæндыд, æввахс æм балæууыдаин æмæ йын бузныджы ныхæстæ загътаин, фæлæ мын уый фадат нæ фæцис. Йе ‘рцыдæй стыр адæймагдзинад равдыста, уыимæ нырма тæссаг уыд æхстытæй. Æз сæрыстыр дæн, ахæм æмбæстаг нын кæй ис, уымæй. Йæ ацы æрцыдæй равдыста æцæг ирон лæг кæй у, уый. Цасфæнды азы ма рацæуа, уæддæр мæ никуы ферох уыдзæн 2008 азы 21 август дæр».

Концерт-реквиемы рæстæджы ал-цыдæр ныссабыр, раст  цыма стыр лæджы æрцыд æрдз дæр æнкъардта, уыйау. Йе ‘рцыдæй хуссарирыстойнаг цæрджыты зæрдæты бауагъта цæ-рыны ныфс æмæ æнæхъæн дунейæн базонын кодта Хуссар Ирыстоны цы æвирхъау трагеди æрцыд, уый тыххæй. Науæд гуырдзиаг агрессортæ Цхинвалы пырх æмæ сыгъд хæдзæртты æвдыстой афтæ, цыма уыдон Гуырдзыстоны территорийыл сты. Концертæн уыд ахсджиаг политикон мисси, æвдыст цыд бирæ каналты, æмæ маэстро йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй уый хъуамæ Хуссар Ирыстоны тыххæй рæст-дзинад фехъусын кодтаид æнæхъæн дунейæн æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта.

Легендарон маэстро йæ оркестримæ концерт цы асинтыл радта, уыдон абон дæр Хуссар Ирыстоны адæм хонынц Гергийы фырты асинтæ æмæ цæрæнбонтæм дæр Цхинвалы цæрджыты мысынады баззайдзысты афтæмæй. Хуссарирыстойнаг адæм никуы ферох кæндзысты йæ радтæг адæмы æцæг фырт, легендарон маэстро Гергиты Валерийы стыр сгуыхтдзинады тыххæй. Уыимæ ма йемæ æрхаста хорз къах дæр, йе ‘рцыдæй фондз боны фæстæ Уæрæсейы Президент банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.