Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн   Сывæллоны барты фæдыл  РХИ-йы Президенты æххæстбарджын, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрад æмæ Сывæллæтты сфæлдыстадон  галуаны кусджытæ сывæллæттæн бацæттæ кодтой цымыдисон æмæ хъæлдзæг мадзал «Вместе дружная семья!», зæгъгæ, ахæм номимæ. Галуаны кæртмæ цы бирæнымæц сывæллæттæ æрбацыдысты, уыдон, æвæццæгæн, уыцы бон бахъуыды кæндзысты дæргвæтин рæстæджы. Ам сабитæм æнхъæлмæ каст æцæг хъæлдзæгдзинады бæрæгбон, цыран хайад истой аргъæутты персонажтæ, мультип-ликацион нывты хъайтартæ. Чысыл сабитæн уагъд æрцыдысты алыгъуызон хиирхæфсæн хъæзтытæ, куыд зæгъæм, «боулинг», «змисæй хъазт», «хъæлдзæг футболист», «аквагрим», «хъæлдзæг нывгæнæг», «город мастеров»,  афтæ ма 1-7 аздзыд сывæллæттæн уагъд æрцыд программæ «Хъазты фæз», зæгъгæ, æмæ бирæ æндæртæ.

Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны равæрд æрцыдысты ахуыргæнджыты куыстытæ, æвзонг нывгæнджыты куыстыты вернисаж, ахуыргæнджыты фоторавдыст «Взгляните на детские глаза».  Бæрæгбоныл иууыл тынгдæр цин кодтой скъолайы агъоммæйы кары сывæллæттæ, зæлыдысты бæрæгбонон музыкæйы зæлтæ æмæ æхцондзинад хастой канд сабитæн нæ, фæлæ ма ардæм сабитимæ цы ныййарджытæ, дадатæ æмæ бабатæ  æрбацыдысты, уыдонæн  дæр. Æппæт ныййарджыты номæй сывæллæттæн зæрдиаг арфæтæ ракодта  Бететы Юри дæр. «Фыццаджыдæр мæ стыр бузныг зæгъын фæнды Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны директор Джиоты Арянæ æмæ йæ коллективæн, нæ рæзгæ хуртæн ахæм рæсугъд бæрæгбонтæ кæй бацæттæ кæнынц, уый тыххæй. Нæ сывæллæттæ цас фылдæр уыной хорздзинад, уыйбæрц нæ фидæн дæр уыдзæн рæсугъддæр. Ирыстоны сывæллæттæн мæ фæнды раарфæ кæнын, цæмæй фыццаджыдæр уой æнæниз, аргъ кæной сæ ныййарджытæн æмæ ахуыргæнджытæн. Нæ сомбон нæ сывæллæттæй кæнгæ у æмæ сын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй алы хатт дæр уой амондджын æмæ цæрой сыгъдæг арвы бын»,- банысан кодта Бететы Юри.Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон  схорзæхджын кодтой æрвылазон конкурс «Цвети, Осетия моя!»-йы лауреатты. Сывæллæттæ зонгæ кодтой кæрæдзийы куыстытимæ, истой зæрдылдарæн къамтæ. Галуаны директор Джиоты Арянæ, фыццаджыдæр, зæрдиаг арфæтæ ракодта сабитæн сæ бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, нæ сæйраг хæс уыд сывæллæтты ‘ргом конкурсмæ аздахын,  фыссын, ныв кæнын сын амонын, цæмæй стыр æхцондзинадимæ хайад исой конкурсы. «Ацы аз нæ разы æрæвæрдтам хæс, цæмæй конкурсы куыстытæ уыдаиккой бирæ нæ, фæлæ гъæдджын. «Махæн стыр æхцондзинад æрхаста сывæллæтты конд куыстытæ професионалоны хуызæн кæй уыдысты, уый. Стыр бузныг конкурсы æппæт хайадисджытæн дæр. Мæ зæрдæ уын зæгъы дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ»,- загъта Джиоты Арянæ. Сывæллæттæн Ахуырады министрады æмæ йæхи номæй зæрдиаг арфæтæ ракодта министрады управленийы сæргълæууæг Джиоты Нинæ дæр. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй алкæд дæр уат æнæиз. Стыр бузныг уын ахæм профессионалон куыстыты тыххæй, кæцытæй нын абон нæ зæрдæтæ барухс кодтат», – банысан кодта уый.

Уый фæстæ конкурсы уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ ацы аз фыццаг хатт бузныджы фыстæджытæй хорзæхджын кæй æрцыдысты сæ ахуыргæнджытæ дæр, сывæллæтты хорз кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй. 9 аздзыд Уанеты Олянæ йæ конд нывыл куыста иу мæйæ фылдæр æмæ йæ схуыдта «Мæ горæт Цхинвал», зæгъгæ, кæцы конкурсы бацахста фыццаг бынат. «Мæнæн тынг æхсызгон у ахæм конкурстæ уагъд кæй цæуынц нæ горæты. Æз дзы стыр райзæрдæйæ æрвылаз дæр хайад фæисын æмæ мæ куыстытæ бацахсынц аккаг бынат. Ацы аз дæр мын мæ конд ныв банымадтой аккагыл æмæ мын радтой фыццаг бынат.  Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды жюрийы æппæт уæнгтæн дæр»,- загъта Олянæ.

Дзауы районы Кировы скъолайы рауагъдон Джиоты Къоста та йæ куыст «Хъолайы мæсыг», зæгъгæ, сарæзта дыууæ боны æмгъуыдмæ. «Мæ нывæн бындур у Джуссойты Нафийы чиныг «Фыдæлты туг». Мæ зæрдæмæ дзы фæцыдис ацы хай æмæ йæ нывгонд та фæдæн дыууæ бонмæ», – загъта Къоста.

Сывæллæттæн арфæ кæнынмæ æрбацыд нæ республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. «Абон у рæсугъд æмæ хъæлдзæг  бæ-рæгбон – Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон. Мах, хистæртæ, сымах хъахъхъæндзыстæм канд 1-æм июны нæ, фæлæ алы бон дæр. Алы ныййарæджы дæр фæнды, цæмæй йæ сывæллон уа мидбылхудгæ. Сымах стут нæ сомбон æмæ мах кæддæриддæр архайдзыстæм, цæмæй сымах уат амондджын, уæ ныййарджыты зæрдæтæ рухс кæнат куыд ахуыры хъуыддаджы, афтæ уæ уагахастæй дæр. Ноджыдæр уæ бæрæгбоны хорзæх уæт, нæ зынаргъ сывæллæттæ», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Кæронбæттæны сывæллæттæм æнхъæлмæ каст сюрприз, – се ‘ппæты дæр суазæг кодтой сæл-дæгæй.

Мадзал фæцис хъæлдзæг концертæй.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.