Президент Бибылты Анатоли Президенты цур Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджынæй снысан кодта хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы къухдариуæггæнæг Цхуырбаты Татьянæйы.

Фембæлды рæстæджы паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, йæ архайды фæдыл Цхуырбаты Татьянæйæн зындгонд сты, сывæллæттæн цы проблемæтæ ис, уыдон.

«Фонды ном «Подари крылья» дзурæг у позитивыл, кæцы ды хæссыс сывæллæттæн. Уымæ гæсгæ куысты аныгъуылын æмæ уыцы фарстытæ ахуыр кæныны сæр дæу нæ хъæуы. Уымæ гæсгæ, мæн фæнды, цæмæй бакусай Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджынæй. Дæ куыстхъомдзинад æмæ сывæллæттæм ахаст зонгæйæ, мæн ныфс ис, дæуæн бирæ кæй бантысдзæн, цæмæй нæ сывæллæттæ хатой стыр хъусдард паддзахадæй. Мæ цæст дын уарзы ацы зын, фæлæ ахсджиаг хъуыддаджы æнтыстытæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæхи фарсæрдыгæй, Цхуырбаты Татьянæ бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæгæн, йæ æууæнкыл кæй бафтыдта, уый тыххæй. «Куыст мын зындгонд у. Проблемæтæ бирæ ис æмæ мæ фæндид, цæмæй бирæ фарстытæ скъуыддзаг æрцæуой. Æз архайдзынæн, размæ цæудзынæн, сывæллæтты фарстытæ скъуыддзаг кæндзынæн: рынчын, сидзæр æмæ ныййарджыты æххуыс кæй хъæуы, уыдоны. Ныфс мæ ис, мæ куыстæн  кæй уыдзæн фæстиуджытæ», – загъта уый

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.