Æрдзы конд диссаг æмæ цымыдисон у, йæ равæрд æмæ дарæсæй адæймаджы йæхимæ æлвасы, фæфæнды йæ здаха йæм йæ цæстæнгас, стæй дзы зæрдæйы фæндиаг баулæфын æмæ атезгъо кæнын. О, цымыдисон у æцæгдæр нæ радтæг æрдз йæ кæркæ-мæркæ дарæсæй, афæдзы алы афон дæр   ыл адæймаг фæцин кæны, йæхæдæг ныл куыд узæлы, афтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрдзы скондæн дæр ис йæхи хъулæттæ, адæймагмæ хатт ракæсы тызмæгæй. Фæлæ уæддæр фылдæр æмæ уæзгæдæр сты йæ пайда æмæ хæрзиуджытæ æмæ йæм кæсæм уарзæгой цæстæй, баввахс æм кæнæм нæхи.

Æрдзы, æмткæй адæймаджы æрвылбонон царды цы фæзындтæ цæуы, уыдон иууыл тынгдæр чи æнкъары, кæй уæнгты схæлбурцъ кæнынц – уыцы алыгъуызон нывтæ радæттынмæ иууыл арæхстджындæртæй сæ иу  нывгæнæг у. Уый тынг æнкъары æрдзы алы чысыл ныв дæр, æндæртæ хатгæ дæр кæй нæ фæкæнынц æмæ йæ сæ æгæрон архайд æмæ фы-дæбоны фæстæ байгом кæнынц сæ алыварс адæмæн. Хорзыл банымайын хъæуы уый дæр, æмæ хистæр фæлтæр кæй тыхсынц канд сæхи аивад сбæрзонд кæныныл нæ, фæлæ сæ курдиаты цæхæрæй кæстæрты дæр фæхайджын кæныныл. Уыцы хъуыдыйыл хæст уыдысты, Цхинвалы районы Къостайыхъæуы аивæдты скъола-студи байгом кæныны фæнд кæмæ фæзынд, уыцы хистæр фæлтæры нывгæнджытæ-ахуыргæнджытæ дæр. Зæгъын хъæуы, сæ хъуыддаг фæрæстмæ æмæ уыцы фæрнæйдзаг фæндагыл нысан-мæздæхтæй цæуы размæ. Хъæуы ногарæзт астæуккаг скъолайы бæстыхайы скъола-студи (йæ директор республикæйы адæмон нывгæнæг Гæбæраты Барис) байгом 2014 азы æмæ уал азы дæргъы нæ республикæйы сгуыхт нывгæнæг Хуыбиаты Роберт æмæ Зæгъойты Егнат цæстуарзонæй амонынц нывкæнынады сусæгдзинæдтæ кæстæр фæлтæрæн. Ацы скъола-студийы баконд тынг æхсызгон уыд, нывкæнынады аивад чи уарзы, уыцы æвзонг курдиæттæн, стæй сæ ныййарджытæн дæр. Алы стыр хъуыддагæн дæр йæ райдиан райдайы чысыл, хуымæтæг амал æмæ архайдæй. Фæлæ уыцы хуымæтæг хъуыддагыл дæр архайын хъæуы тынгдæр, уый куы фæрæст-мæ уа, зæрдæйы фæндиаг æй куы саразай, уæд дарддæр æнхъæлмæ кæсын хъæу-дзæн вазыгджын хæс æххæст кæнынмæ. Уый сæ зæрдыл дарынц студийы ахуыр-гæнджытæ æмæ æдзухдæр сæ хъусдарды бын сты кæстæртæ, амонынц сын, иу кæнæ иннæ ныв бацæттæ кæнынæн куыд хуыздæр гæнæнтæ ис, уыдæттæ. Иугæр рæс-тæджы цыдимæ куы сырæзы сæ дæсныйады æмвæзад, уæд та сын бахæс кæнынц ноджы вазыгджындæр куыст æххæст кæнын.

Ацы скъола-студийы ахуыргæнинæгтæ тагъд рæстæджы фæцалх сты нывкæны-нады аивадыл æмæ хайад фæисынц алыгъуызон равдыстыты. Сæ конд нывтæ баст вæййынц афæдзы алы афонтæ æмæ зæрдылдарæн бонты фæдыл. Равдысттæ сын вæййы Ног азы, Сылгоймæгты дунеон бон-8-æм марты цытæн, Уæлахизы бон, Хетæгкаты Къостайы райгуырды бон æмæ æндæрты тыххæй. Ахуыргæнджытæ стыр хъусдард здахынц, цæмæй сæ ахуыргæ-нинæгты конд нывтимæ зонгæ кæной æндæртæ дæр. Уый та ахъаз у сæ арæхст-дзинады æмвæзад фæхуыздæр кæнынæн, стæй кæрæдзийы фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнынæн, афтæ ма йын ис хъомыладон нысаниуæг дæр. Уыцы нысанæн сын сæ куыстытимæ базонгæ сты Знауыры астæуккаг скъола, Дзауы скъола-интернаты, Цхинвалы районы Дменисы астæуккаг скъола, Мугуты æфсæддонтæ æмæ æндæр рæтты. Уымæй дарддæр ма цалдæр хатты уыдысты æмæ æнтыстджынæй архайдтой Сочæмæ хæстæг горæт Лазаревскы дæр æмæ сæ тыхтæ фæлвæрдтой нывтæ кæнынæй. Уырдæм æндæр æмæ æндæр бынæттæй цы бирæнымæц æвзонг фæлтæр æрцыд, уыдон ‘хсæн къæмдзæстыгæй никуы баззадысты не студийы нывгæнджытæ дæр æмæ фæстæмæ кæддæриддæр здæхтысты хорзæхтимæ. Скъола-студийы хуыздæр æмæ курдиатджындæр ахуыргæнинæгтыл нымад сты Джергаты Альбинæ, Хуыбиаты Аннæ, Тараты Иренæ, Хуыбиаты Альбинæ æмæ æндæртæ, уыдонæн сæ фæнд у сомбоны ацы дæсныйадыл уæлдæр ахуырад райсын.

Скъола-студийы ахуыргæнджытæ æмæ сæ ахуыргæнинæгтæ тырнынц ноджы хъæппæрисондæр куыст кæнынмæ, равдисой хуыздæр фæстиуджытæ æмæ сын æнтысгæ дæр бакæнæд.

                                                              Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.