Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн базарадон центр «Солнечный»-йы уагъд æрцыд «Gino-TV»-йы телеуынынады сывæллæтты студийы презентаци. Студийы директор Сиукъаты Тамерланы къудариуæгадæй Цхинвалы скъолаты ахуырдзаутæ равдыстой сæ дæсныйад. Сæхи бафæлвæрдтой журналисты, операторты æмæ монтажерты ролты.

«Мах æнæмæнг хъæуы сывæллæтты студи. Æмæ абон уый арæзт цæуы. Сывæллæттæ æрдæг азы бæрц арахайынц. Ахуырады фæлгæтты сын ауагътам ифтонгадимæ техникон зонгæкæнынад. Уыцы нысанæн мах балхæдтам æртæ видеокамерæйы, кæцыты фæрцы сывæллæттæ сæ курдиат цырен кодтой. Афтæ хъуыды кæнын, æмæ ацы проект хъуамæ уæвынад кæна», – банысан кодта студийы директор.

Æвзонг курдиæтты куыстытæм бакæсынмæ æрбацыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уый сын раарфæ кодта æмæ сын йæ цæст бауарзта сабыр арвы бын царды хæрзиуджытæ æмæ стыр сфæлдыстадон æнтыстытæ.

«Абон мах нысан кæнæм сывæллæтты хъахъхъæныны бон. Æмæ сæ абон мах хъуамæ хъæлдзæг кæниккам, фæлæ рауад афтæ æмæ нæ ныр уыдон сæхæдæг хъæлдзæг кæнынц. Мæн фæнды зæгъын, Тамерлан Шалвайы фырт уын уæ интерестæ æмæ куридæттæ кæй хъахъхъæны. Æмæ уый æрмæст хъахъхъæнгæ нæ кæны, фæлæ уын сæ рæзын дæр кæны. Мæ цæст уын уарзы культурæйы æмæ аивады фадыджы стыр æнтыстытæ», -загъта паддзахады сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.